30-æм январы РХИ-йы Экономикон райрæзты министрад, Таможнæйон комитет æмæ республикæйы амалиуæггæнджытæн уыд кусæгон фембæлд. Хайад ма дзы райста УФ-йы таможнæйы минæвар Хуссар Ирыстоны Алексей Попов.

Экономикæйы райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт амалиуæггæнджытæн фехъусын кодта: «1-æм февралæй ивд æрцыд Зæрæмæджы таможнæйыл авдпроцентон хъалон пластмасс æмæ уымæй конд дзаумæттæ, афтæ ма алюмин æмæ сау згъæртæн дæр. Ныр ацы æрмæджытæн дæр раласæн уыдзæн арæны сæртыл æмбæлон процедурæтæ рацæугæйæ».

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, ахæм официалон хъусинаг Республикæ Хуссар Ирыстоны Таможнæйон управленийы сæргълæууæг Цоциты Александр 2024 азы 10-æм январы кæй сарæзта нефтепродукттæ, газ, хæлцад æмæ арæзтадон æрмæджыты тыххæй. Авдпроцентон таможнæйон хъалон ивд æрцыд уыдонæн дæр. «Ахæм егъау куыст дыууæ бæстæйы арæны ‘хсæн нæ къухы бафтыд Президент Гаглойты Аланы архайды фæрцы. Уæрæсейы фарс ацы цау баста йæ мидæггагон базары æргътæ уæлæмæ ма суадзыныл архайдимæ. Фæлæ нæ республикæйы хицауад агуырдта уавæрæй рахизыны мадзæлттæ æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта», – дзырдта Хъотайты Сæрмæт.

Таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цоциты Александр та бафиппайдта: «Цæуы алы дам-думтæ, ома, кæд авдпроцентон хъалон ивд æрцыд, уæддæр Хуссар Ирыстоны фарс та фæфылдæр кодта уæлæмхас аргъыл фиддон (НДС). Уый раст информаци нæу. Махмæ ницы фæивта. Фиддонтæ куыд уыдысты, фæстæмæ афтæмæй баззадысты. Экспортон хъалонты тыххæй та ныхас хъæуы брокертимæ. Мах бакæндзыстæм æнæаргъ курсытæ, хъуамæ алы амалиуæггæнæг дæр сæрмагондæй йæхæдæг сахуыр кæна йæ декларацитæ байдзаг кæнын æмæ уæ брокертæ мауал хæццæ кæной».

Амалиуæггæнæг Дзигойты Роберт радзырдта йæхи истори: «Зæрæмæджы таможнæйы сæртыл хизгæйæ авдпроцентон уагæвæрд аивыны фæстæ дæр проблемæтыл фембæлæм, Уæрæсейы Федерацийы таможнæйы экспортон процедурæтæ æххæст кæныны æфсон. Æз товар арæх ластон æмæ ацы процедурæ мæхиуыл бавзæрстон. Уыцы-иу продуктты ласгæйæ-иу мæ декларацитæ иугъуызон байдзаг кодтон. Иу хатт мæ сæрибарæй рауагътой, фæлæ иннæ сменæ алыхуызон æфсæнттæй архайдта, рауадзыны процедурæ ныддаргъ кæныныл. Декларацийы лæмбынæг фыст уыд æхсыры продуктты товары гъæд, нымæц, уæз æмæ афтæ дарддæр, фæлæ контролон уадзæны службæгæнджытæ æвæрдтой ныхдуртæ уæзласæн транспортæн, цалынмæ сæм кæйдæр нæ фæдзурын кодтам, уæдмæ».

Уæрæсейы Федерацийы таможнæйы минæвар Алексей Попов сын загъта: «Стыр парти товартæ чи нæ ласы, уыдонæн фæхуымæтæгдæр кæныны тыххæй ис №263-æм формæйы таможнæйон деклараци. Уымæй пайда кæнын у æнцонвадат æмæ уæд ахæм проблемæтæ нæ уыдзæн».

Æндæр амалиуæггæнæг,  Харебайы фырт, нæ республикæмæ ласы бензин æмæ дизелон æртаг. Уый та загъта: «Рæсугъд ныхæстæ акæнæм, фæлæ хъуыддаджы та æндæр цыдæртæ рабæрæг вæййы. Цалынмæ авдпроцентон фиддон нæ систой, уæдмæ дæр дзырдтой, ацы уагæвæрд кæй нæ хауы дзидза æмæ æхсыры продукттæм. Парламенты Экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболат куы уыдис, уæд дзырдта, зæгъгæ, æхсырæй конд продукттæй дарддæр ма нæлхæ, хурмæзилæджы зети, макаронтæ, ссадæй конд продукттæ, æнахъом сывæллæттæн хъæуæг продукттæ, æхсæнгæрзтæ, уæлæдарæс, фармацевтон продукци, бензин, дизелон æртаг æмæ æрдзон газ сæрибар уыдзысты авдпроцентон фиддонæй. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй  раст нæ дзырдта. Æз, мæхæдæг, бирæ азты ласын бензин æмæ дизелон æртаг. Ам цæрын мæхæдæг дæр æмæ мæ бинонтæ дæр, нæ адæмы знаг нæ дæн. Бензин зынаргъмæ кæй уæй кæнын, уымæн бирæ аххосæгтæ ис. Ацы товартæн евразиаг таможнæйон цæдисы номенклатурæмæ гæсгæ нæ фæфылдæр сты сæ таможнæйон фиддонтæ æмæ уæд республикæйы мидæг дæр ацы товарты æргътæ хъуамæ уыдаиккой, Уæрæсейы Федерацийы куыд сты, афтæ. Фæлæ бынаты нæхи таможнæ цы 10 процент НДС-ы хъалон исы, уый тынг хъыгдары амалиуæггæнджыты. Цæмæй бынтон ма фæзиан кæна амалиуæггæнæг, уый тыххæй бафтауы йæ товармæ уæлдай аргъ æмæ афтæмæй адæм стыхсынц. Махмæ азым хæссынц! Ацы фарст хъæуы фæхуымæтæгдæр кæнын. Экономикон райрæзты министрад æмæ Парламенты депутаттæ иумæ сæвзæргæ уавæрæй куы нæ рахизой, уæд тагъд арæныл товар ласын никæйуал фæнддзæн».

Ацы фарстæн Экономикон райрæзты министр загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хъалонтæ æмæ æфтиæгты фæдыл закъæттæ сты æнгæс. Таможнæйон тарифон æмæ æнæтарифон бæстонкæнынады мадзæлтты руаджы æфтиæгтæ цæуы нæ бюджетмæ. Товартæй базар кæныны механизммæ ивындзинæдтæ бахæссын йæ бон у æрмæстдæр парламентæн. Экономикæйы райрæзты министрад цæттæ у бакусын ацы фарстыл, цæмæй товартæй базар кæныны проект-сразыдзинад ахæм цаутæй сæдас кæнæм.

Амалиуæггæнджытæн сæ фылдæр райгондæй баззадысты фембæлдæй, уымæн æмæ дзуаппытæ райстой, цы фарстатæ сæ цымыдис кодта, уыдонæн.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.