Нæ горæты уынгты цæугæйæ, зæрдæ барухс вæййы сæ хæрзæфснайдæй. Ууыл та æдзухдæр чи кусы, йæ хайбавæрд æм чи хæссы, уыдон фыццæгтæм хауынц, æр-вылбон дæр йæ аивдзинадыл чи фыдæбон кæны, уыцы кусджытæ. Уый та у Паддзахадон унитарон куыстуат, хæрзарæзтады управлени, кæцыйæн  йæ сæргълæууæг у, йæ хъуыддагыл иузæрдион чи у, куысты размæцыдыл æдзухдæр чи тыхсы, ахæм – Габуты Инал. Уый ам фæллой кæны бирæ азты, коллективмæ йын ис æнгом ахаст, уарзы йæ куыст æмæ афтæ домы йæ кусджытæй дæр.

Ам æдæппæт фæллой кæны 300 адæй-маджы, ис сæм алыхуызон хъæуæг техникæ 50 иуæгмæ æввахс, сæ хайбавæрд та хæссынц 52 уынджы сыгъдæгдзинадмæ. Иу бакастæй афтæ зыны, цыма коллектив æвæлмæцгæйæ æххæст кæны йæ разылæууæг ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæстæ. Фæлæ уый бынтон афтæ нæу. Габуйы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй кусджытæй алкæмæн дæр йæ куыстæн ис бæрæг рæстæг æмæ æрæвналынц горæты уынгты сыгъдæгдзинадмæ. Зæгъæм, цæрджытæ нырмæ сæ адджын фынтæ фæуынынц, афтæ хæрзарæзтады кусджыты иу хай та уынгтæм фæзилынц. Фæстæдæр сæ куысты уæлхъус æрлæууынц уынгмæрзджытæ æмæ фæтагъд кæнынц, сæ бæрны цы уынгтæ сты, уыдон хæрзæфснайд бакæныныл. Уæдмæ фæзынынц уæзласæн хæдтулгæтæ æд кусджытæ æмæ уыдон та бырон æмбæлон бынатмæ аласыныл фæтагъд кæнынц. Мæнæ æрбабон æмæ цæрджытæ сæ горæты хæрзæфснайдæй баззадысты разыйæ. Фæлæ бонрæфты дæр кусджытæн нæ вæййы æрулæфт, магазинты раз цы брон æрбамбырд вæййы, уыдон асæрибар кæнынц. Иудзырдæй, коллективæн суткæйы дæргъы нæй æрæнцой æмæ феххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ цæсгомджынæй.

Къаддæр нæу сæ архайд йæ дæлбаруæвæг «Ир» дизайны кусджытæн дæр. Уыдонæн  сæ нымæц у 40 адæймаджы æмæ се ‘ппæт дæр иузæрдион сты сæ хъуыддагыл. Арæхстджын разамынд сын кæны, йæ куыстыл иузæрдион адæймаг – Пæррæстаты Иринæ. Иууыл ахсджиагдæр бакæнинаг куыстытæ сын вæййы уалдзæджы æрбалæуды æмæ сæ хайбавæрд бахæссынц горæты аивдзинадмæ. Габуйы-фырт куыд радзырдта, уымæ гæсгæ къутæртæ ацы æввахс бонты æрластой 8 мины æмæ рæхджы бавналдзысты горæты сæйраг уынгтæ уыдонæй саив кæнынмæ. Саулохты Мухтары номыл уынджы сагъд æрцыд цъуйы 40 талайы, назы талатæ ма ныссадздзысты Мæскуыйы уынджы дæр. Уымæй дарддæр ма æрæвналдзысты сквертæ, Къостайы цыртдзæвæны цур, Хицауады хæдзары раз, Æнусон цыртдзæвæн æмæ æндæр бынæтты дидинджытæй сфæлындзынмæ. Æрвылаз дæр бахсæдынц бæлæсты хус æмæ уæлдай къалиутæ æмæ афтæ бакодтой æрæджы дæр. Куыддæр фæхъæрмттæ уа, афтæ  æрæвналдзысты бæлæсты зæнгтæ чъыры тæнгъæдæй сцæгъдынмæ дæр.

                      Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.