Ирон æвзаджы боны фæлгæтты Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы арæзт æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Мадзалы скъоладзаутимæ фембæлдысты Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ Моргуаты Эдислав, Дыгъуызты Алыксандр, Къодоты Мельс, Таутиаты Минтæ æмæ Бургалаты Заремæ.

Бæрæгбоны архайджытæн арфæ ракодта скъолайы директор Джимиты Тæирæ æмæ радзырдта ирон æвзаг ахуыр кæнынæн сæм цы уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоны тыххæй.

Фысымтæ уазджытæн равдыстой сæ бирæ зонындзинæдтæ мадæлон æвзагæй. Æмæ куыднæ. 27-æм скъола рагæй фæстæмæ дæр хъуыстгонд у, ирон æвзагмæ стыр æргом кæй здахынц, уымæй. Скъоладзаутæ рæсугъд ирон æвзагыл бæлвырд радзырдтой, Ирыстонæн кад æмæ ном чи скодта, уыцы зынгæ ахуыргæндты тыххæй. Радзырдтой Абайты Васо, Къоста, Нафи, Дюмезиль, Шегрен æмæ æндæрты цард æмæ архайды тыххæй.

Мадæлон æвзаджы бæрæгбон

Скъолайæн ис йæхи хихъæппæрисадон къорд. Уыдон ахæм рæсугъд концертон номыртæ равдыстой, афтæ аив кастысты ирон фысджыты уацмыстæ æмæ уазджытæм стыр цины æнкъарæнтæ равзæрд.

«Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ бузныг загътой ахæм æвзыгъд сывæллæтты тыххæй, æмæ сын бацамыдтой царды фæндагыл мадæлон æвзагæн цы стыр ахадындзинад ис, уый. Алчидæр сæ загъта йæ хъуыдытæ. Таутиаты Минтæ радзырдта, Турчы уæвгæйæ ирон адæмы цардæй цы базыдта, уыдæттæ.

Уый фæстæ «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ Ныхасы номæй скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнджытæ Гæджиты Людæ, Тахъазты Лианæ æмæ Къадзаты Людæйы схорзæхджын кодтой Кады грамотæтæй.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.