Ацы рагон æмбисонд мæ зæрдыл æрлæууыд, Цæгат Ирыстон-Аланийы Горæтгæрон районы Комбилеевкæйы хъæуы Кировы уынджы цæрджытæ Биазырты бинонтыл куы ахъуыды кодтон, уæд. Рагæй сæ зонын – 40 азы бæрц æмæ кæддæриддæр уыдысты æмæ сты фæзминаг, æгъдауджын, ирон фарныл хæст.

Уый  Бишолты хæдзарвæндагæн фыдæлтæй баззад. Бишолы фырт Биазырты Иван уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, хæсты æмæ куысты ветеран, бирæ хæрзиуæгты хицау. Куыста ахуыргæнæгæй, йæ цардæмбал Челдыты Нинæ та – дохтырæй.

Уыдон ацыдысты се ‘нусон дунемæ, фæлæ сæ фæстæ хорз цот ныууагътой – 1 чызг æмæ 4 лæппуйы. Уыдонæн сæ цæуæт абон дæрдтыл сты.

Мæ ныхасы сæр у 4 æфсымæрæй сæ иу – Биазырты Сурен æмæ йæ бинонты, кæстæрты тыххæй. Сурен æмæ йæ цардæмбал, цъорбисаг чызг Цхуырбаты Зæлинæ сæ цард куы баиу кодтой, уæдæй нырмæ рацыд 40 азы, фæсмонгонд ницæмæй сты.

Сурен æмæ Зæлинæ 40 азы размæ æнтыстджынæй каст фесты Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон-фæсарæйнаг æвзæгты факультет. Сурен ма студент куы уыд, уæд æй кусынмæ арвыстой Знауыры районы Хъорнисы астæуккаг скъоламæ, ахуыргæнджытæ дзы кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ. Скъоладзаутæн амыдта англисаг æвзаг.  Уый фæстæ Биазыры фырт йæ хæс бафыста Советон Æфсады рæнхъыты. Уырдыгæй хæрзиуджытимæ æрыздæхт æмæ дарддæр дæр куыста Хъорнисы скъолайы. Зæлинæ дæр ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй куыста ацы скъолайы.

Уый фæстæ дыууæ æвзонг цардæмбалы сæ хъысмæт ахаста дард Магаданы зæхмæ. 3 азы уым цардысты æмæ куыстой – Сурен –  автотранспортон куыстуаты цалцæггæнæн цехы хицауæй, Зæлинæ та – поликлиникæйы. Уым, Магаданы сын Мадымайрæм балæвар кодта 2 лæппуйы – Олег æмæ Тимуры.

… Бинонтæ дард бæстæй æрæздæхтысты Ирыстонмæ æмæ Сурен кусын райдыдта, астæуккаг ахуырад кæм райста, уым – Дзауы районы Хъемултайы астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгæй, рæзгæ фæлтæрæн амыдта ирон æвзаг æмæ литературæ, Зæлинæ дæр ацы предмет лæвæрдта скъолайы. Уым ма ахуыргæнæгæй куыста Сурены фыд Иван дæр. Иу хæдзарæй – æртæ ахуыргæнæджы иу скъолайы!

1989 азы Биазырты бинонтæ хуыздæр цардагур ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Комбилеевкæйы хъæуы. Сурен æмæ Зæлинæ кусын райдыдтой ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй ацы хъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы. Зæлинæ фæстæдæр ссис скъолайы хъомыладон куысты фæдыл сæргълæууæг æмæ дзы бирæ азты бакуыста. Арæзта алыгъуызон хъомыладон мадзæлттæ, уыдысты ахадгæ, нысанмæздæхт. Фæлтæрд зондамонæг скъоладзаутæн у ныртæккæ дæр ахуыргæнæг.

Сурен фæстæдæр кусын райдыдта Горæтгæрон районы хъæды хæдзарады цур спецхозы цехы хицауæй. Уый фæстæ ацы куыстуат дуджы аххосæй фехæлд æмæ Биазыры фырт йæ фæллойадон фæндаг адарддæр кодта райгазы аварион службæйы мастерæй. Ныртæккæ дæр уым кусы.

Пенсиисджытæ, хорз фæллойгæнджытæ схъомыл кодтой фæзминаг кæстæртæ. Магаданæй куы æрыздæхтысты, уæд ма сын Ирыстоны фæзынд 3-аг лæппу дæр – Æхсар. Ныр сæ хъæбултæ дæр бинонты  æмæ  кæстæрты хицæуттæ сты.

Сурен æмæ Зæлинæ сæ кæстæртæн дæр радтой уæлдæр ахуырад. Сæ хистæр фырт Олег Пермы каст фæцис юридикон факультет. Бирæ азты кусы мидхъуыддæгты органты. Ныртæккæ у Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады фæдагурджыты управленийы хистæр фæдагурæг дæлбулкъон цины.

Тимур каст фæцис Самарæйы медицицнон институт. Цалдæр азы бакуыста Горæтгæрон районы рынчындоны реанима-цийы хайады хицауæй ныр та у Дзæуджыхъæуы фæдагуырды изоляторы дохтыр.

Æхсар у Дзæуджыхъæуы ахæстоны отряды хицау. Райста УФСИН-ы (Æфсæддон æххæсткæнынады федералон службæйы управлени) фæдыл уæлдæр ахуырад.

Джиголаты, Хъесаты æмæ Багаты чызджытæ  фарны къах бавæрдтой Биазыртæм. Хистæртæн аргъ кæнынц, ис сæм æгъдау, сты уæлдæр ахуыримæ. Афтæ, æмæ иу хæдзары ис 8 дипломджыны.

Биазырты бинонтæ хорз хъуыддаг рæуæг дзырдтæй нæ аразынц. Сæ ныхас бады кæрæдзийыл, сты сыхбæстæн, хиуæттæн, æмбæлттæн уарзон. Бирæ сæ уарзынц Сурен æмæ Зæлинæ дæр сæ кæстæртимæ.

Царды размæ цæуæнт арфæгондæй, сæ ногарæзт хæдзары та æдзухдæр уæд куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ. Хуыцау æмæ Уастырджийы, зæдтæ æмæ дауджыты цæст сын уыцы хорз, хъæлдзæг хъуыддæгтæ бауарзæд!

Гасситы Моисей

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.