24-ӕм июнӕй 1-æм июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис цыппар фыдракæнды, кæцытæ иууылдæр   раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Планон-рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 160 фӕткхалӕн цауы. Уыдо-нӕй 15 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 6 адӕймаджы.

Дзауы районы Бзиты хъæуы трактор «JCB-160»-æй адавтой дыууæ аккумуляторы æмæ 100 литры та – æртаг. Къуайсайы милицийы хайады кусджыты оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ райсыны фæстиуæгæн урæд æрцыдис Дзауы районы Къобеты хъæуы 20-аздзыд цæрæг, кæцы басаст йæ фыдракæндыл.

Милицийы экономикон фыдракæндты ныхмæ тох кæныны управленийы кусджытæ Ленингоры районы ауагътой рейдтæ æмæ басгæрсты рæстæджы дыууæ магазины ссардтой æнæакцизон карз нозтытæ, минералон дæттæ æмæ энергетикон нозтытæ 200 фылдæр банкæйы бæрц. Горæт Цхинвалы дæр ахæм рейдтæ ауадзыны фæстиуæгæн иу магазины ссардæуыд энергетикон нозтытæ 33 банкæйы. Бæрæг куыд у, афтæмæй энергетикон нозтытæн нæ республикæйы территорийыл уæй кæныны бар нæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.