Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты 2019 азы конд æрцыд хæрзаудæн магазин «Рухсы тын»  раздæры Президент Бибылты Анатолийы хъæппæрисæй. Йæ нысан – æххуысхъуаг адæмæн æххуыс кæнын. Уым дзаумæттæй дарддæр вæййы сывæллæттæн хъазæнтæ, чингуытæ, къахыдарæс, гигиенæйы æрмæджытæ, суанг коляскæтæ æмæ сынтæджыты онг. Магазинмæ уыдон хæссынц не ‘мбæстæгтæ сæхæдæг, цæмæй сæ уырдыгæй ахæссой æххуысхъуаг, тыхст адæм. Йæ сæргълæууæг Хъуылымбегты Еленæ куыд зæгъы, афтæмæй уырдæм дзæвгар адæм цæуы, йæ лæггæдтæй йын арæх спайда кæнынц Ленингоры сывæл-лæтты хæдзар, Дзау æмæ Цхинвалы интернаты сывæллæттæ дæр. Ца-дæр хатты гуманитарон æххуыс бакодтой нæ горæты зæрæдты пансионат «Аудындзинад»-ы цæрджы-тæн. Æрæджы та «Рухсы тын» гуманитарон æххуыс арвыста Донецкы адæмон республикæмæ. «Сæдæ фæлыст сæрдыгон уæлæдарæсæй фылдæр, сывæллæтты хъазæнтæ æмæ гигиенæйы фæрæзтæ арвыстам Донецкы цæрджытæн æххуысы хуызы. Мах æрæмбырд кодтам уыцы дзаумæттæ, нывæрдтам сæ асыччыты æмæ сæ радтам, нæ горæты цы иумæйаг центр ис, уырдæм. Ахæм æххуыс мах бакодтам дыккаг хатт. Сæ рис æмæ сын сæ тыхстдзинад мах хорз æмбарæм. Нæ республикæйы ис ахæм хæларзæрдæ адæм, кæцытæ нæ зивæг кæнынц нæ магазинмæ, нырма иттæг хорз уавæры чи вæййы, ахæм дзаумæттæ æмæ къахыдарæс, æрбахæссынмæ. Æххуыс цæуы нæ горæты цыбыркъух адæмæн дæр. Зæгъæм, ныртæккæ та архайæм рауагъдонтæн балæггад кæныныл. Цалдæр рауагъдон нæм æрбацыд æмæ иттæг райгондæй аздæхтысты. Ноджыдæр нæм баззад балмæ бæзгæ дарæс æмæ ма кæд исчи æрбацæуа, уæд уыдон дæр сфæлындздзыстæм», – зæгъы Хъуылымбегты Еленæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг рæстæджы магазин йæ куысты график фæивта. Ныр уый байгом вæййы райсом 9:00 сахатыл æмæ кусы 11:00 сахатмæ. Ардæм æрбацæуыны бар ис алкæмæн дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.