21 мартæй 28 мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд  -раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис иу фæндагон-транспортон цау. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис иу æмбæстаг.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 326 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 6 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Информацион-координацион центрмæ Мæскуыйы Мидхъуыддæгты министрады Сæйраг управленийæ радæдтой, зæгъгæ уголовон хъуыддаджы фæлгæтты агурæм горæт Цхинвалы 62-аздзыд цæрæджы. Æвæстиатæй ист æрцыдысты агурæн мадзæлттæ, æмæ цыбыр æмгъуыдмæ фыдгæнæг бæлвырд æрцыд – ныридæгæн цæры горæт Дзæуджыхъæуы æндæр ном æмæ мыггагимæ æмæ кусы сæйраг базары. Ацы информаци æрвыст æрцыд Дзæуджыхъæуы полицимæ æмæ фыдгæнæг ахст æрцыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг 16 азы дæргъы æмбæхст барадхъахъхъæнæг органтæй наркотикон буарадтæ парахат кæныны тыххæй.

23 марты рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта горæттаг 67-аздзыд цæрæг, кæцыйæн йæ сæр уыд æхсæнгарзæй æхст. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг йæ хæдзары уæвгæйæ йæхи фехста лыстæгкалиброн винтовкæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.