Адæймаг кæм райгуырд æмæ йæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акодта, царды ад кæм базыдта, уый йын кæддæриддæр адджын вæййы, цыфæнды дард бынаты уа, уæддæр æй йæ фынты дæр фæуыны. Уыцы æгæрон уарзт нал фæцæуы риуы æмæ йын йæ иузæрдион хъæбул йæ чысыл лæггады хай куы бакæны, уæд ын цыма фенцондæр вæййы, афтæ фæхаты йæхи. Йæхирдыгонау райгуырæн къуымæн йæ лæггады хай чи бакодта, уыдоны нымæцмæ хауы Къусраты Чермен дæр. Ацы намысджын фæллойгæнæг райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы районы Громы хъæуы æмæ кæд йæ фæллойадон архайд Ирыстонæй дæрддзæф уыд, уæддæр ирон æвзаг æмæ периодикон мыхуырыл уæлæхох никуы сси. Ахæм уагыл схъомыл кодта йæ зæнæджы дæр. Къусрайы-фырт рæстæгæй-рæстæгмæ фыста æмæ мыхуыр кодта уацтæ йæ райгуырæн хъæу æмæ уымæ æввахс бынæттыл, стæй Цæгат Ирыстоны Змейкæйы хъæуы намысджын æмбæстæгты тыххæй. Фæстæдæр уыцы уацтæ æрбамбырд кодта æмæ ацы аз Цæгат Ирыстоны мыхуыры рацыд йæ чиныг «Медзыдагом», зæгъгæ.

Чиныг райдайы æмдзæвгæ «Æз дæн ирон»-æй. Уый фæстæ цæуы «Разныхас», кæцы ныффыста РЦИ-Аланийы культурæ-йы сгуыхт кусæг, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Бызыккаты Земфирæ. Чиныгкæсæг ма дзы базонгæ уыдзæн авторы цардвæндагимæ дæр. Чиныджы бакæсæн ис ахæм уацтæ, куыд «Хорзы ном нæ сæфы», «Ахуыргæнæг, куыд кадджын у дæ ном!», «Æхсæрджыны хъæуы…», «Мыггаджы фидауц», «Громы хъæуы хæстонтæ», «Медзыдагом»-йæ цæрджыты сæрыстырдзинад», «Фæскомцæдисонты æнтыст», «Æдзард æфсымæртæ». Ацы уацты автор фыссы æмæ сæ кой кæны ахуырад æмæ фæллойы раззагонтæ Къусраты Нинæ, Хуыбылты Шуши, Хацырты Аграфин, Чихашвили Нинæ, Гояты Дауыт, Табуты Сарди, Хуыбиаты Илуш æмæ æндæрты тыххæй. Автор æрымысыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Громы хъæуæй знаджы ныхмæ удуæлдай тох чи кодта, фæлæ йæ фыдыуæзæ-гыл сæрæгасæй чи нал сæмбæлд, уыцы æдзард хæстонтæ-æфсымæртæ Быценты Аресо æмæ Алыксандр, Быценты Владимир, Абдул. Автор ма фыссы, Уæлахизы боныл сæрæгасæй чи сæмбæлд, бинонтæ кæуыл бацин кодтой, уыцы тохвæллад хæстонтæй Багулты Шакро, Уазно, Адиоз, Гуыззыдтаты Гаврил, Къусраты Гигуца, Леуан, Туаты Артем æмæ æндæрты тыххæй.

Автор зæгъы, зæгъгæ, ивгъуыд æнусы 30-æм азты Цæгат Ирыстоны Змейкæйы хъæумæ сæ тыхст уавæры тыххæй лидзын райдыдтой Дзимыргомæй, Медзыдагомæй, Карелæй, Къа-хетæй æмæ Гуырдзыстоны æндæр бынæттæй. Ацы хъæуы тыххæй чиныджы сты йæ уацтæ: «Сæрыстыр дæн Змейкæйæ» æмæ «Сæ фарн уæлæуыл ныууагътой». Чиныг «Медзыда-гом»-ы ма бакæсæн ис æндæр æрмæджытæ дæр.

                                                                                                           ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.