Мæскуыйы, Хуссар Ирыстоны минæварады территорийыл байгом æвзарæн фадыг республикæйы Парламентмæ æвзæрстыты фæдыл, – хъусын кæны дипломатон минæварады пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны 9-æм июны уагъд æрцæудзысты æвзæрстытæ республикæйы 8-æм æрсидты Парламентмæ.
«Æвзæрстыты Мæскуыйы æвзарæн фадыджы хайад райсын сæ бон у Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, кæцытыл хъæлæс кæныны бонмæ сæххæст 18 азы, æмæ сæм ис РХИ-йы æмбæстаджы паспорт», – загътой минæварады.
Хъæлæсæппæрсты боны æвзарæн фадыджы куысты рæстæг – 8.00 сахатæй 20.00 сахатмæ.
72-æм æвзарæн фадыджы адрес: горæт Мæскуы, Курсовойы фæзилæн, 9-æм хæдзар, 4-æм уæладзыг (метро Кропоткинская).
2024 азы 9-æм июны парламентон æвзæрстыты хайад исынц политикон партитæ «Иугонд Ирыстон», «Дзыллæйы иудзинад», «Ныхас», «Иудзинад», «Адæмон парти», «Иры фарн», «Коммунистон парти».