Радзырд

Хæххон хъæуы хæдзæрттæн сæ кæртытæ кæрæдзийæ уадиссаг ницæмæй хицæн кæнынц. Уæрæх, фæз чи уа, ахæмыл дзы цæст не схæцдзæнис. Ахæм у йæ кæрт Минæтæн дæр. Æрмæст дзы, æндæр кæртытæй хъауджыдæр, сагъд ис æмæ рæз хæссы балы тала. Цыппар азы размæ йæ ныссагъта йæ кæстæр фырт Тембол. Горæты цæры, быдырыхъæуккаг сиахс у æмæ йæ  йæ каистæй æрбахаста. Хорз балы мыггаг, дам, у. Тала рæзынмæ фæцис æмæ йыл фарон фыццаг гагатæ куы æрзаид. Æцæгæйдæр, диссаджы балтæ! Ставд, бур-сырхварстæ! Балбæлæстæ та Минæтæн йæ хъæуы, стæй дзæгъæл бынæтты дæр куыннæ зайы, фæлæ уыдон хъæддæгтæ, сæ балтæ лыстæджытæ сты, йæ талайы балтимæ сæ кæм абардзынæ!

Бирæ сыл фæцин кодта уæд Минæт. Æрвылбон дæр-иу талайыл сæрæй бынмæ йæ цæст æрхаста æмæ уыдта, куыд нæрсынц йæ балтæ. Сæ рæгъæд кæныны афон-иу кæддæр исчи йæ каудуарæй мидæмæ куы бахызт æмæ-иу ыл йæ цæст куы сныдзæвд, уæд-иу æнæдисгæнгæ нæ бацис, цæй диссаджы балбæлас рæзы дæ кæрты, зæгъгæ. Кæд-иу ыл искæмæн йæ, цæст схæцыд æмæ-иу йе ‘нæрхъуыды, кæнæ хæлæгæй ницы загъта, уæд-иу, æнæмæнг, сæппæлыдаид:

– Кæс-ма, кæс, цæй диссаджы балы тала мын ис! Йæ балтæ цæй ставд сты! – æмæ-иу иумæ дисыл схæцыдысты.

Бирæтæ ахъуыды кæндзысты, Минæт æппæлой у, зæгъгæ. Фæлæ нæ, æгæр хиуылхæцгæ дæр ма у. Уый æнæуый афтæ – йæ талайы цинæй дзы сивæрзы ахæм ныхæстæ. Æмæ цы, цæуылнæ йыл хъуамæ цин кæна, цæуылнæ дзы хъуамæ æппæла! Кæмæн ис æгас хъæуы æмæ комбæсты дæр ахæм тала йæ кæрты кæнæ йæ цæхæрадоны?

Кæртмæ  бахизджытæй-иу кæд искæйы бафæндыд балтæн сæ рæгъæддæртæй ратонын æмæ йын йæ ад банкъарын, уæд-иу ын Минæт комкоммæ нæ загъта, ма дзы ратон, зæгъгæ, фæлæ-иу ын бамбарын кодта, балтæ иууылдæр куы срæгъæд уой, уæд сæ сывæллæттæн горæтмæ арвитынмæ кæй хъавы.  Фæлæ-иу дзы уæддæр разындис ахæмтæ, кæцытæ-иу нæ фæлæууыдысты æмæ-иу дзы ратыдтой. Тынг-иу смæсты ахæмтæм сылгоймаг – йæхицæн йæ цæст нæ  уарзы иу бал дзы ахæра, уыдон та…

Сæ тонынафон куы ‘рбалæууыд, уæд сæ хуыз бынтон скалдтой, сæрттывтой æмæ, цыма, Минæтмæ дзурæгау кодтой «æртон нæ, æртон нæ». Æмæ сæ æртыдта. Бирæ йын нæ рауадысты. Бæрцæй иу хæрыны къусы дзаг. Фæлæ уæддæр рад йæ «тыллæгæй» йæ зæрдæ. Рæвдаугæ сæ йæ уырзтæй амвæз кодта къусы, стæй дзы иуы  иннæты æхсæнæй фæхицæн кодта, аратул-батул æй кодта æнгуылдзты ‘хсæн æмæ йæ схаста йæ дзыхмæ. Дæндæгтæ йæ уæззау æрылхъывтой æмæ комарынджы йæ дон апырх. Нырмæ дæр куыннæ хордта быдираг балтæ Минæт – Тембол-иу ын балафон арæх бахаста йæ каистæй, фæлæ йæм ныр йæхи бал уæлдай адджындæр фæкаст. «Æрбацæуинаг у æмæ йын сæ мæ чысыл хъæбултæн арвитдзынæн», – аскъуыддзаг кодта Минæт къусы балтæм кæсгæйæ, æмæ сæ, уазалдæр кæм уыд, ахæм ран бафснайдта. Уый зыдта, быдырбæсты, стæй горæты базæртты дæр ныртæккæ бал уæййаг кæй нал ис, хæхбæсты та æрæгмæдæр срæгъæд вæййы æмæ сыл кæй бацин кæндзысты йæ хъæбулы хъæбултæ.

Уый фарон ацафон уыдис. Ацы аз балбæлас ноджы фестырдæр, йæ къалиутæ дæр фæйнæрдæмыты айвæзтой сæхи æмæ йыл, кæй зæгъын æй хъæуы, балтæ дæр фылдæр æрзадис. «Куы сæ æртонон, уæд та сæ мæ хъæбултæн арвитдзынæн, чизоны ма дзы къампоттæ дæр ахгæнон. Кæд ма мын цæрын  ноджы антыса, уæд-иу дзы мæхæдæг дæр ахæрдзынæн, уæдæ-иу дзы сыхæгтæн дæр куыннæ авæрдзынæн», – хъуыды кодта йæхицæн Минæт.

Бонтæ рацыдысты æмæ балтæн сæ тоныны рæстæг æрцыд. Раст уыцы афон Минæты хæдзары ‘рдæм йæ фæндаг цыбыр кодта, йæ царды æмбисæн йæ фылдæр фæстейæ чи фæуагъта, иу ахæм лæг. Йæ ном Джабе хуыйны. Сылгоймагæн йæ дзæнæттаг цардæмбал кæддæр куыд дзырдта, афтæмæй  йæ мадыфсымæры чындзæн йе ‘фсымæры усы фыд баххæссыд, æмæ абон дæр нæ бамбæрста, æцæг хæстæг ын у æви нæ. Джабе йæм йæхæдæг дæр хæстæджы  зæрдæ цас дары, уый бæлвырдгæнæг не стæм, фæлæ ацы хæдзармæ фæндаг ары. Кæд арæх нæ, уæддæр æй абæрæг кæны. Хорз арахъхъ вæййы Минæтмæ! Стæй йыл бустæтæ дæр не скæны. Ныр дæр уæртæ Гиголамæ æрбацыд, йе ‘ввахс хионмæ, хъуыддаджы фæдыл æмæ йын йæ къух сарæзта, фæлæ йæм уæддæр фæхъыг – «мидæмæ рахиз»  ын нæ загъта. Æмæ уæддæ куыннæ хъуамæ абæрæг кодтаид зæронд усы!

Лæг Минæты каудуары раз куы æрлæууыд æмæ зыхъхъыр у, уый куы федта, уæд йæ зæрдæ бахъæлдзæг. Дуар гом у, уæд Минæт дæр уым уыдзæн, зæгъгæ.

– Минæт, ам дæ, цы! – къепкæ худ кæуыл уыд,  уыцы сæры кæртмæ байвæзта, афтæмæй бахъæр кодта Джабе

Минæт зынæг нæй æмæ, йæ гуырыконд иууылдæр дуарæн мидæгæй фæкæнгæйæ, дыккаг хатт бахъæр кодта, стæй йæ æнæдаст цæсгом йæ армы тъæпæнæй æууæрдын райдыдта, къæбуты дæр-иу аныхта.  Цæстытæ нымдзаст сты хæдзары дуармæ – каст, кæд байгом уыдзæн æмæ дзы кæд рахиздзæн сылгоймаг.

Цасдæр фæстæдæр Минæт хæдзарæй нæ, фæлæ хæдзаргæрон цы цæхæрадон ис, уырдыгæй рахызт. Цæхæрадонмæ базыдта Джабейы йæ бæзджын, хыр-хыргæнаг хъæлæсæй, æхсызгон ын нæ уыд йæ фæзынд, фæлæ йæхи куыд бамбæхстаид.

– Дæ бон хорз уа, Минæт, – цыма йыл сæрдыгон тæвд хуры фарсмæ æндæр ахæм хур ракаст æмæ йæ зæрдæ та сæ астæу абадт, уыйау райзæрдæйæ салам радта Джабе.

– Кæй бон у, уый хорзæх дæ уа…

– Цыдæр æнæвдæлон дæ. Ацы тæвды чысыл улæфгæ дæр акæн, – хъуыддаггъуызæй бакодта æнæхонгæ уазæг.

– Ацафон та æвдæлон чи у. Мæнæ, зæгъын, æз дæр мæ хъæдындзтæ сисон. Рахиз мидæмæ, æз мæ къухты ахсон, – æмæ кæрты доны краны ‘рдæм фæцæуæг.

О, æхсызгонæй нæ сæмбæлд Джабейыл Минæт. Иуæй йæ куыстытæ фæстиат кæнынц, иннæмæй та зæронд ус зыдта, йæ къæхтæ йæ нозты фæдыл кæй æрбахастой.

Минæт цалынмæ йæ къухтæ æхсадта, уæдмæ Джабейы цæстытæ балы талайыл, йæ уæлæ тонынæввонг чи уыдысты, уыцы ставд  балтыл  схæцыдысты æмæ йæм уадид йæхи байста  æмæ уырдыгæй дзуры Минæтмæ:

– Дæ хорзæхæй, Минæт, ай цæй диссаджы балы тала рæзы дæ кæрты! – æмæ бавнæлдта хæрынмæ. Ратоны дзы иу-дыууæ æмæ сæ йæ дзыхы баппары. Æппытæ дзыхæй ратæхынц, сæ фыды та сын æхсызгонæй ахсæнмæ арвиты. Афтид ахсæн дæр цингæнгæ райсы адджын, æнахуыр хæринаг.

Минæт йæ къухтæ куы ахсадта, доны кранæй куы разылд æмæ Джабейы балтæ зæрдиагæй хæргæ куы федта, уæд… чысыл ма бахъæуа йæ зæнгтæ йæ быны бадзойтæ кæной, афæлурс.

– Æртонынмæ сæ хъавыдтæн, зæгъын сæ горæтмæ сывæллæттæн арвитон, – талабæласмæ æввахсдæр балæууыд, афтæмæй, цыма Джабейæн лæгъстæ кæны, зæгъгæ дзы мауал бахæр, уыйау зæгъы сылгоймаг.

– О, сывæллæтты дæр хъæуы, уæдæ цы. Диссаджы бал у, диссаджы! – зæгъы Джабе æмæ дарддæр йæ «куыст» кæны, раст, цыма не ‘мбары, балты куы бахæра, уæд дзы сывæллæттæн ницыуал баззайдзæн, уый.

– Зæгъын, дзы сывæллæттæн иу-дыууæ банкæйы къампоттæ дæр авæрдтаин… – йæхи та бакъултæ кодта сылгоймаг.

– Къампоттæ дæр хъæуы зымæгмæ, хорз къампоттæ дзы рауайдзæн. Дæ хорзæхæй, Минæт, кæм дын уыдис ацы диссаджы балы тала? – дарддæр тоны балтæ æмæ сæ хæры, афтæмæй ныхас кæны сылгоймагимæ Джабе.

–  Мæ фырт мын æй йæ каистæй æрбахаста…

– Æз амæлон, ацы тала куы байрæза, уæд дæм кæд арæхдæр нæ цæудзынæн, – «ахъæлдзæг» кодта, мæстæй йæм чи сыгъд, уыцы сылгоймаджы.

Куыд ныхас кодтой, афтæ Джабейы рахис цонг талайы цъуппырдæм йæхи тынгдæр ивæзта. Минæтмæ афтæ каст, цыма лæджы æнгуылдзтæ балтæ нæ ратонынц, фæлæ йын йæ зæрдæйы уидæгтæ сыскъуынынц. Фæлæ цы кæна, куыд æй расура йæ балы талайы бынæй? Йæ уды чи æрфидар, йæ туджы чи ахъардта, уыцы сылгоймаджы æфсарм ын уый бар нæ дæтты.

Бафсæст бал хæрынæй Джабе. Чизоны ма ноджыдæр ахордтаид, фæлæ сæм нал æххæссыд æмæ… Æмæ рахызт талайы цурæй.

Минæт ын «мидæмæ рацу» куыннæ хъуамæ загътаид, æмæ Джабе бахызт хæдзармæ дæр. Тыргъы   цы стол уыдис, уый      фа­рсмæ бандоныл йæхи æруагъта. Минæт ын йæ размæ арахъхъы дурын ацаходинæгтимæ æрхаста.

– Зоныс цы, Минæт, иууылдæр хорз,  фæлæ дæхи куыстæй æгæр ма æфхæр. Æниу, цы, ды нырма хæдзардарæг дæ. Уый æмæ дын æз кæимæ цæрын, уый! Цы дзы нал риссы, ахæмæй ницыуал баззад. Уæдæ туджы æлхъывдад, уæдæ къæдзниз, зæрдæ дæр ын йæ чеппыл нæу. Афтæмæй дын чызгæн бæззы. Нæй, Минæт, ды æнæнизæй ноджыдæр бирæ фæцæр, фæлæ æвзæнгтæ, æвзæнгтæ! Æнæниз ничиуал у, алкæмæй дæр цыдæртæ риссы…

…Джабе бирæ нал абадт. Чи нæ нуазы, уыцы сылгоймагимæ рæгъытæ кæм кодтаид! Бузныг загъта фысымæн йæ лæггады тыххæй, стæй балæфсæстæй, сыкъадзæфæй рахызт кæртæй æмæ хорз зæрдæйы равгимæ араст йæ хъæуы ‘рдæм.

Нæ уыд ахæм зæрдæйы равг Минæтæн. Иудзæвгар кæсгæйæ аззад, йæ гуыбыны йын æнæ къуркъатæй йæ балтæ чи  фæцæйхаста, уыцы уазæджы фæдыл, стæй баздæхт йæ кæртмæ æмæ æнкъардæй  йæ цæст æрхаста йæ балы талайыл.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.