Адæймаг хатт хъуыды дæр нæ акæны, сомбон цы дæсныйадыл æрлæудзæн, йæхицæн æмæ йæ алфæмбылай адæмæн дæр æхцондзинад кæмæй хæсдзæн, ууыл. Афтæ рауад, кæй кой ракæнынмæ хъавын, уыцы æвзонг лæппуйы хъысмæт дæр. Уарзта æмæ абоны бон дæр йæ зæрдæ нæ ивы дзабырхуыйæджы дæсныйадыл, цалдæр азы бакуыста, Дзæуджыхъæуы горæты ног къахыдарæс кæм хуыдтой, уым. Йæ къухты фæд бæрæгæй зынд, цы ног дзабыртæ хуыдта, уыдоныл æмæ дзы фæлхасгæнджытæ кæддæриддæр уыдысты райгонд.

Сомихаг лæппу Кирмизов Заза у Цхуырбаты хæрæфырт, йæ дада та уыд Плитæй æмæ кæд Тбилисы райгуырд, уæддæр йæ рæстæг фылдæр æрвыста Хуссар Ирыстон æмæ Къахеты, ирон зæхх æмæ йын нæ адæм сты адджын æмæ сæ уарзы ныййарæг мадау. Иурæстæджы Заза æрцыд йæ уарзон горæтмæ, йæ хæдзары къуымтæм куы æркаст, уæд йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, цы рагон фынг сæм уыд, уый æмæ йæхинымæр ахъуыды кодта, куы йæ фæхуыздæр кæнин, зæгъгæ. Æрæвнæлдта йæ сног кæнынмæ, цæмæй йын раздæхтаид йæ раздæры фидауц. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæ уыд уыцы хæс æххæст кæнын æвæлтæрд лæппуйæн, уымæн æмæ ахæм куыст никуы бакодта. Фæлæ куыстуарзаг лæппу æрæвнæлдта йæ хæс æххæст кæнынмæ, кæд ын амонæг нæ уыд, уæддæр сындæггай-сындæггай кæронбæттæны йæ къухты бафтыд æнтыст. Йæ зæрдæмæдзæугæ куыст ын федта йæ сыхаг æмæ йын чъызгæйæ загъта, цæмæй уымæн дæр йæ зæронд бандæттæ цалцæг кæнынмæ æркæса. Æмæ та ногæй ног æнтыст, ног уæлахиздзинадæй барухс куыд йæхи, афтæ бандæтты хицауы зæрдæ дæр. Зазайæн уыцы дыууæ фыдæбоны фесты ныфсы хос, баууæндыд йæ тыхтыл æмæ æрлæууыд хъæдæрмæджы куыст æххæст кæнынмæ.

Æрбынат кодта  Цхинвалы раздæры хъæдкуысты комбинаты иу хатæны, балхæдта, кусынæн æй фыццаграды цы кусæнгæрзтæ хъæуы, уыдон, уыцы нымæцы хъæдфадæн тæрх дæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ нырма бирæ цыдæртæ хъæуы самал кæнын æмæ уыдон дæр уыдзысты, йæ къух æй куыд амона, афтæ. Заза, сæйраджыдæр, реставраци кæны, фæл-хасгæнджытæ йæм цы дуæрттæ, стъолтæ, скъаптæ, бандæттæ æмæ æндæр ахæмтæ æрбахæссынц, уыдон. Зæгъы, зæгъгæ, афтæ мачи банхъæлæд æмæ æнцон куыст у, бирæ фыдæбон дзы фæхъæуы. Йæ кæройнаг хæс вæййы, цæмæй дзы хъæстагæй мачи баззайа, алчи дæр дзы уа райгонд. Цыфæнды фæлтæрд къухтæй рацæуа куыст, уæддæр ыл дæргъвæтин азтæ сæ дæрзæг фæд ныууадзынц æмæ йæ фæхъæуы ногæй реставраци кæнын. Реставраци кæнынæй дарддæр ма Зазайы зæрды ис ног хъæдын дзаумæттæ  аразын дæр Уыцы хæс сæххæст кæнын дæр йæ къухты бафтдзæн куыстуарзаг æмæ йæ хъуыддаджы дæсны адæймагæн.

                                               ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.