17 марты Ӕхсæнадæмон уголовон тæрхондон (МУС) санкци рахаста Владимир Путин æмæ сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Мария Львова-Беловайы æрцахсыны тыххæй. Азымджын сæ кæны, ома, Украинæйы территорийæ Уæрæсемæ æнæзакъонæй депортаци кæнынц сывæллæтты æмæ уый фæдыл хæссынц персоналон уголовон бæрндзинад. ИНО-йы Ӕдасдзинады советы рабадты уæрæсейаг минæвар Василий Небензя ацы къахдзæф банымадта æнæзакъононыл æмæ ницæйагыл.

«МУС та радон хатт равдыста, кæй архайы æрмæстдæр йæ кураторты заказтæм гæсгæ, кæй хæссы мæнг тæрхонтæ, кæй йæм нæй  компетентондзинад. Иумæйагæй сисгæйæ ацы организаци у марианеткæ хурныгуылæйнаг бæстæты къухты. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ растдæр 20 азы размæ марты мæйы АИШ æнæзакъонæй бабырста Иракмæ æмæ йæ скуынæг кодта. Фæлæ ацы тæрхондон йæ цæстытæ сæхгæдта æппæт америкæйаг æфсæддонты фыдракæндтыл. МУС Уæрæсемæ бынтондæр ницы бар дары, йæ уынаффæтæн нæй тых, уымæн æмæ мах не стæм йæ юрисдикцийы дæлбар æмæ сæ нымайгæ дæр ницæуыл кæнæм», – зæгъы Небензя.

Уæрæсейы президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг азты хурныгуылæйнаг бæстæтæ Уæрæсемæ æмæ комкоммæ та Путинмæ ахæм хæрамдзаст æвдисынц, æмæ нæм диссаг ницыуал кæсы. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Мария Захарова та хъусын кæны, ома Уæрæсе МУС-ы юрисдикцийы дæлбар никуы уыд æмæ абоны бон дæр нæй, æмæ уымæ гæсгæ йæ ордерæн нæй барадон бындур. 20 марты Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты уголовон хъуыддæгтæ бакодтой МУС-ы прокурор Карим Ахмад Ханыл æмæ тæрхонгæнджытæ Томоко Аканэ, Розарио Сальваторе Айталы æмæ Серхио Годинесыл. Уæрæсейаг слестгæнджытæ банысан кодтой, зæгъгæ Путины æрцахсыны ордер у æнæзакъонон, уымæн æмæ дзы уголовон хъуыддаг бакæнынæн бындур нæй.

Ацы цау дунейы бæстæты къухдариуæггæнджыты катайы ныппæрста – иутæ сразы сты тæрхондоны позициимæ, иннæтæ тæрсынц ядерон хæст райдайынæй, аннæтæ та хъуыдыйаг фесты, ома Путины хайадистæй мадзæлттæ цы хуызы уадзой нырæй фæстæмæ. Китайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æрсидт МУС-ы уæнгтæм, цæмæй аргъ кæной дунейон барадæн, ма пайда кæной дывæр стандарттæй, сæхи хизой политизацигонд къахдзæфтæй æмæ дунейы паддзахадты сæргълæуджытæ цы юрисдикцион æмæ тæрхонон иммунитетæй пайда кæнынц, уый ма халой.

АИШ-ы президент Джо Байден МУС-ы рахæсгæ уынаффæ банымадта растыл, кæд æмæ ацы тæрхондоны организацийы райдианæй нырыонг сæхæдæг мурмæ дæр нæ дарынц, уæддæр. Уæрæсейы минæварады АИШ-æн уайтагъд æрхъуыды кодтой, Афганистаны се ‘фсæддон фыдракæндтæ раргом кæнын куыд нæ уагътой МУС-æн. Уымæн æмæ йæ зыдтой америкæйаг æфсæддонтæ æмæ политиктæ уыдысты æцæг фыдгæнджытæ æмæ сæ нæ фæндыд сæхи счъизи кæнын.

МУС-ы уынаффæ ныкритикæ кодта АИШ-ы президенты æххуысгæнæг Джон Болтон, кæцы загъта, зæгъгæ Уæрæсейы президенты æрцахсыны хъуыддаг хорзмæ никæй æркæндзæнис, уымæй уæлдай ма йæ фæстиуæгæн ноджы фæкарздæр уыдзæн украинæйаг кризис. «МУС – тынг тæссаг организаци у, йæ архайд цæлхдуртæ æвæры дипломатийæн. Сабырад æрхæссын дæ куы фæнда, уæд ахæм æнæсæр къахдзæфтæ никуы сараздзынæ».

Сербийы президент Александр Вучич дæр не сразы ис тæрхондон уынаффæйыл. «Юридикон аспектты кой дæр куы нæ уал кæнæм, уæддæр ахæм уынаффæйæн уыдзæнис æвзæр политикон фæстиуджытæ, кæцытæ комкоммæ бандавдзысты хуымæтæг адæмы цардыл. Путины æфсæддон фыдракæндты азымджын кæнгæйæ, хурныгуылæйнаг бæстæтæ сæхицæн йемæ баныхас кæныны фæндæгтæ æхгæнынц». Ам банысан кæнын хъæуы уый æмæ Серби дæр кæй у МУС-ы уæнг.

Худинаджы бын кæй фесты, уый МУС-ы уæнгтæ сæхæдæг дæр æмбарынц. Карим Ахмад Хан йæ раныхасы æрсидт, цæмæй ацы хъуыддаг уæлахизыл мачи нымайа. «МУС фыццаг хатт йæ историйы радта æрцахсыны ордер ахæм паддзахадон архайæгæн, кæцыйы бæстæ у ИНО-йы Ӕдасдзинады советы æдзухон уæнг».

МУС æнцой кæны Римаг статуты барадон бындурыл, кæцыйы ИНО-йы Ӕдасдзинады советы æдзухон уæнгтæй сратификаци кодтой æрмæстдæр Стыр Британи æмæ Франц. Уæрæсе, Китай æмæ АИШ нæ систы ацы тæрхондоны уæнгтæ æмæ йын йæ рахæсгæ уынаффæтæ ницæмæ дарынц. Йе сконды ис 124 бæстæйы, æмæ уыдон хæссынц уæнгон фиддонтæ организацийы бюджетмæ. 20 азы дæргъы МУС срегистраци кодтой фыдракæндтæ 139 бæстæйы, фæлæ дзы æрмæстдæр 8 хатты ауагътой фæдæвзарæн куыстытæ. Ӕмæ иууылдæр уыдысты африкæйаг бæстæты. Ӕцæгæй факттæ цы æфсæддон фыдракæндты уыд, уыдоныл та сæ цæстытæ æхгæдтой. Зæгъæм, Афганистаны, Иракы, Ливийы æмæ афтæ дарддæр. Уымæн æмæ уым фыдгæнджытæ уыдысты хурныгуылæйнаг бæстæты æфсæддонтæ.

Алы бæстæйы къухдариуæггæнæг дæр пайда кæны æппæтдунейон иммунитетæй. Ӕмæ ма уыцы гоймаг куы уа хъомысджын паддзахады сæргълæууæг, кæцымæ ис ядерон хæцæнгарз, уæд йе рцахсыны фактæн уыдзæнис трагикон фæстиуджытæ. Путин пенсийы куы ацæуа, уæддæр дзы йе взæрмæбæлджытæн ницы рауайдзæнис – УФ-йы Конституцимæ гæсгæ Уæрæсе йе мбæстæгты æндæр бæстæтæм нæ дæтты.

МУС-ы бирæтæ фенхъæлынц ИНО-йы Ӕхсæнадæмон тæрхондон, фæлæ уый раст нæу. Дыууæ тæрхондоны бæстыхæйттæ дæр сты горæт Гаагайы. Дыууæ æнгæс тæрхондоны цы пайдайæн æрцыдысты арæзт, уый бирæтæ ныр дæр не мбарынц. Ис ахæм верси, ома Югослави æмæ Руандайы тыххæй цы Ӕхсæнадæмон трибуналтæ æрцыдысты арæзт, уыцы чиновниктæ æгуыст баззадысты  æмæ сын уæд æрымысыдысты ног организаци –  Ӕхсæнадæмон уголовон тæрхондон (МУС). Кæд æмæ МУС-ы архайдæн нæй эффективондзинад, йæ рахæсгæ уынаффæтæн нæдæр тых вæййы, нæдæр фæстиуджытæ, уæддæр æхцайы фæрæзтæ дзæвгар хардз кæнынц. 16 азы дæргъы бахардз кодтой 1 миллиардæй фылдæр доллартæй æмæ сæ архайдæн рекламæ саразыны сæраппонд сæ æрфæндыди Путиныл уголовон хъуыддаг байгом кæнын. Абон уал æнæхъæн дуне сæхимæ æркæсын кодтой, фæлæ сыл цыма ацы хъуыддаджы фæстæ бынтон ницæйаджы ном сбаддзæнис, афтæ мæм кæсы….

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.