Газеты «Хурзæрин»-ы истори æнусы дæргъы æнгом баст у нæ адæмы историимæ. Уый райгуырд 1924 азы 1 январы æмæ уæдæй абоны онг æнувыдæй лæггад кæны йæ адæмæн, йæ иузæрдион кæсджытæн,æвдисы сын сæ цинтæ æмæ хъыгтæ дæр. Нæ газеты сæ хъуыдытæ дзурынц йæ кусджытæ:

Цхуырбаты Ларисæ:

– 5-æм курсы студенткæ куы уыдтæн, уæд мæ мæ дипломон куысты тыххæй бахъуыд газеты редакцимæ бацæуын. «Хурзæрин» рагон газет кæй у, уымæ гæсгæ мæ ныфс уыд, фаг æрмæг кæй æрæмбырд кæндзæн мæ дипломон куыстæн. Амбæлдтæн дзы мæ районаг Гасситы Моисейыл. Ныхасы рæстæджы мæ афарста, зæгъгæ, дæ нæ фæнды кусын газеты уацхæссæгæй. Æз куыддæр мæ ныфс нæ бахастон, фæлæ мæ уæддæр уый баразæнгард кодта.

Мæ фыццаг бонæй æз базонгæ дæн газеты уæздан æмæ профессионалон æгъдауæй цæттæ коллективимæ. Газеты уæды сæйраг редактор Гæбæраты Юри мæ лæмбынæг базонгæ кодта газеты куыстимæ, рæстæгмæ уал куыстон æхсæнадон-политикон хайады. Уый фæстæ æрæвнæлдтон мæ тыхтæ æмæ хъарутæ фæлварын культурæйы хайады. Афтæ æмæ ныр дыууын азæй фылдæр кусын ацы газеты.

Къаннæг чызг ма куы уыдтæн, уæд фæцайдагъ дæн газеттæ кæсыныл. Мæ фыды мад уырыссаг уыд, æмæ тынг     уарзта газеттæ æмæ журналтæ кæсын, уæлдайдæр бынæттон газеттæ. Уыцы хъуыддагыл цалх кодта мах дæр. Уырыссаг уæвгæйæ, иттæг хорз зыдта ирон æвзаг. Постхæссæг нæм-иу газеттæ куы ‘рбахаста, уæд-иу алыхатт дæр фыццаг ирон газеттæ райстам нæ къухмæ.   Уыдон нын кæддæриддæр зæрдæмæ æввахс уыдысты. Уæдæ афтæ зæгъæн ис, æмæ раджы дæр æмæ æрæджы дæр ирон газет «Хурзæрин» нæ фæрныг хæдзæрттæм   хæссы ног  хабæрттæ.

Банысан кæнын ма мæ фæнды иу ахсджиаг хъуыддаг – ныртæккæ нæ фæсивæды минæвæрттæ къаддæр цымыдис кæнынц информацийы ирон   фæрæзтæм. Уый баст у, ирон æвзагмæ къаддæр хъусдард здæхт кæй ис, уыимæ. Сомбон кадрты хъуагдзинад нæ газет кæй æййафдзæн, уый ныридæгæн бæрæг у. Уымæ гæсгæ фылдæр хъусдард хъæуы аздахын мадæлон æвзаджы рæзтмæ.

Мах нысан кæнæм нæ газеты сæдæазон юбилей. Уый цытæн мæ раарфæ кæнын фæнды, фыццаджыдæр, газеты бирæ азты дæргъы сфæлдыстадон куыст чи фæкодта, æмæ абон чи фæллой кæны, æппæт уыдонæн. Нæ газеткæсджытæн та мæ зæрдæ зæгъы – фарны хабæрттæ цы кæсой нæ газеты фæрстыл, æхцондзинад хæссæг сын цы уа æмæ йæ бирæ азты æнæниз æмæ æнæмастæй цы кæсой.

Техты Аллæ:

– Газет «Хурзæрин»-мæ уарзондзинад мæм сæвзæрд мæ фыды хо Тъехты Таняйы ныхæстæм гæсгæ. Уый йæ рæстæджы куыста типографы – газеты æрмæджытæ линотиптыл æвзæрста. Æппынæдзух йæ ныхасы сæр уыд газеты куыстыл æмæ мæм æвзæрын кодта стыр цымыдисдзинад. Линотипты нырыккон компьютертæй куы раивтой, уæд газеты редакци тыхст кусæгыл. Æмæ мæ Таня баразæнгард кодта. Амондджын разынд мæ балц «Хурзæрин»-ы редакцимæ, загътой мын зæгъгæ, адарддæр кæн дæ фыдыхойы хъуыддаг æмæ бафæлвæрдтон мæ хъарутæ. Æппæлынæн æй нæ дзурын, фæлæ, æвæццæгæн, бирæ баст у коллективыл – фыццаг бонæй банкъардтон сæ хъарм  ахаст æмæ уæд кусын дæр æнцон вæййы.

Афтæ абоны онг дæр æз дæн ацы коллективы уæнг. Дуг æмæ рæстæг куыд размæ цæуы, афтæ ивы куыст дæр. Газеты мыхуыр цы информацитæ æрцæуы, уыдон парахат хъæуы алыхуызон интернет ресурсты æмæ ууыл архайын æз ныртæккæ, цæмæй дунейы алы къуымтæм хæццæ кæной нæ бæстæйы   хабæрттæ.

Мæ фыццаг дæсныйад дæр тынг цымыдисон у – медицинон хойы дæсныйад – уым дæр бафæлвæрдтон мæ хъарутæ, фæлæ уæлдай цымыдисон у газеты куыст.

Газет йæ иувæрсты ныцы уадзы, ницы ирвæзы йæ уацхæсджыты фыссæн сисы бынæй дæр. Ныр æнусæй фылдæр Ирыстоны алы къуымтæм хæссы йæ рæдау базыртыл нæ адæм æмæ бæстæйы цинтæ æмæ хъыгтæ. Уымæ гæсгæ газет уыд æмæ у нæ бæстæйы цауты азфыссæг, бæстонæй æвдыста æмæ æвдисый йæ фæрстыл политикæйы, хъæууон хæдзарады, культурæйы, аивады æмæ æндæр фадгуыты фарстатæ.

Сæдæ азы сæдæ боны не сты – газетмæ фæлтæрддзинад ис алы фадыджы дæр – æнусы дæргъы сфидар, сæрыд æмæ арф уидæгтæ ауагъта нæ царды. Фæнды мæ цæмæй бирæ æнусты сæрты акæса сæрыстырæй, хæсса цины хабæрттæ алы хæдзармæ дæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.