Дзауы районы, Мзиугомы, арæзтад æмæ архитектурæйы министрады бахæсмæ гæсгæ, ивгъуыд азы бавнæлдтой фæсивæдæн улæфæн лагер аразынмæ. Лагеры арæзтад хæсгонд æрцыд бынæттон арæзтадон фирмæ «Бадо»-йæн. Уыдон ивгъуыд азы ныссыгъдæг кодтой 2700 кв. м. территори. Скъахтой котловантæ, ацы аз уыцы бынаты арæзт æрцыд фондз дыууæуæладзыгон корпусы. Ам ма сырæздзысты административон уагдон, алыгъуызон хъазæн фæзтæ, беседкæтæ, хъæдмæ экскурситæм цæуынæн асфальт къахвæндæгтæ. Хицæнæй дзы уыдзæн физкультурон-хосгæнæн бæстыхай. Уымæн æмæ ам баулæфыны уавæртæ хъуамæ уа се ’нæниздзинад нывыл кæмæн нæу, ахæм сывæллæттæн дæр. Улæфæн лагерæн уыцы-иу рæстæг йæ бон уыдзæн 150 сывæллоны райсын.

Ныртæккæ дæр ис сæрдыгон лагертæ. Æрвылаз дæр ахуырады министрад сорганизаци кæны, Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл, сывæллæттæ сæрдыгон улæфтыты рæстæджы, цæмæй хъæлдзæгæй сæ рæстæг æрвитой. Ахуырады министрад, уæлæмхас хъомылады хайады сæрдыгон лагермæ цы програм-мæтæ бацæттæ кæнынц, уыдон кæд цымыдисон вæййынц, уæддæр сабитæ цы бæстыхæйтты вæййынц, уыдон дзуапп нæ дæттынц улæфæн лагерты нормæтæ æмæ стандарттæн. Уымæ гæсгæ сæрмагонд базæ саразыны фарст рагæй лæууыд Ахуырады министрады боны фæткы. Ин-вестпрограммæйы фæлгæтты Мзиугомы цы лагерь сырæздзæн, уый дих æрцыд æртæ этапыл. 2023 азы лагеры арæзтад кæронмæ бахæццæ уыдзæн æмæ куыддæр эксплу-атацимæ лæвæрд æрцæуа, афтæ скусдзæн. Уымæн æмæ ам сывæллæттæ канд сæрд нæ, фæлæ улæфдзысты зымæджы каникулты дæр. Лагер-мæ улæфынмæ хуынд цæудзысты æфсымæрон республикæты сабитæ дæр. Цæмæй уазджытæ ирон культурæ æмæ традициты хуыздæр зоной, уый нысанæн лагеры хицæнæй арæзт æрцæудзысты музей æмæ амфитеатр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.