Гуманон, арфæйаг, æнæмæнгхъæуæг…Æппæт ацы ныхæстæ зæгъæн ис дохтыры профессийæн характеристикæ радтыны тыххæй. Дохтыры професси домы уды æмæ хъуыдыты сыгъдæгдзинад,  зонды ирддзинад.

Æрвылаз дæр Уæрæсейы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр, июны мæйы æртыккæгæм хуыцаубоны банысан кæнынц медицинон кусæджы бон. Сæ профессионалон боны ацы ахсджиаг æмæ рагондæр профессийы кусджытæ райсынц бирæ бæрæгбонон арфæтæ сæ арфæйаг куысты сæраппонд. Арфæйы ныхæстæ зæгъы æмбæлы, абон уын мæ уацы кæй кой кæнын, уыцы дохтыртæ – мад æмæ чызгæн сæ хæрзиуæгон архайды тыххæй.

54 азы чысыл пациенттæн лæггад кæнгæйæ

Нæ горæты цæрджытæй Цхинвалы тагъд æххуысы станцы сывæллæтты дохтыр Серветник Валерияйы чи нæ зоны, кæнæ та йын йæ хорзы кой чи нæ фехъуыста, ахæмтæ стæмтæ разындзысты. 54 азы дæргъы цал тыхст рæзгæ хурæн баххуыс кодта, уыдон зын банымайæн сты, уымæн æмæ сæ нымæц цалдæр минæй дæр ахызт.

Райгуырд горæт Цхинвалы. Каст фæцис 3-æм астæуккаг скъола. Хæрзчысылæй аскъуыддзаг кодта, сомбоны дохтыр кæй суыдзæн, уый тыххæй æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Астæуккаг скъолайы фæстæ æнтыстджынæй фæлварæнтæ радта Хъырымы паддзахадон медицинон институтмæ. 1970 азы институт каст фæуыны фæстæ йæ кусынмæ æрвыстой Луганскмæ, фæлæ æвзонг чызг æрæздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ. Уа­йтагъд кусын райдыдта Цхинвалы сывæллæтты поликлиникæйы. Уæдмæ йæ амонд дæр ссардта, йæ цард баиу кодта Хетæгкаты Джимшеримæ. Хуыцауы цæст сын  бауарзта дыууæ хъæбулы – чызг Нинæ æмæ лæппу Михаилы.  Лера, афтæ йæ хонынц фырбуцæн, сывæллæтты поликлиникæйы ба­куыста 27 азы.

Куы йæ афарстон, зæгъын, дæ фыды йæ хъысмæт Цхинвалмæ куыд æрбахаста, уæд мын афтæ радзырдта: «Мæ фыд Анатоли уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг. 1944 азы уæззау цæф фæцис Кавказы сæрыл карз тохты æмæ бахаудта Тбилисы госпиталмæ. Хæсты размæ ахуыр кодта Киевы Машинæаразæн институты, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæцис гитлерон фашисттæ гадзрахатæй Советон Цæдисмæ кæй æрбабырстой, уый аххосæй. Госпиталы фæстæ йæ ракодтой Цхинвалмæ. Æмæ йæ кæд йæ дæсныйады фæдыл Киевмæ хуыдтой, уæддæр æй йæ къах Ирыстонæй нал ахаста, бауарзта йæ æмæ Цхинвалы цæргæйæ баззад. Йæ цард баиу кодта Пухаты Ольгаимæ. Мæ мад Оля куыста царм-венерологион диспансеры медицинон хойæ æмæ-иу мæ арæх йемæ акодта куыстмæ. Уæд бауарзтон дохтыры професси дæр. Мæ фыд та  куыста  Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы æнæниздзинад хъахъхъæныны хайады хистæр экономистæй. Ис мын æфсымæр  Витали».

2004 азы Валерия Серветник кусынмæ рахызт Цхинвалы Тагъд æххуысы станцмæ  æмæ ныр 20 азы дæргъы цæсгомджынæй лæггад кæны тыхст уавæры бахауæг чысыл пациенттæн. «Ацы диссаджы уæздан, зæрдæхæлар æмæ йæ хъуыддаджы æцæг дæсны сылгоймаджы лæггæдтæ бирæ сты чысыл сабиты раз. Æз дæн æртæ сывæллоны мад. Сывæллон та рынчынтæй фылдæр цы кæны, уæлдайдæр та ныры дуджы алыгъуызон инфекцитæ куы апарахат сты, уæд. Йе ‘ххуысы сæр мæ бахъуыд цалдæр хатты. Алыхатт дæр нын бакæны бæрзонд профессионалон медицинон æххуыс. Уый фæстæ та нæм телефоны æрбадзуры æмæ бацымыдис кæны сывæллон йæхи куыд хаты, уымæ. Аудгæ ахаст ын ис йæ пациенттæм иууылдæр. Æрмæст йæ дзыхы ныхас дæр цасдæры аргъ у. Тынг райгонд дзы стæм», – загъта Уалыты Алинæ.

 

Зынаргъ вæййы алы секунд дæр

«Æрæджы мæ 14-аздзыд лæппу тынг фæтыхст, улæфт ын нал фаг кодта. Цы уавæры бахаудтам, ууыл дзурын уæлдай у. Фæдзырдтам тагъд æххуысмæ æмæ уайтагъд Серветник йæ медицинон хоимæ (йæ мыггаг ын нæ бахъуыды кодтон) нæ уæлхъус æрбалæууыдысты. Мæ хъæбулæн мын бакодтой фыццаг медицинон æххуыс æмæ йæ уый фæстæ рынчындонмæ аластой. Афтæ мæм кæсы, цыма Серветник цыфæнды уæззау рынчынæн дæр баххуыс кæндзæн. Не стыр ныфс у æмæ нын бирæ фæцæрæд», – радзырдта мын нæ горæты цæрæг сылгоймаг.

«Мæ 5-аздзыд лæппуйæн йæ тæвд ахызт 40 градусæй æмæ йын райдыдтой буары æлхынцъытæ. Фыртыхстæй ма цы акодтаин, уымæн ницыуал зыдтон. Фæдзырдтам Тагъд æххуысы станцмæ æмæ цалдæр минутмæ æрбахæццæ сты. Серветникы куы ауыдтон, уæд мæ стыр ныфс бацыд, уымæн æмæ йæ нæ горæты цæрджытæ иууылдæр зонынц йæ хъуыддаджы иттæг хорз специалистæй. Хи хъæбулыл куыд батыхсай, афтæ батыхст мæ хъæбулыл дæр æмæ йæ фервæзын кодта йæ низæй», – загъта нын нæ горæты цæрæг иннæ сылгоймаг.

Лерайы ныхæстæм гæсгæ, буары æлхынцъыты рæстæджы зынаргъ вæййы алы секунд дæр, хъуамæ раст саргъ кæнай сывæллоны уавæрæн. Æмæ ахæм цаутыл та Тагъд æххуысы станцы медиктæ æмбæлынц æрвылбон дæр. Уыимæ чысыл пациенттимæ кусын бирæ зындæр у, уымæн æмæ сывæллон конкретонæй нæ зæгъдзæн цы йæ тыхсын кæны, уый тыххæй. Дохтыр хъуамæ йæхæдæг сбæрæг кæна æмæ бамбара проблемæ, цæмæй афоныл раст мадзæлттæ райса. Дохтырæн хъуамæ уа хорз интуици.

Лерайæ тынг раппæлыд Тагъд æххуысы станцы  сæйраг дохтыр Хъуылымбегты Эмзар: «Ныр 15 азы кусын ам æмæ дзы иу уæлдай ныхас дæр никуы фехъуыстон. Никуы байрæджы кодта йæ куыстмæ. Тынг хорз специалист у, квалификацион æххуыс кæны сæдæгай сывæллæттæн. Йæ коллегæтæ дæр ын стыр аргъ кæнынц, куыд хорз специалист æмæ зæрдæхæлар адæймаг, афтæ».

Валерия хорзæхджын у Кады грамотæтæй. Фæлæ, уыдон фаг не сты 54 азы дæргъы удуæлдай куыстæн. Хорз уаид, РХИ-йы сгуыхт дохтыры ном ын куы саккаг кæниккой, уый. Уымæн æмæ ацы диссаджы сылгоймаг Гиппократы ардбахæрд куы бакаст, уæдæй абонмæ цæсгомджынæй лæггад кæны рæзгæ фæлтæртæн.

 

Дохтыры професси – йæ ныхыфыст

Хетæгкаты Нинæ

Хетæгкаты Нинæ райгуырд Цхинвалы. Астуæккаг ахуырад райста 5-æм астæуккаг скъолайы. Йæ чысылæй фæстæмæ бæллыд стоматолог суæвынмæ, фæлæ йын хъысмæт æндæр дæсныйад равзæрста æмæ ссис терапевт. Уый дæр йæ мад Серветник Лерайау каст фæцис Сергей Георгиевскийы номыл Хъырымы паддзахадон медицинон университеты 2-аг медицинон факультет. Университеты фæстæ æрцыд йæ райгуырæн горæт Цхинвалмæ æмæ уайтагъд кусын райдыдта Цхинвалы царм-венерологион диспансеры. Йæ цардæмбал Æлборты Альбертимæ хъомыл кæнынц дыууæ лæппуйы. Альберт кусы кадетон скъолайы. Йæ хистæр хъæбул Анатоли тынг хорз нысæнттыл каст фæцис 5-æм астæуккаг скъола. Ныртæккæ ахуыр кæны Мæскуыйы УФ-йы президенты цур дипломатон академийы æхсæнадæмон ахастыты факультеты. Ахызт 4-æм курсмæ. Йæ кæстæр лæппу та ахуыр кæны 5-æм къласы.

Нинæ 2007 азæй фæстæмæ, ныр 17 азы дæргъы, кусы горæтон поликлиникæйы фадыгон терапевтæй. Лæггад кæны Ленины уынджы кæрон хæдзæртты æмæ Гафезы уынджы æнæкъай нымæц корпусты цæрджытæн. Иумæйагæй йын медицинон стаж ис 27 азы. Поликлиникæйы æрвылбон дæр йæ кабинеты раз фенæн вæййы 20-25 адæймаджы бæрцæн. Бирæ хатт йæ пациентты нымæц схизы 33 адæймаджы онг дæр.

Уыцы иурæстæджы ма радгæсад хæссы Тагъд æххуысы станцы дæр. Йæ куыстæй йын райгонд сты куыд поликлиникæйы, афтæ станцы дæр.

Цал æмæ цал адæймаджы цард аирвæзын кодта йæ раст диагнозты фæрцы, уыдон бирæ сты. Æрæджы Тагъд æххуысы станцмæ фæдзырдтой Ленины уынджы корпустæй сæ иуæй. Нæлгоймаг йæхи нал æмбæрста. Нинæ йын уайтагъд бакодта фыццаг медицинон æххуыс æмæ йæ Тагъд æххуысы машинæйыл куы сæвæрдтой, уæд йæ цæс­тытæ байгом кодта. Йæ бинонтæ æмæ йæхæдæг дæр тынг фæбузныг сты Нинæйæ.

Иу хатт сæм фæдзырдтой Къостайыхъæуæй, зæгъгæ, тагъд хæццæ кæнут, уæззау рынчын нæм ис. Нинæ нæлгоймагæн бынаты сарæзта кардиограммæ æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй йын уыд инфаркт. Фыццаг æххуыс ын бакодта æмæ йæ æрласта рынчындонмæ. Дыууæ боны фæцис реанимацийы æмæ йæ стæй ракодтой кардиологийы хайады палатæмæ, Нинæйы фæрцы аирвæзт мæлæтæй. Дыууæ-æртæ азы размæ, карантины рæстæджы, Нинæ 14 боны дæргъы æппынæдзух дæр уыд инфекцион рынчындоны æмæ хос кодта рынчынтæн. Ковиды рæстæджы куыста 10-гай бонтæ фæд-фæдыл. Уый фæстæ та-иу ацыд Тагъд æххуысы станцмæ радгæсад хæссынмæ. Æппындæр ын æрулæфт нæ уыд. Ковиды пандемийы рæстæджы Нинæйы йæ удуæлдай куысты тыххæй  РХИ-йы разамынад схорзæхджын кодта «За борьбу с пандемией КОВИД-19»-ы майданæй, афтæ ма йын ис Кады грамотæтæ дæр.

«Нинæ у тынг хорз специалист æмæ зæрдæхæлар адæймаг. Иу хатт æм чи æрбахауы, уый йæ дыккаг хатт дæр æрцагуры. Æгæрыстæмæй, нæ фадыгмæ чи нæ хауы, ахæм рынчынты дæр райсы æмæ сын цæстуарзон æххуыс бакæны. Йæ пациенттæй бирæтæн уайдзæф дæр бакæны, зæгъгæ, де ‘нæниздзинадмæ дæ хъус цæмæннæ дарыс. Цафонфæнды дæр æм ма бахат – цæстуарзон æххуыс дын бакæндзæн», – загъта медицинон хо Бестауты Юля.

2018 азы Нинæ квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæ рацыд Санкт-Петербургы, уый фæстæ та – Дзæуджыхъæуы. Лекцитæ сын бакæсынц бынаты дæр. Æппынæдзух кусы йæхиуыл æмæ афтæмæй йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæны.

2008 азы августы хæсты  рæстæджы дæр мад æмæ чызг никуыдæм ацыдысты æмæ куыд сæ бон уыд, афтæ æххуыс кодтой тыхст уавæры бахауджытæн. Дыууæ дæр сты кады аккаг сылгоймæгтæ. Дæргъæвтин азты дæргъы дыууæ дæр сæдæгай адæймæгтæн сис­ты зæд-цардхъахъхъæнджытæ.

Нæ зынæргътæ, Лера æмæ Нинæ, арфæ уын кæнæм уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Нæ зæрдæ уын зæгъы царды æппæт хæрзиуджытæ. Бирæ азты æнæнизæй фæкусут уæ бæрнон, вазыгджын æмæ хъæуæг куысты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.