Нæ горæты цæрæг сылгоймаг Дзæгъиаты Зæлинæ дыууæ азы размæ сфæнд кодта национ ирон æрмдæсныйæдтæм хъус аздахын æмæ къуымбилы куыст райдайын. Гыццылæй йæ нанайы æрвылæхсæв уыдта сыхаг устытимæ пиргæ æмæ æлвисгæ. Уый фæстæ та йæ мад кодта ацы куыст. Йæ фондз  хъæбулы иууылдæр схъомыл кодта бийгæ дарæсы. «Нымæт цæгъдын æмæ уымæй къахыдарæс кæнæ нæлгоймаджы худ аразын абон ничиуал зоны. Къуымбилæй ис аразæн экологион æгъдауæй сыгъдæг, æнæниздзинадæн ахъазгæнæг уæлæдарæс æмæ æндæр дзаумæттæ. Æрмæст хъуамæ уой аив æмæ нырыккон модæмæ гæсгæ конд. Мæ хæстæг сылгоймаг мын радзырдта Цæгат Иры сылгоймæгты къорд цалдæр азы размæ кæй бахатыдыстæ хицауадмæ, цæмæй сын баххуыс кæной курсытæ бакæнын, цыран барвæндонæй сылгоймæгты цайдагъ кæндзысты национ æрмдæсныйæдтыл. Проекты руаджы бирæ сылгоймæгтæ сахуыр кодтой къуымбилы куыст æмæ нымæт цæгъдыны сусæг-дзинæдтæ. Æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ бирæ сылгой-мæгтæ хъуыддагмæ цымыдис кодтой æмæ ныр æнтыстджынæй архайынц уым», – радзырдта мын Зæлинæ.

Зæлинæ дæр ивгъуыд азы байхъуыста уыцы æртæмæйон курсытæм æмæ сфæнд кодта нæхимæ, Хуссар Ирыстоны дæр, ацы куыст срæвдз кæнын. Уый тыххæй 2022 азы Экономикон райрæзты министрадмæ Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгад райтынг кæныны фæлгæтты цы хайад ис, уырдæм бавдыста йæ бизнес-пълан, радтой йын хатырон кредит. Кусæн бынатæн та равзæрста йæ  хæдзары цур арæзт гараж.

Бизнес-пълан бацæттæ кæныны размæ Зæлинæ,  Цæгат Ирыстоны къуымбилы куыст кæм кæнынц, уыцы бынæттыл азылд. Йæхи цæстæй федта хуыссæнгæрзтæн къуымбил куыд цæгъдынц, нымæт аразгæйæ цы мадзæлттæй пайда кæнынц, къуымбилæй уæлæда-рæс æмæ къахы дзаума куыд аразынц, уыдæттæ.

Дзæгъиаты Зæлинæйы куы фарстам, зæгъгæ, къуымбил кæм амал кæныс, уæд загъта: «Нæ республикæйы иу цалдæр фермеры ис, фысдарды куыст чи кæны. Уыдонæй цалдæримæ бадзырдтон æмæ мын рауæй кæнынц къуымбил. Æцæг нырма чысыл масштабтæй кусын. Уымæн æмæ хицауадæй цы æхца райстон, уый мын фаг уыд æрмæстдæр къуымбилæхсæн, æмæ йæ уый фæстæ цæмæй сцæгъдон, ахæм аппараттæ балхæнынæн. Ис мын ахæм æмбæлттæ, кæцыты фæнды мемæ кусын. Æрмæг æмæ кусæнгæрзтæ куы уа, уæд ноджыдæр бирæ разындзæнис, кусын кæй фæнда ахæмтæ. Ивгъуыд азы уадиссаг ницы æфтиаг æрхаста мæ бизнес. Цы къуымбил балхæдтон, уымæн йæ фылдæр бахардз кодтон Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг лæппутыл. Ме ‘мбæлттæ Цхуырбаты Сафиат æмæ Уалыты Зинæимæ сын дыууæ хатты фæйнæ дыууын фæлысты сбыдтам цъындатæ. Ацы процесс афтæ æнцон къухгуыст, бирæ рæстæг домы. Æцæг, иуцалдæр фæлысты хуыссæнтæ саразын мын бантыст æмæ уыцы æфтиагæй мæ куысты бынат хъавын сцалцæг кæнын», – зæгъы Зæлинæ.

Мæ бæллиц – фыдæлты традицитæ раздахын, ферохгонд дæсныйæдтæ сног кæнын

Цæгаты цы æрмдæсныты курсытæ рацыд Дзæгъион, уым сын къуымбилимæ архайыны сусæгдзинæдтæ амыдта Санкт-Петербургæй æрхонгæ специалист – Хæбæлаты Иринæ. «Уый куыд хорз зоны къуымбилы куыст, ахæм дæснытæ бирæ нæй. Ирон адæм фыдæлтæй нырыонг пайда кæнынц æрмæст къуымбилæй хуыссæнтæй. Уый та хъармы тыххæй нæу, фæлæ æнæниздзинадæн дæр у ахъаз. Ацы бизнес мын кæд хорз ацæуа, уæд мæ куыстуат рауæрæх кæндзынæн æмæ дзы араздзыстæм экологон æгъдауæй сыгъдæг æрмæгæй конд рæсугъд нырыккон хуыссæнгæрзтæ  æмæ уæлæдарæс дæр. Мæ бæллиц у, цæмæй ирон адæймаг мауал æлхæна синтепонæй конд гæрзтæ», – зæгъы йæ фæндтæ Зæлинæ.

Кæронбæттæны нын Дзæгъион куыд загъта, афтæмæй йæ уырны йæ амалиуæгад ахъаз кæй уыдзæн фыдæлты традицитæ раздахынæн, ферохгонд дæсныйæдтæ сног кæнынæн.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.