Æхсызгон у, цалдæр азы размæ горæты уынгтæй чи фесæфт, газетты уыцы киосктæ та фæстæмæ нæ царды сæ бынат кæй ссардтой, уый. Æвдæм майы, советон мыхуыры бон, паддзахадон программæ «Развитие средств массовой информации, массовых коммуникаций и печати»-йы фæлгæтты,  фыццаг киоск æвæрд æрцыд Мæскуыйаг уынджы, вагзалмæ хæстæг. Ног домæнтæн дзуапп чи дæтты, уыцы проект «Ног бон»-ыл бакуыста РЦИ-Аланийы Мыхуыры комитет æмæ суыдзæн рауагъдад «Ир»-ы дæлбар. Хæстæгдæр рæстæджы ма ахæм киосктæ горæты уынгты æвæрд æрцæудзæн цыппар, фæстæдæр ноджы фæфылдæр уыдзысты æмæ æвæрд æрцæудзысты республикæйы алы районты, æдæппæт сæдæйы бæрц. Программæ æххæст æрцæудзæн 2025 азмæ.

Раздæр цы киосктæ уыд, адон ахæмтæ не сты, фæлæ чысыл дуканийы хуызæттæ. Дуарæй мидæмæ бахизгæйæ, фендзынæ «Ир»-ы уагъд алыхуызон чингуытыл, бынæттон, центрон æмæ районты газеттыл, журналтыл, фыссæнгæрзтыл, ирон сувениртыл…  Кæй фæнда, уыдонæн сæ бон у ам бирæ асламдæрæй мыхуыр рафыссын. Бафиппайын хъæуы уый æмæ ма дыууæ азы размæ чысыл киосктæ кæй фæзынд горæты уынгты, кæд мыхуыр уæй кæнынц, уæддæр сæрмагонд газетты киосктæ не сты, фæлæ кофе, цай, адджын дæттæ уæйгæнæн киосктæ. Ныр адон уыдзысты сæрмагондæй мыхуыр уæйгæнæн фæрæзтæ.

Дукани-киоск байгом кæныны мадзалы архайдтой Мыхуыры комитеты æмæ рауагъдад «Ир»-ы разамонджытæ дæр. Комитеты сæрдар Фидараты Юри куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы разамынд æхсызгон лæвар ракодта адæмæн.

«Проекты сæйраг нысан у, цæрджыты домæнтæ æххæстгæнгæйæ, хæрзвадат уавæртæ саразын, хъæугæ информаци рæстæгыл райсын, Уæрæсейы иумæйаг информацион тыгъдад бахъахъхъæнын. Ацы уынаффæ рахаста Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Бузныг зæгъын мæ фæнды республикæйы разамындæн, тынг разæнгардæй нын киосктæ æвæрынæн бынæттæ кæй ссарынц, уый тыххæй», – йæ раныхасы фæбæрæг кодта Фидары фырт.

МАДÆЛОН  ÆВЗАГ – КАДЫ  АККАГ

Куыд зонæм, афтæмæй 2003 азы республикæйы разамынд рахаста ахсджиаг уынаффæ: æрвыл аз 15 майы Ирыстоны бæрæг цæудзæн Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Уыцы нымæц та баст у Къостайы «Ирон Фæндыр»-ы рацыды бонимæ. Уыцы зæрдылдарæн цау æрцыд 1899 азы 15 майы.

Ацы хатт дæр та республикæ сбæрæг кодта ацы кадджын бон. Иннæ хæттытау ныр дæр бæрæгбоны мадзæлттæ райдыдтой нæ номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæныл дидинджытæ сæвæрынæй. Ирон аргъуаны кæртмæ уыцы номарæн æмбырдмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн, студенттæ, скъоладзаутæ, мыхуыры фæрæзты кусджытæ…

Фембæлды архайджытæм арфæйы ныхæстимæ фæсидт Сергей Меняйло.

– Зынаргъ хæлæрттæ! Махæн абон у стыр бæрæгбон. Мах иудадзыгдæр нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, йе ‘нæмæлгæ «Ирон фæндыр»-ы Къоста адæмы рæгъмæ цы ныстуантæ рахаста, уыдон. Сæ сæйрагдæр у ирон культурæ æмæ æгъдæуттæн аргъ кæнын, мадæлон æвзаг уарзын æмæ йæ хъахъхъæнын. Алцыдæр нæхицæй аразгæ у! Уыцы нысантыл зæрдиагæй куы кусæм, уæд Ирыстон дарддæр дæр рæздзæн, хъомысджындæр кæндзæн нæ мадæлон æвзаг. Фæнды мæ, цæмæй ирон æвзаг нæ царды арæхдæр хъуыса.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, хорз адæм!

Фембæлды ма архайдтой «Ирон аивадон ныхас»-ы республикон конкурсы уæлахиздзаутæ. Уыдон мадæлон æвзагыл бакастысты æмдзæвгæтæ. Бæрæгбоны фæлгæтты 500 бæрц адæймаджы та ныффыстой тоталон диктант ирон литературæйæ. Ирон мыхуыры кусджытæ æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ та цалдæрæй хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй. Нæ республикæйы аивадон коллективтæй цалдæрæй иумæ, Уæлахизы æмæ Ирон æвзаджы бæрæгбонтæ баиу кодтой æмæ уый кадæн Дайраны комы акафыдысты нæртон симд.

Уыцы бон ма Хицауады уæнгтæ бабæрæг кодтой Алайнаг гимназ дæр. Ацы уагдон байгом 2017 азы, йæ хъомылгæнинæгтæ предметты фылдæр хай ахуыр кæнынц ирон æвзагыл. Республикæйы разамонæг бæрæгбоны арфæтæ ракодта ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæн æмæ йе ‘мбæлттимæ цыбыр экскурси скодтой сколайы кабинеттыл.

Ахуырады министрады хъæппæрисæй дæр арæзт æрцыд алыхуызон мадзæлттæ. Уыдоны нымæцы: конкурс «Мадæлон æвзаг – мадау адджын», «Не ‘взаг – нæ хæзна», «Цæй, уæдæ, бæрзонд Кавказæй, Нарты ‘взагæй дзурæм ныр» æмæ æндæртæ. Ацы конкурсты уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты бæрæгбоны фæстæ.

«Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн министрад бацæттæ кодта алыхуызон конкурстæ æмæ дзыллон акцитæ. Æхсызгонæй мæ зæгъын фæнды, скъоладзаутæ уыцы мадзæлтты æхсызгонæй кæй архайынц æмæ сын стыр æнтыстытæ кæй ис, уый», – загъта министрады национ ахуырад æмæ æвзæгты политикæйы хайады хицау Нæкуысаты Иринæ.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн алыхуызон мадзæлттæ арæзт æрцыд республикæйы районты дæр.

Нæ  уацхæссæг

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.