Хуыцаумæ дæр ма цæмæн кувæм æмæ йе скæнгæ зæдтæм дæр, кæд нын бынтондæр ницыуал æххуыс кæнынц, уæд!..

Фæлæ сæм куыднæ хъуамæ кувæм – кæд ирон адæм стæм, нæхи ирæттыл нымайæм, уæд мах дæр хъуамæ кувæм, нæ фыдæлтæ цы зæдтæ æмæ дауджытæм куывтой, уыдонмæ… Кæд нын æцæг ницыуал æххуыс кæнынц, уæд уый та уыдоны аххос нæу, нæхи аххос у…

… Дысон дæр та «абон Хетæджы дзуарыбон у æмæ йын акувæм», зæгъгæ, нæ горæты кæмдæрты тротуартыл, гаражтæм бахизæнты æмæ æндæр ахæм «табуйаг» бынæтты фæзынд дæлгоммæ фæлдæхт асыччытыл «фынгтæ», кæм иу джитри æмæ дыууæ пъамидоры, кæм – цъус дзадджындæр… Æмæ та боныцъæхтæм хъæр-хъыллист, уырыссаг абеты цы мæгуыр «х» дамгъæ ис, ууыл та мæгуыры бон ныккодта, баихсыди та…

Æмæ, дам, нын нал æххуыс кæнынц… Афтæмæй нын куыд хъуамæ баххуыс кæной…

Стæй нын кæй нал æххуыс кæнынц, уый та ныл бирæ цæмæйдæрты разыны, фæлæ уал дзы абон скæнæм иу хабары кой: лæгдзинад æмæ адæймагдзинадæй нæ къæхты сæрфын райдыдтам, æфсарм æмæ нæм æгъдау нал ис… Цыфæнды вирус дæр афтæ нæ хæцы, афтæ нæ парахат кæны, махмæ дам-думтæ æмæ мæнг ныхæстæ куыд хæцынц æмæ апарахат вæййынц…

Хатыр бакæн, газеткæсæг, ам дзырд искæй сæрыл рахæцыныл нæ цæудзæн, дзырд лæгдзинадыл цæуы хуымæтæджы адæймагдзинадыл: чидæр интернеты сæвæрдта, нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли Хетæджы къохы куывддзау адæмæн кæм арфæ кæны, цалдæр ахæм къамы… Нырма уал авторы хъæуы бафæрсын, Хетæджы Уастырджимæ кувæн бон æмæ Хетæджы бон кæрæдзийæ куы нæ хицæн кæнай, уæд дыл цы мæгуыры бон ныккодта, чи дæ фыссæг кæны?.. Фæлæ сдзырд дæр никæмæуал ис! Æз, дам, журналистикæ фæдæн, æз, дам, сгуыхт журналист дæн æмæ, дам, мын фыссын амонут!.. Йæ бæллæх дæр уый мидæг ис, гъе, бæстæ тут дипломтæ æмæ тыхдымст титултæй кæй байдзаг! Дыууæ дзырды кæрæдзийыл бабæттынмæ куынæ рæхсай, цæуыл фыссыс, уый цæимæ хæргæ æмæ нуазгæ у, уымæн куы ницы æмбарай, уæд фæнды академи фæу, кæнæ Нобелы премийы лауреат у!..

Чи, дам, цахæм дзуар у, ахæм чъиритæй, дам, ын скуывдæуы… Ам дæр та афтæ рауад, бæлвырддæр зæгъгæйæ, автор йæ «профессионализм» цы æмвæзадыл равдыста, уыцы æмвæзад та равдыстой, йæ комментаригæнджытæ дæр æмæ уынгты дæлгоммæфæлдæхт асыччыты алыварс бадæг кувджытæ дæр… Кæсут, дам, Бибылы фыртмæ, адæмæн, дам, сæ фæндаг сæхгæдта, адæмæн нæ радта «Хетæджы бонмæ» ацæуыны бар, йæхæдæг та, дам, дзы  смидæг…

Афтæ уыд, дыууæ къуыри Дзауы карантины куы уыд, уæд дæр. Æниу куы нæ уыдаид, уæд та дзырдтаиккой иннæрдæм, адæмæй цы домы, уый йæхæдæг не ххæст кæны, зæгъгæ. Фæлæ ссардтой æндæр къухбакæнæн: йæхæдæг, дам, йæ резиденцийы цæмæн ис, иннæ адæмау, дам, Дзауы райрынчындоны цæмæннæ ис?..

Уымæн æмæ уый Президент у! Исты фарстатæ ма уæм ис?..

Æви та хъæуы уæлдай хатт Владислав Ардзинбайы дзуапп зæрдыл æрлæууын кæнын?.. Табуафси. Иу заманы Мæскуыйы Владислав Ардзинабамæ пресс-конференцийы рæстæджы иу гуырдзиаг журналист ахæм провокацион фарст радта, зæгъгæ, Абхаз мæгуыры бонтæ куы æрвиты, уæд йæ Президент дысон зынаргъ уазæгдоны цæмæн бахсæвиуат кодта?.. Ардзинба йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, афтæмæй йын радта цæхгæр дзуапп:

– Æз зынаргъ уазæгдоны бахсæвиуат кодтон куыд Владислав Ардзинба нæ, фæлæ куыд Абхазы Президент, афтæ…

…Уæ хæдзармæ уæ фæтардæуа, уæд та йæм æнæнхъæлæджы Уæрæсейы Президент фæуазæг, уæд йемæ районы рынчындоны палатæйы ныхас кодтаид?..

Хорз, уый ныууадзæм, сымах уæддæр ничи басæтдзæн, фæлæ Хетæджы Уастырджийæ та куыднæ аргъуц кæнут, дыууæ боны дæргъы фæйнæрдыгæй уый бæрц цъыф кæй калут, уый тыххæй? Афтæ зын раиртасæн кæнæ сбæлвырд кæнæн у, Бибылты Анатоли Хетæджы Уастырджийы кувæндоны кæм лæууы, уыдон æндæр æмæ æндæр азты ист къамтæ кæй сты?..

Æви йæ иртасут, сбæрæг æй кодтат, фæлæ уын иугæр æфсон фæцис, уæд дзы пайда кæнут æмæ нал лæуут уæ цъыфкалынæй?..

Æмæ уымæй кæмæн фыдаудæн кæнут? Президентæн? Нæ, ахæм цæйдæрты аххосæй нæ къæхты бын кæй зæхх лæбыры, уыцы Ирыстонæн!..

Æмæ ма иу, хæрзхуымæтæджы фарст:

– Æппын уын уæ хæдзæртты дæр ницы куыст ис?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.