Рæстæмбис нымадæй курдæгты нымæц у 35-45 милуаны æмæ пырхытæй цæрынц бирæ бæстæты. Компактонæй та цæрынц,  цыппар бæстæйы – Турчы, Ираны, Ирак æмæ Сирийы. Иууыл фылдæрæй сты Турчы – 14 милуаны, Ираны æмæ Сирийы – фæйнæ 7 милуаны æмæ Иракы та 4 милуаны. Кæд æмæ дзы Иракæй къаддæр никуы цæры, уæддæр фыццаг ам сдзырдтой курдæгтæ сæ бартыл, хæдбар паддзахад саразыны тыххæй революцион змæлд ам райдыдта.

Фыццаг дунеон хæсты фæстæ Турчы импери ныппырх æмæ курдтæ «сулæфыдысты» сæдæ азты дæргъы кæй уаргъы бын уыдысты, уыдонæй. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. 1923 азы Лозаннæйы бадзырдмæ гæсгæ курдты зæххытæ дих æрцыдысты Турк æмæ йæ сыхаг бæстæтыл.

Курдтæй рагæй фæстæмæ англосакстæ пайда кæнынц сæ геополитикон хъуыддæгты, парахат сæм кæнынц национализмы идеологи, ифтонг сæ кæнынц æхсæнгарз æмæ финанстæй. Уый фæстиуæгæн дзы рæстæгæй-рæстæгмæ райдайынц хæстон архæйдтытæ. Бар-æнæбары дзы хайад райсын бахъæуы æппæт Хæстæг Хурыскæсæны бæстæты. Æмæ ахæм уавæрты та англосаксойнаг фæлитойтæ сæхимæ ассивынц ацы бæстæты хъæздыгдзинæдтæ. Куыд фæдзурынц – «адæм фæдисмæ, рувас та – къæбицмæ».

Абоны бон англосакстæ курдты фæрцы архайынц Иран æмæ Турчы æрлæмæгъ кæныныл. Фидæны сæ фæнды, цæмæй Ирайнаг Курдистан æмæ Туркаг Курдистан рахизой сæ паддзахадты скондæй æмæ баиу уой иракаг Курдистанимæ. Сирийы дæр сæ афтæ фæндыд, фæлæ сын Мæскуы сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодта. Ахæм маневр саразгæйæ, англосакстæ бирæ рамбулдзысты – иуæй æрлæмæгъ кæндзысты ацы регионы иууыл хъомысджындæр бæстæты, иннæмæй та – сараздзысты ног æмæ Евроцæдисау коммæгæс паддзахадгонд. Сæ бæллиц та у, цæмæй Турк æмæ Иран бынтондæр ныппырх уой, куыд хæдбар бæстæтæ.

Æрдзон ресурстæ сты курдты проблемæйы сæйраг аххосаг. Сæ зæххыты ис дзæвгар нефть, æрдзон газ æмæ дон, æмæ никæй фæнды уыйбæрц хъæздыгдзинæдтæ фесафын. Уымæ гæсгæ сæ рагæй фæстæмæ хæдбар паддзахад саразыны тыххæй ской дæр ничи уадзы. Турчы сæ бирæ азты дæргъы барæй хуыдтой «хæххон туркæгтæ», цæмæй дзырд «курдаг» бынтондæр ферох уыдаид. Ахæм уавæры уыдысты Сирийы æмæ Ираны дæр. Фæлæ адæмыхатты нымæц дæсгай милуантæ куы уа, уæд ын йæ уæвындзинад нæ басусæг кæндзынæ.

Иракаг курдтæ

Кæд æмæ Иракы иннæ цæрджытимæ сын иу дин уыд, уæддæр «сæ дон нæ рæсуг кодта». Æппынæдзух сæм уыд растадтæ æмæ мидæггагон хæстытæ. Уый та уымæн æмæ курдтæ сты æндæр наци – арабæгтимæ сын ницы иудзинад ис. Се ‘взаг дæр семитаг нæу, фæлæ у ирайнаг æвзаджы къордæй. Иууыл егъаудæр репресситæ дзы уагъд æрцыд 1989 азы Саддам Хусейны къухдариуæгады рæс-тæджы – æппынкъаддæр дзы ныццагътой 100 минæй фылдæр курдаг хæстоны. Ахæм трагикон цау сæрибарæй банымайæн ис геноцидыл. Кæд æмæ сын сæ патриотты æппынæдзух куынæг кодтой, сæ бартæ сын байстой, уæддæр дзы 1991 азы сырæзтис дыууæ хæдбар регионы æмæ дзы уæд 2002 азы иумæ сарæзтой иу регион – Курдистан, иракаг Курдистан.

Курдтæ йæ æмбæрстой, хæдбар паддзахад расидыны бар сын кæй ничи ратдзæнис, æмæ архайдтой автономон область саразыныл Иракы сконды. Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хæдбар паддзахад расидгæйæ Турк иракаг курдты æвыдæй кæй нæ ныууагътаид – йæхи территорийыл курдты нымæц дзæвгар фылдæр сты æмæ уæд уыдон дæр растадаиккой хæдбар паддзахад саразыны сæраппонд. Ахæм позицийыл лæуд сты Иран дæр æмæ арабаг бæстæтæ дæр. Ныры уавæрты курдты хæдбар паддзахады сырæзт никæй хъæуы – нæдæр Хæстæг Хурыскæсæны бæстæты, нæдæр Европæйы, нæдæр Уæрæсейы. Уымæ гæсгæ, курдтæ хæдбар паддзахад саразыныл нал тох кæнынц. Сæ тох ныртæккæ у  автономон область расидыныл. Æмæ сын уыцы статус дæр ничи дæтты.

Ирайнаг курдтæ

Ираны кæд курдты нымайынц хицæн этносыл, уæддæр паддзахады политикон царды сæ уавæр мæгуырау у. Иннæ æмбæстæгтимæ сын æмхуызон бартæ ис æхсæнадон царды, нæ сæ дæлдзиныг кæнынц, иннæтау сын гом сты ахуыргæнæндæтты дуæрттæ. Фæлæ куыддæр хæдбардзинады кæнæ хицæн автономи раттыны кой скæнынц, афтæ репресситы бын фæвæййынц. Ираны ис провинци «Курдистан», фæлæ йæм курдты зæххытæ иууыл нæ хауынц. 1946 азы иу провинцийы сæ раздзог Кази Мухаммеды сæргълæудæй расидтысты хæдбардзинад – схуыдтой йæ «Мехабатская республика», æмæ сын ахаста æрмæстдæр 11 мæйы. Уый фæстæ йын йæ лидерты æрцахстой æмæ сæ централон фæзуаты æрцауыгътой. Иран æрмæст йæ территорийыл цæрæг курдтæм нæ дары йæ хъус, фæлæ ма Иракмæ дæр æххуысмæ арвиты æфсæддонтæ, цæмæй сæ уым дæр ма бауадзой хæдбар паддзахад саразын. Иумæйагæй сисгæйæ Ираны цæрæг курдтæй фылдæр бартæ никæмæн ис – сæ мадæлон æвзаг æхуыр кæнын сын уадзынц, професси равзарынæн сын ницы цæлхдуртæ ис, æхсæнадон царды исынц активон хайад.

Туркаг курдтæ

Фыццаг дунеон хæсты фæстæ Туркмæ цы курдаг территоритæ бахаудтой, уыдонæн дзырд радтой, зæгъгæ, уæ ничи хъыгдардзæнис цæрын. Фæлæ хъуыддаг куыд равдыста, афтæмæй уыцы дзырдлæвæрдтæн ницы нысаниуæг уыдис. Уайтагъд дзы райдыдтой агрессивон ассимиляцион процесстæ – сæ традицион уæлæдарæс дарын сын нал уагътой, сæ мадæлон æвзагыл дзурыны бар сын нал уыд, сæ культурæ сын куынæг кодтой, æгæрыстæмæй сæхи «курдаг» рахонын дæр нал уæндыдысты. Ахæм уавæрты 1978 азы Абдулла Оджаланы сæргълæудæй сырæзтис «Рабочая партия Курдистана» (РПК), кæцы абоны бон дæр тох кæны курдты хæдбардзинадыл. 1999 азы англосаксты æххуысæй æрцахстой Оджаланы æмæ йын цæрæнбонтæм ахæстоны тæрхон рахастой. Туркæгтæ РПК хонынц террористон организаци æмæ йын йæ лидерты куынæг кæнынц. Уымæ гæсгæ РПК-йы уæнгæй бирæтæ фæлыгъдысты Иракмæ æмæ æндæр бæстæтæм, æмæ уырдыгæй разамынад кæнынц. Турк рæстæгæй-рæстæгмæ бабырсы Иракы территоримæ дæр, цæмæй РПК-йы уæнгты æрцахса. Уымæ гæсгæ курдтæ бахаудтой дыууæ арты ‘хсæн – иуæрдыгæй туркаг æфсад, иннæрдыгæй та – ИГИЛ-ы террористтæ.

Сирийаг курдтæ

Сирийы къухдариуæгадæн дæр рагæй фæстæмæ курдтæ сты æнæуынон æмæ сæ æдзух дæлдзиныг кодтой. Растдæр зæгъгæйæ та сæ бынтондæр ницæмæ дардтой – ахæм наци Сирийы территорийыл ис æви нæ, уый барæй ничи уыдта. Нæдæр сын æмбæлон документтæ, ома, цы нацийæ у, ахæм бæрæггæнæг гæххæттытæ сын, нæ лæвæрдтой. Туркаг курдтæ арæх хызтысты Сирийы территоримæ, цæмæй сæхи бааууон кæной, рацæуой ам æфсæддон ахуыртæ. Ацы хъуыддаг Турк æмæ Сирийы æхсæн сæвзæрын кодта æндыгъддзинад – Турк домдта, цæмæй сын радтой РПК-йы уæнгты. Уæдмæ Сирийы райдыдта мидæггагон хæст. Уыцы хæсты сцырены активон хайад райста æмæ исы Турк. Æмæ та ам дæр курдты бахъуыд хæцæнгарз райсыны сæр – хæцынц куыд туркаг, афтæ сирийаг æфсæддонтимæ, æмæ ма ИГИЛ-имæ дæр.

Ныридæгæн Сирийы цæгатварс контрол кæнынц курдтæ æмæ ацы хъуыддагыл разы не сты Сирийы æмæ Туркы къухдариуæгад. Кæд æмæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн нæй хъæрмуд ахастытæ, уæддæр ацы фарстайы иу хъуыдыйыл лæуд сты. Курдтæн та ныр фæстæмæ алæууæн нал ис – æгæр бирæ туг ныккалд. Абоны хуызæн  æнгомдзинад  курдтæм,  нырыонг никуы уыдис, фæлæ сæ бæллиц сæххæст уыдзæн, уый бæрæг нæу.

Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.