12-æм сентябрæй 19-æм сентябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæд не ʻрцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Аварийы фæстиуæгæн алыгъуызон цæфтимæ рынчындонмæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 344 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 4 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

12-æм сентябры Цхинвалы районы Ходы хъæумæ ‘ввахс фæндаггæрон ссардтой дыууæ гранатæхсæны «РПГ-26» æмæ нæмгуытæ. Громы хъæуы та иу æдзæрæг хæдзары ссардтой гранатæхсæн «РПГ-18» æмæ 440 хæдæхсты нæмыджы. Уымæй уæлдай ма 17-æм сентябры Хеиты хъæуы иу æдзæрæг хæдзары ссардтой: дыууæ гранаты «РГД-5», иу гранат «Ф-1», гранатæхсæн нæмыг æмæ 200 фылдæр та хæдæхсты нæмгуытæ. Ӕппæт ссаргæ тæссаг предметтæ ‘ввахс рæстæджы куынæг æрцæудзысты.

Горæт Цхинвалы фæдагуырды кусджытæ баурæдтой 35-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцы спайда кодта марихуанайæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.