Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæныл «Дæллаг Зæрæмæг»-ы уадзæн пункт æмæ хайад райста йæ реконструкцийы фарстаты фæдыл кусæгон æмбырды.

Æмбырды ма хайад райстой УФ-йы Транспорты министрады Уæрæсейы Федерацийы   паддзахадон арæнтыл  уадзæн пунктты арæзтады фадыджы паддзахадон политикæйы департаменты директор Кокайты Михаил, федералон «Росгранстрой»-ы разамонæджы хæдивæг Павел Брюхов, РХИ-йы Æдасдзинады советы секретарь Плиты Анатоли, РХИ-йы Таможнæйон комитеты сæрдар Цоциты Алыксандр, РЦИ-Аланийы Хицауады, арæнгæрон æмæ таможнæйон службæты, подрядон организациты минæвæрттæ.

Гаглойты Алан бабæрæг кодта æмбæстæгтæн лæггадгæнæг цардуагон объекттæ æмæ модернизацигонд уадзæн пукнттæ.

Кокайты Михаил куыд банысан кодта, афтæмæй рæхджы скусдзысты уæлæмхас ахизæнтæ. Уыдон модернизацигонд æрцыдысты программæ реализаци кæныны фæлгæтты.

Президент банысан кодта уадзæн пунктмæ дыууæ фарсы дæр кæй æртымбыл вæййы машинæты къæрмæг, æмæ загъта, зæгъгæ, ахсджиаг у ног арæзт ахизæнты хорз куыст.

«Уæлæмхас ахизæнтæ æххæст гуырахстæй куы нæ кусой, уæд машинæты къæрмæгы проблемæ уæддæр баззайдзæн», – загъта уый.

Уыимæ иумæ, Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстыл бирæ хæттыты ныхас цыд, фæлæ уæддæр скъуыддзаг не ‘рцыд. Арæныл æмбæстæгты æнцонæй ацæуыны тыххæй Президент фæндон бахаста, цæмæй саразой кусæгон къорд. Уыцы къорд бынаты скъуыддзаг кæндзæн сæвзæргæ проблемæтæ, куыд, зæгъæм уадзæн пункты машинæты къæрмæг.

Кокайты Михаил хорзыл банымадта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæджы фæндон. Банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнг хъуыддаг у ацы фарстыл хъæуæг службæтимæ иумæ бакусын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз апрелы мæйы цæттæ уыдзæн уадзæн пункты реконстуркцийы фæдыл куыстыты этапты схемæ.

«Нæ хæс у бацархайын, цæмæй адæм уадзæн пунктыл ахизыны рæстæджы сæхи хатой комфортонæй», – загъта уый.

Йæ рады,   Президент бузныг загъта куыстыты архайæг службæтæн.

«Нæ фæстаг фембæлды рæстæджы цæуыл баныхас кодтам, уыдон арæзт æрцыдысты. Стыр бузныг», – загъта уый.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.