13 июнæй 20 июнмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис фондз фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты дыууæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 333 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 8 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой Цхинвалы районы Къостайыхъæуы 28-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Фæткхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.