Сербийы уагъд æрцыд дунейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæм кæд Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы нæ бауагътой, уæддæр, уымæ æнæкæсгæйæ, уым хайад райстой Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæй æндæр бæстæты спортивон кад чи хъахъхъæны, уыдон. Бантыст сын дыууæ æзвист æмæ иу бронзæ майданы рамбулын.

74 кг уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Салхъазанты Таймураз, кæцы архайы Словакийы æмбырдгонды сконды. Финалмæ цæугæйæ, уый рамбылдта Бразили, Япон, Турк æмæ Италийы минæвæртты. Финалы 3:1 хыгъдæй фæхæрд америкæйаг Кайл Дейкæн.

Словакийæн дыккаг æвзист майдан та рамбылдта иннæ ирон богал Цæкуылты Таймураз. Финалмæ цæугæйæ, уый фæуæлахиз æртæ тохы. Нырма уал 10:6 хыгъдæй рамбылдта турчы минæвары, дарддæр 4:2 хыгъдæй тыхджындæр разынд Венгрийы спортивон кад хъахъхъæнæг Байцаты Владиславæй. Æрдæгфиналы, æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз гуырдзиаг хъæбысæйхæцæгыл – 10:0. Финалы йæ ныхмæлæууæг уыд дунейы зындгонддæр богалтæй сæ иу – америкæйаг Кайл Снайдер. Ацы тохы фæуæлахиз америкæйаг спортсмен.

Ирыстоны минæвæрттæй ма бронзæйон призер та ссис Макъоты Барис. Уый дæр хæцы Словакийы æмбырдгонды сконды. Барисæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 86 кг уæзы категорийы. Уый æртыккаг бынат бацахсыны сæраппонд тохы фæуæлахиз польшæйаг Себастьян Езиржанскийыл.

***

Белоруссийы столицæ Минскы уагъд æрцыд дунеон турнир Гран-при Александр Медведь. 86 кг уæзы категорийы ерысты уæлахиздзау ссис Уалыты Радик. Уый финалы фæуæлахиз иннæ уæрæсейаг спортсмен Адам Багомедовыл. Бронзæйон призертæ та систы Уалыты Эльбрус (65 кг) æмæ Цæрæхаты Сæрмæт (97 кг). Ерысты ма сæ тыхтæ фæлвæрдтой чызджытæ дæр. Уым та 62 кг уæзы категорийы æртыккаг бынат бацахста Кæсæбиты Алинæ.

ФУТБОЛ

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.