Хицауады сæрдар Джусойты Константин æмæ культурæйы министр Зæгъойты Рада базонгæ сты Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры хъæндзинæдтимæ.

Театры ахсджиаг фарстытыл бынаты æруынаффæ кæныныл хицауады сæрдармæ бахатыд Зæгъойты Рада. Уый хорз зонгæ у, театры цы аскъуыддзагкæнинаг фарстытæ ис, уыдонимæ.

Хицауады аппараты къухдариуæггæнæг Джусойты Алан, паддзахадон драмон театры аивадон разамонæг Дзуццаты Тамерлан æмæ сæйраг инженер Гаглойты Багир бæстыхайы фасад æмæ мидæггагон агъуыстытæ фенын кодтой Хицауады сæрдар æмæ культурæйы министрæн.

Гаглойты Багир уазджыты хъусдард аздæхта бæстыхайы æддагон сæрстмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд агъуыст эксплуатацийы бирæ нæй – æдæппæтæй 4 азы – æддагон æмæ мидæггагон сæрст хъæуы сног кæнын, уымæн æмæ ныскъуыдтæ ис æмæ хицæнтæ кæны. Сценæйы механикæ, зынг сивæрзты ныхмæ æмæ вентиляцион системæтæ, ныккæндон агъуыстыты микроклимат, – ацы вазыгджын системæтæ дæр хъæуы сцалцæг кæнын.

Басгæрсты рæстæджы ноджы æрныхас кодтой буфеты кусыны фарстыл дæр, куыд театры æнæфæхицæнгæ нæн атрибутыл, афтæ.

Ныртæккæ буфетон зонæ нæ кусы, уымæн æмæ культурон уагдоны финан-сон ифтонгад азы мидæг у 120 мин сомы, æмæ уый æххæст куысты фаг нæу.

Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, драмон театр у æмбæстæгты уарзон бынæттæй сæ иу. Театралон труппæйы æмæ æрцæугæ артистты спектаклтæм æрвылаз дæр æрбацæуынц 15 мин адæймагæй фылдæр, уымæ гæсгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, культурæйы ахæм ахсджиаг объектмæ хъæуы уæлдай хъусдард: «Кусдзыстæм æппæт сæвзæргæ хъæндзинæдтæ иуварс кæныныл. Фыццаг рады, æнæмæнгхъæуæг у æдасдзинады фарстыл бакусын, – вентиляцийы æмæ зынг сивæрзты ныхмæ системæйы куыст сифтонг кæнын», – банысан кодта Джусойты Константин.

Культурæйы министры бахæсмæ гæсгæ театры къухдариуæгад æртæбонон æмгъуыдмæ хъуамæ бацæттæ кæна дефектты фæдыл акт, цыран æвдыст æрцæудзысты бæрæг цухдзинæдтæ, æмæ сæ хъуамæ бавдиса Хицауадмæ.

Æввахс рæстæджы Хицауады сæргълæууæг пълан кæны кусæгон æмбырд ауадзын паддзахадон драмон тетары фарстытыл æрныхас кæныны тыххæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.