5 февралӕй 12 февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыд иу фыдракæнд ӕмӕ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы. Авариты фӕстиуӕгӕн рынчындонмӕ алыгъуызон цӕфтимӕ бахаудтой ӕртӕ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци дыууæ къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 245 фæткхалæн цауы.

5 февралы Цхинвалы Мӕскуыйаг микрорайоны зынг сирвӕзт хӕдзарыл, кӕцыйы хицау разынд 48-аздзыд бынӕттон цӕрӕг. Зынгхуыссынгӕнӕн службӕйы кусджытӕ ӕвӕстиатӕй бацыдысты  ӕмӕ ахуыссын кодтой арт. Зынгсирвӕзты рӕстӕджы фатеры уыд 78-аздзыд сылгоймаг, фӕулӕфыд фӕздӕг ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн бахаудта рынчындонмӕ.

7 февралы фӕндагон инспектортӕ рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы баурӕдтой автомашинӕ, кӕцыйы шофыр разынд Дзауы районы Хуымысӕрты хъӕуы 34-аздзыд цӕрӕг. Басгӕрсты рӕстӕджы автомашинӕ скъӕрыны бары гӕххӕттмӕ сӕ зӕрдӕ фехсайдта мӕнгарӕзтӕй ӕмӕ йын ӕй байстой. Шофырыл баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг дӕр.

8 февралы милицийы наркотикты æрзылды контроль кæныны управленийы кусджытӕ оперативон информацийы фӕдыл басгӕрстой горӕттаг 46-аздзыд цӕрӕджы хисӕрмагонд хӕдзар. Басгӕрсты рӕстӕджы мӕнгагъуысты, гаражы ӕмӕ автомашинӕйы ссардтой гӕны къутӕр ӕмӕ дыууӕ гӕххӕтты тыхтоны та цъӕхбын ссадӕгимӕ. Марихуанæйы уӕз рауад 216 граммы бӕрц. Уымӕй уӕлдай ма медицинон басгӕрсты рӕстӕджы рабӕрӕг, фӕткхалӕг кӕй спайда кодта марихуанæйӕ. Фӕткхалӕгыл баконд ӕрцыд ӕртӕ административон суагъӕйы ӕмӕ уал тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ ивар ӕрцыд 12 мин сомы. Фӕстӕдӕр ма йӕ ноджы бӕрндзинадмӕ ӕркӕндзысты, наркотикон буарад ӕнӕзаконӕй кӕй дардта йӕхимӕ, уый тыххӕй.

9 февралы Театралон фӕзуатмӕ æввахс автомашинӕйы бын бахаудта 61-аздзыд горӕттаг цӕрӕг, кӕцы фӕндаджы иннӕ фарсмӕ хызт, бар кӕм нӕ уыд, ахӕм бынаты æмæ алыгъуызон цӕфтимӕ бахаудта рынчындонмӕ.

Наркотикты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ оперативон информацийы фӕдыл баурӕдтой горӕттаг 44-аздзыд бынӕттон цӕрӕджы, кӕцы спайда кодта марихуанæйӕ, метадонӕй ӕмӕ метамфетаминӕй. Уымӕй уӕлдай ма Дзауы районы милицийы уголовон фӕдагуырды кусджытӕ дӕр баурӕдтой Гуфтайы хъӕуы 28-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы спайда кодта марихуанæйӕ. Фӕткхалджыты тӕрхондон фӕивар кодта.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.