Хуссарирыстойнаг спортсментæ æртæ майданы рамбылдтой армспортæй РЦИ-Аланийы чемпионаты. Уый тыххæй хъусын кæны тренер Джиоты Валери. 85 кг уæзы категорийы ерысты уæлахиздзау ссис Хæбæлаты Арсен. Ацы уæзы ма дыккаг бынат та бацахста Кокойты Давид. Хуссар Ирыстонмæ майданимæ æрæздæхт Дыгъуызты Миленæ. Уый та 70 кг уæзы бацахста æртыккаг бынат. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ Хæбæлаты Арсен æмæ Кокойты Давид апрелы мæйы хайад райсдзысты Уæрæсейы чемпионаты.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Красноярскы кæронмæ бахæццæ уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир Гран-при «Иван Ярыгин». Ерысты хуссарирыстойнаг богал Джиоты Арсени бацахста æртыккаг бынат. Уый бронзæ майдан рамбулыны сæраппонд тохы æмгъуыдæй раздæр рамбылдта Монголийы минæвар Наадамбаты. Æдæппæтæй Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы минæвæрттæ рамбылдтой 13 майданы – æртæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ аст бронзæ майданы. Турниры уæлахиздзаутæ систы Сидахъты Зауырбег (74 кг), Багаты Арслан (86 кг) æмæ Багаты Алан (92 кг). Æвзист майдантæ рамбылдтой Чертхъоты Руслан (86 кг) æмæ Уалыты Владислав (92 кг).

Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Тусхъаты Азæмæт (57 кг), Тауитты Чермен (61 кг), Уалыты Чермен (74 кг), Байты Давид (74 кг), Уалыты Радик (79 кг), Джиоты Арсений (86 кг), Джиоты Георги (97 кг) æмæ Джиоты Эрик (125 кг).

 

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани»-мæ фæстæмæ æрбаздæхт æрдæгхъахъхъæнæг Гуырцъыты Батраз. Уый рахызт арендæйы дарддæр йæ балхæныны баримæ. Раздæр Батраз дзæуджыхъæуккæгты сконды ахъазыд дыууæ азы æмæ æрдæг, бакъуырдта 36 пуртийы æмæ радта 15 ассисты.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.