23 январæй 30 январмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

28 январы Цхинвалы районы Хелчуайы хъæуы зынг сирвæзт мæнгагъуыстыл æмæ йæ æмбæлон службæтæ æвæстиатæй ахуыссын кодтой. Мæнгагъуысты хицау уыд 46-аздзыд бынæттон цæрæг.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой 37-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцы спайда кодта марихуанайæ. Уымæй уæлдай ма баурæдтой 35 æмæ 42-аздзыд горæттаг цæрджыты, кæцытæ спайда кодтой медицинон препарат «Лирика»-йæ æмæ сæ фæивар кодтой фæйнæ 40 мин сомы. 35-аздзыд æмбæс-тагæн ма рабæрæг ис марихуанайæ спайда кæныны факт дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.