Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин дыууæбонон кусæгон балцы уыдис Китайы, бæстон æрдзырдта иумæйаг проекттыл æмæ дыууæ бæстæйы дарддæры æмахастытыл. Делегацийы сконды ма уыдысты Уæрæсейы ведомствоты æмæ хъомысджын паддзахадон корпорациты сæргълæуджытæ. Горæт Шанхайы уæрæсейæгтыл сæмбæлдысты стыр цытимæ – айтыгътой сын сырх гауыз æмæ, иууыл кадджындæр уазджытæм куыд æмбæлы, афтæ сæ сбуц кодтой.

2018 азæй фæстæмæ уæрæсейаг премьер-министрæн ахæм балц Китаймæ уыд фыццаг хатт коронавирусон низ куы апарахат, уæдæй ранымайгæйæ. Ныр та дунейы ахæм политикон уавæр сæвзæрд æмæ Уæрæсе æмæ Китайы бахъуыд хибахъахъхъæныны сæр. Хурныгуылæйнаг бæстæтæ сæ «къæбылатимæ» хæдмæлхортау æнхъæлмæ кæсынц иннæ бæстæты ныппырхмæ, уæлдайдæр та Уæрæсе æмæ Китайы бынсæфтмæ. Цæмæй та æввонгæй æрбадой кæйдæр исфæллойыл æмæ дарддæр хъаны цард кæной. Уыцы хъуыддаг сæ туджы ис рагæй фæстæмæ.

Афтæ зæгъæн нæй æмæ китайаг адæм æцæг хæларзæрдæ ахаст дарынц Уæрæсемæ. Фæлæ йæ æмбарынц, Уæрæсеимæ сæ тыхтæ куы нæ баиу кæной, уæд сæ АИШ иугай-дыгай ныддæрæн кæндзæнис. Бамбарын хъæуы уый дæр, æмæ АИШ кæй у нырма дæр иууыл хъомысджындæр паддзахад егъау хæстон потенциалимæ æмæ тыхджын экономикæимæ. Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, зæгъгæ, АИШ-æн цыдæр æнæбон президент ис æмæ сæ нæ хъæуы тæрсын. Фæлæ Джо Байден бынтондæр ницы скъуыддзаг кæны – æрмæст æй рарвит-барвит кæнынц постхæссæгау æмæ йын йæ митыл худынц. Чизоны йæ барæй дæр дарынц президентæй, цæмæй стæй алцыдæр Байдены ‘фсон фæкæной, ома, мах сыгъдæг æмæ «пумпуситæ» стæм.

Китайы экономикæ егъау у, фæлæ сæм нæй стратегион ресурстæ – нефт, хъæдæрмæг, æрдзон газ, алыгъуызон згъæртæ æмæ æндæр ахæмтæ фаг нæй. Уæрæсе та хъæздыг у алцæмæйдæр æмæ хурныгуылæйнаг бæстæтæ бæллынц йæ сæфтмæ, цæмæй йын йæ фæллæйттæ сæхи бакæной. Европæйаг бæстæтæ æмæ АИШ рагæй фæстæмæ абырджытæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ алцыдæр хъæуы лæвар. Советон Цæдисы ныппырхæй суанг Путины æрлæудмæ, зæгъæн ис, æмæ Европæ æрдзон газ æмæ нефт иста æнæаргъæй. Фæлæ уыцы рæстæджытæ аивгъуыдтой.

Уæрæсе æмæ Китайы æмахастытæ фылдæр баст сты экономикæимæ, ома Уæрæсемæ ис уæййаг товар, Китай та у æлхæнæг. Уымæ гæсгæ Мишустинимæ уыдис 1300 адæймагæй фылдæр – делегацийы скондмæ бацыдысты губернатортæ æмæ егъау куыстуæтты минæвæрттæ. Уымæ гæсгæ, дызæрдыггаг нæу, ацы балцæн кæй ис стратегион нысаниуæг æмæ йæ пайдайы фæстиуджытæ фæстæдæр кæй бæрæг кæндзысты. Фæлæ уыцы «пайда» хурныгуылæйнаг бæстæтæм нæ хауы – ам дзырд цæуы Китай, Уæрæсе æмæ æндæр хæдбар паддзахадтыл, кæцытыл АИШ не ‘лдариуæг кæны.

Фембæлдтыты рæстæджы бафыстой фондз æхсæнведомствойон бадзырды. Уымæй уæлдай ма инвестициты æмæ базарады къабæзы та бафыст æрцыд меморандум. Бадзырдтой ма, цæмæй нырæй фæстæмæ дыууæ бæстæйы бæрнон кусджытæ æмæ егъау бизнесты минæвæрттæ арæхдæр æмбæлой. Арæзт æрцыд 80-йæ фылдæр кусæгон къорды экономикæйы къабазты. Бæрæггæнæнтæ йæ куыд æвдисынц, афтæмæй ацы азы кæронмæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн базарады гуырахст схиздзæнис 200 миллиард доллартмæ. Фыццаг цыппар мæйы уал уыцы нымæц схæццæ 73 миллиард доллармæ.

Кусæгон балцы уыд Китайы

Ам ма банысан кæнын хъæуы уый, æмæ китайаг хъомысджын компанитæ æмæ куыстуæттæ кæй нæ уæндынц æргомæй Уæрæсеимæ кусын – санкцитæй тæрсынц. Уымæ гæсгæ бирæ фембæлдтытæ æмæ бафыстгонд бадзырдтытæ басусæг кодтой.

Ныридæгæн дыууæ бæстæйы ‘хсæн цы базарадон ахастытæ ис, уыцы товарты æрзылды гуырахс-тæн йæ 70% бæрцы архайынц национ валютæтæй, ома, сомтæ æмæ юантæй. Ӕмæ уыцы тен-денци дарддæр уæрæх кæндзæн.

Китайы энергетикæйы фадыджы Уæрæсейæн ис стратегион нысаниуæг. Ныридæгæн Китаймæ нефт иууыл фылдæр уæй кæны Уæрæсе, мæйæ-мæймæ фылдæр кæны æрдзон газы, æвзалыйы, электроэнергийы экспорт. Китайаг компанитæ активон хайад исынц ахæм егъау энергетикон проектты, куыд «Сила Сибири», «Ямал СПГ», «Арктика СПГ-2», Амураг газохимикон комбинат æмæ æндæрты. Иннæ къабæзты дæр æнгомдæр кæны æмгуыстад. Ныры геополитикон уавæрты уæлдай нысаниуæг ис транспортон-лигистикон маршруттæн. Ногæй æрбайгом кодтой автомобилон æмæ æфсæнвæндæгтæ, цæмæй фылдæр товартæ ласт цæуой дыууæрдæм. Уымæй уæлдай ма бангом сты бæрзондтехнологон къабазы, авиацийы, науты арæзтады, космосы æмæ æндæр ахæмты.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.