6 февралæй 13 февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой дыууæ адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 250 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 6 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Горæт Цхинвалы милицийы управленийы кусджытæ баурæдтой 27-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Фæткхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.