Нæ горæты сыгъдæгдзинад æмæ аивдзинадыл æппынæдзух чи фыдæбон кæны, уымæ хауы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Йæ кусджытæ æдзухдæр сты сæ куысты уæлхъус æмæ архайынц, сæ разы цы хæстæ вæййы, уыдон афоныл æххæст кæныныл.

Хæдзарады хистæры хæдивæг Джиоты Юри куыд банысан кодта, афтæмæй сæ кусджытæ амæйразмæ æрæвнæлдтой Нæузæххонты уынджы 7-æм, 8-æм, 9-æм, 10-æм, 11-æм æмæ Харебаты Исахъы уынджы 52-æм хæдзæртты кæртыты алыхуызон куыстытæ æх-хæст кæнынмæ. Фыццаджыдæр рæстмæ нал уыд сæ асфальт, скалд йæ фылдæр хай æмæ уый та зындзинæдтæ æвзæрын кодта цæрджытæн. Уыцы фарст аскъуыддзаг кæнынмæ бавнæлдтой кусджытæ, скалдтой ын йæ зæронд асфальт æмæ дзы ног цъар сæвæрдтой. Нал сты рæстмæ тротуартæ дæр æмæ уыцы куыстытæ ахицæн кæныныл дæр куыстæуы, æвæрынц дзы бордюртæ, æмæ ма газонты сцъæхвæлыст кæныныл дæр куыстæуы.

Уынгты хицæн бынæтты асфальт скалд æмæ кæй ныдздзыхъхъытæ, уыдæтты аххосæй зындзинæдтæ æвзарынц куыд фистæгæй цæуджытæ, аф-тæ автотранспорты хицæуттæ дæр. Уыцы цухдзинад дæр бахынцыд æрцыд æмæ куыст цæуы сæ фæхуыздæр кæныныл.

Фæндагон нысæнттæн ис стыр нысаниуæг, æппынæдзух ыл чи змæлы, уыдон æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй. Хæдзарад дæр ацы фарст æвæрццагæй сæххæст кæныныл ба-куыста æмæ сæ 90 проценты æххæст æрцыдысты, уæлдайдæр та Джиоты Аланы, 8-æм июнь æмæ Сталины уынг-ты.

Цæрджытæ райгонд сты, горæты сыгъдæгдзинадыл æппынæдзух чи фыдæбон кæны, хæрзарæзтады куыстуаты уыцы кусджытæй дæр. Уыдон сæ куыстмæ дарынц аудгæ ахаст, æнкъа-рынц бæрндзинад, сæ разы цы ахсджиаг хæстæ ис, уым, æмæ кæддæриддæр архайынц сыгъдæгдзинадыл.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады бæрны ма ис «Ир-дизайн»-дæр æмæ уымæн дæр йæ куыстытæ  дзæвгар вæййынц. Сæ хъус лæмбынæг дарынц, уынгты цы рухсытæ ис, уыдонмæ æмæ сæ кæд исчи бæрæг аххосæгтæм гæсгæ фехæлы, уæд æвæстиатæй батыхсынц йæ цалцæг кæныныл. Сæ куыстмæ хауынц светофорты æнæаипп куыст дæр, уымæй дарддæр ма хицæн бынæтты дæр бахъæуы ногтæ сæвæрын, стæй ма сæ хъусдард здæхт вæййы иууыл тæссагдæр бынæтты уыдон баххæст кæныныл æмæ сын бантысы. «Ир-дизайн»-æн светофортæ æвæрыны куысты сæ хæстæ фæфылдæр уыдзысты, æввахс рæстæджы горæты 10 уынджы хæрзарæзтадмæ æндæр организаци куы бавнала, уæд.

Хуыбиаты Никъала 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.