Алы аз дæр 22 апрелы дунейы банысан кæнынц Мад-Зæххы бон.

Рæстæг куыд цæуы, афтæ зæххæн йæ проблемæтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Адæм æмбарынц, цы æрдзон æнамонддзинæдтæ сæм æнхъæлмæ кæсы, уый. Алы аз, 22 апрелы, алыгъуызон акциты хайад райсынц 174 бæстæйы 17 000 организаци æмæ милуангай бархионы, цæмæй куыд сæ бон уа, афтæ сæ алфæмблай бахъахъхъæной æрдзон æнамонддзинæдтæй.

Куыд зонæм, афтæмæй дуне лæууы экологон ка-тастрофæйы къæсæрыл. Зæххы бон махмæ сиды, цæмæй тох ма кæнæм ивгъуыды проблемæтимæ, фæлæ хъуыды кæнæм сомбоныл, цæмæй иумиаг тыхтæй тох кæнæм климаты глобалон ивындзинæдты ныхмæ.

1969 азы  Калифорнийы горæт Санта-Барбарамæ æввахс океанмæ аирвæзт цалдæр милуан тоннæй нефт. Уымæн йæ фæстиуæг уыд катастрофон: цагъды фесты мингай цъиутæ æмæ доны цæрæгойтæ. Экологон зианæн банымайæн дæр нæ уыд. Сæ фæд дæр нал фæзынд цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæн. Ацы авари стыр зиан ракодта Калифорнийы экономикæйæн. Иу азы фæстæ Сенаты уæнг Гейлорд Нельсон æрсидт америкæйæгтæм цæмæй хайад райстаиккой масштабон экологон акцийы. 1970 азы 22 апрелы уымæн дзуапп радта 20 милуанæй фылдæр адæймаджы. Ист æрцыд цалдæр ахсджиаг закъон æрдз бахъахъхъæныны фæдыл. Акцитæ арæзт цыд алы аз дæр. 1990 азы та расидтысты Зæххы дунеон бонæй.

Бирæ бæстæты бæрæг кодтой Зæххы бон æмæ ИНО-йы уынаффæмæ гæсгæ 2009 азы 22 апрель расидт æрцыд Мад-Зæххы дунеон бонæй.

Мад-Зæхх нæм сиды архайдмæ. Мад-Зæхх зындзинæдтæ æвзары, хъизæмар кæны. Пластикон брæтты чъизидзинадæй йедзаг кæнынц океантæ. Экстремалон æнтæфтæ, хъæдты зынгсирвæзтытæ æмæ донивылдтытæ, афтæ ма  Атлантикон океаны бахъыгдардтой милуангай адæймæгты. Абоны бон дæр ма архайæм, цæмæй аиуварс кæнæм, нæ экосистемæйы æнæниздзинадыл бандавæг, дунеон пандеми COVID-19 фæстиуджытæ.

Æрдзы климатон, антропогенон ивындзинæтæ, афтæ ма æнæраст архæйдтытæ – хъæдтæ цæгъдын, зæххытæй нæ пайда кæнын, хъæууон хæдзарады æмæ фосдарды интенсивон методтæй пайда кæнын, браконьерты архайд – æппæт адæттæ халынц планетæ.

Зæхх тынг стыр æмæ вазыгджын системæ у.  Дунейы хуыздæр климатологты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, зæххы климат, куыд æнхъæлмæ кастыстæм, уымæй тагъддæр райдыдта хъарм кæнын. Ахуыргæндты-специалистты хъуыдымæ гæсгæ, фæстаг фондзыссæдз азы Зæххы уæлцъары температурæ фæфылдæр уыдзæн 1,4 кæнæ 5,8 градусы онг. Уый та нысан кæны – цъититæ тайын райдайдзысты тагъддæр æмæ дунеон дæтты æмвæзад 88 сантиметры фæуæлдæр уыдзæн. Канд сакъадахтæ æмæ денджызтæм æввахс районтæ нæ фæдæлдон уыдзысты, фæлæ ма тæссаг у, æнæхъæн паддзахадтæ (зæгъæм, Голланди, йæ территорийы фылдæр хай денджызы æмвæзадæй дæлдæр кæй ис, уый тыххæй) дæр доны бынмæ куы аивгъуыйой, уымæй.

Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ зæххы арктикон «худы» ихын уæлцъары фæзуат ныридæгæн фæкъаддæр 15 проценты. Уый та ууыл дзурæг у æмæ климаты ивддзинæдтæ хæццæ кæнынц æппæт континенттæм дæр. Гæнæн ис, æмæ цалдæр дæс азы фæстæ нæ сомбоны фæлтæртæ дис нал кæной, абон урс пæлæхсар худтæй æхгæд чи у, уыцы хæхты цъуппытыл. Ихтæ уæлдай тагъддæр тайынц тропикон уæрхыты.

Климаты ивддзинæдтыл дзурæг у зайæгойты «миграци» дæр. Рæстæмбис температурæ иу градус кæй фæфылдæр, уый тыххæй Аляскæйы хъæдтæ 100 километры феввахсдæр сты Цæгатмæ. Уæлхох зайæгойтæ Альпты сæ ахуыр сатæг агурыны тыххæй хизынц уæлдæрæй-уæлдæр. Алы дæс азмæ дæр уыдон ацæуынц 1- 4 метры. Цæгаттаг уæрхыты та разыны, раздæр хуссармæ æввахс чи цард, ахæм уырынгонтæ. Ахъуыды  кæнын æмбæлы ууыл дæр æмæ Европæйы æмæ Цæгат Америкæйы хъæууонхæдзарадон аз 11 боны кæй фæфылдæр ис.

Зæххы атмосферæ тынгдæр æндавын кæй райдыдта, уый æнæзынгæ нæу хицæн регионты æрдзон фæзындтытыл дæр. Ныртæккæ хус рæстæгæй тых-сы планетæйы 2 проценты, иуæй-иу ахуыргæндты прогнозтæм гæсгæ 2050 азы хус рæстæгæй тыхсдзæн зæххы 10 процентæй фылдæр.

Ивгъуыд æнусы 50-æм азтæй фæстæмæ æвза-лытуаг газ æмæ йе ‘ндæвдад фылдæр кæнын райдыдтой зæххон атмосферæйыл. Цыбырдзырдæй, æвзалытуаг газы бæрц фылдæр кæй фæцис, уый та афтæ æмбаргæ у, æмæ сыгъд цæуы æрдзон органикон æртаг. Уымæй уæлдай нæм нæй хæдзардзин зæххон пайдакæнынад: хъæдты æгъатырæй цæгъ-дæн, æгæрон фæзуæттæ хуымгонд цæуынц хъæууонхæдзарадон культурæтæн.

Дарддæр ИНО-йы дзуаппы автортæ сидынц дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй бæлвырд къахдзæфтæ арæзт æрцæуа атмосферæмæ къаддæр газтæ æппарыны тыххæй. Ацы хъуыддагыл та куыст цæуы рагæй. 2013 азы Гаагайы цы экологон форум уыдис, уый архайджытæ та афæлвæрдтой ацы нысан къухы бафтыны фарстатыл бакусын.

Уæрæсейы социалон-экологион цæдисы 2014 азы 25 сентябры пресс-релизы дзырдæуы, зæгъгæ, ИНО-йы климатон саммиты, кæцы уагъд æрцыд Нью-Йоркы, хайадисджытæ серьезонæй ныфс бавæрдтой, æппæт дæр климаты тыххæй саразын. 126 бæстæйы лидертæ ныфс бавæрдтой климат фæивыны проблемæ аскъуыддзаг кæнынмæ серьезонæй кæй æрывналдзысты: фæкъаддæр кæной хъæрмуатон газтæ, фæфылдæр кæной цъæх климатон фонд, æмæ иннæ аз райсой ног бадзырд ивддзинæдты тыххæй. Райст æрцыд хъæуæг Деклараци хъæдты тыххæй. Цалдæр азмæ хъуамæ фæкъаддæр уа хъæдтæ куынæг кæныны процесс. 2030 азмæ та урæд хъуамæ æрцæуа ацы тенденци. Декларацимæ гæсгæ райсгæ мадзæлттæ 2030 азмæ фæкъаддæр кæндзысты æвзалытуаг газтæ афæдзы дæргъы 4,5 – 8,8 миллиард тоннæйы бæрц. Уæлдæф  «хъармгæнæн газтæй» иууыл фылдæр чъизи кæнынц АИШ æмæ Китай.

Зæххыл æппæт цард хъахъхъæны экосистемæ. Цас æнæниздæр уой нæ экосистемæтæ, уыйбæрц æнæниз уыдзæнис планетæ æмæ йæ адæм. Ис ахæм хъуыды, адæймаг сомбон архайдзæн, цæмæй контроль кæна Зæххы климатыл, фæлæ йын цахæм æнтыстытæ уыдзæн, уый фенын кæндзæн рæстæг. Зæхх нæ царды иунæг фæрæз æмæ нæ дарæг кæй у, уый алчидæр хъуамæ йæ зæрдыл дара. Адæймагад ууыл куынæ хъуыды кæна, уæд хъуыддаг сæфтмæ цæуы.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.