22 августæй  29 августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 325 фæткхалæн цауы. Уыдонæй дыууæ уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

28 августы сихорыл Знауыры районы Бадаты хъæуы ссыгъд хъæууонхæдзарадон арæзтад æмæ арт ахызт йæ фарсмæ лæууæг хисæрмагонд æдзæрæг хæдзармæ. Бынатмæ æвæстиатæй ссыдысты зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ. Хæдзар аирвæзын кодтой артæй, фæлæ мæнгагъуыст басыгъд. Куыд рабæрæг, афтæмæй зынгсирвæзты аххосаг уыд, электроны рухсы тел кæй æрхаудта агъуыстыл, уый.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой нæ горæты 37 æмæ 39-аздзыд цæрджыты, кæцытæ спайда кодтой наркотикон буарад марихуанайæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.