Курдиатджын адæймаг — афтæ схонæн ис, æгъдауджын æрыгон чызг Хъæцмæзты Каринæйы. Хæрз чысыл ма куы уыд, уæд рабæрæг ис, кæй йын уыд æрдзæй ратгæ курдиат. Уарзта кърандастæй хъулæттæ кæнын, фæлæ дыууæ-æртæаздзыд сывæллоны хæххытæн йæ ныййарджытæ ницы нысаниуæг лæвæрдтой. Куыд рæзтис, афтæ ныв кæнынмæ йæ цымыдис тынгæй тынгдæр кодта. Цыппар азы йыл куы цыд, уæд сныв кодта уасæг æмæ йын рауад тынг хорз. Уыцы ныв сси Каринæйы ныййарджытæн «зондамонæг», уæд банкъардтой, саби хуымæтæджы кæй нæ цымыдис кæны нывгæнæн мигæнæнтæм æмæ сфæнд кодтой сæ чысыл хуры тырнындзинадмæ сæ хъус æрдарын.

«Каринæйыл 6 азы куы сæххæст ис, уæд æй бакодтам Цхинвалы сывæллæтты нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ, уым ын йæ куыстытæ федта зындгонд нывгæнæг Саулохты Мурат æмæ тынг фæцыдысты йæ зæрдæмæ, Каринæйæн та хъазгæхуызы загъта: «Ай мæнæ цæттæ нывгæнæг куы у, уæд ма йæ мæнмæ та цæмæн æрбакодтат?», — дзырдта Каринæйы мад Фатимæ.

Уыцы ныхæстæ æвзонг чызгæн фесты ныфсдæттæг. Ахуыргæнæндоны Каринæ ноджы ирддæрæй равдыста йæ арæхстдзинад. Æрвылхатт дæр-иу йæ конд нывтæ хайад истой æрыгон нывгæнджыты равдыстыты, конкурсты æмæ-иу райстой призон бынæттæ. Абон дæр ма бирæты уырнгæ дæр нæ фæкæны, райдиан кълæсты ахуыргæнинаджы къухтæй конд кæй сты.

1998 азы Цхинвалы уагъд æрцыд æвзонг нывгæнджыты конкурс. Каринæ уырдæм бавдыста цалдæр нывы, уыдонæй сæ иу — Хетæгкаты Къостайы ныв — райста фыццаг бынат. Фæстæдæр уыцы ныв æрвыст æрцыд Германмæ, стæй та Канадæмæ æппæт дунейы нывгæнджыты равдыстытæм. Уыцы равдыстыты дæр райста фыццаг бынæттæ. Ныв фæстæмæ нал æрæрвыстой, баззад Канадæйы, фæлæ Каринæйæн æрæрвыстой Нывгæнджыты æппæтдунеон конкурсы уæлахиздзауы бæлвырдгæнæнтæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ æхцайы преми.

2004 азы Каринæ Сырх дипломыл каст фæцис Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндон æмæ сфæнд кодта йæ ахуыр ЦИПУ-йы адарддæр кæнын. Радта йæ гæххæттытæ ЦИПУ-мæ æмæ-иу фæлварæн тынг хорз нысаныл ратгæйæ, сæххæст йæ бæллиц — ссис ахуыргæнæндоны аивæдты факультеты студент.

Иухатт Цæгат Ирыстонмæ Мæскуыйæ æрцыд реставратор-нывгæнæг Юрий Кузнецов, университеты къухдариуæгадæй æрдомдта аивады факультеты студенттæй арæхсджындæртæй æртæйы, цæмæй йын баххуыс кодтаиккой республикæйы цалдæр объекты среставраци кæнынæн. Се ’хсæн уыд Каринæ дæр æмæ хайад райста Тугъанты Махарбеджы музейы реставрацигæнæн куыстыты. 4-æм курсы, Каринæ, куыд хуыздæр студент, афтæ хуынд æрцыд Дзæуджыхъæуы «Модæты институт»-мæ ныв кæныны ахуыргæнæгæй. 2009 азы курдитаджын чызг Сырх дипломыл каст фæцис йæ университет æмæ бацыд Дзæуджыхъæуы аивæдты лицеймæ кусынмæ. Куыста ма, ЮНЕСКО-йы чиныгуадзæн рауагъдад ирон æвзагыл цы чингуытæ уагъта, уым иллюстраторæй.

2012 азы Каринæйæн сæххæст ис йæ иннæ бæллиц — ссис Уæрæсейы Федерацийы Нывгæнджыты цæдисы уæнг.

Аивадон рæзты къæпхæнтыл хизгæйæ Каринæйæн цы тæлмæнтæ баззад йæ хъуыдыты, уыдон тыххæй йæхæдæг зæгъы: «Сæйраджыдæр мæ фæнды бузныг зæгъын мæ аивадон фæндæгтыл мыл цы хæрзгæнджытæ амбæлд, чи мæ разæнгард кодта, мæ куыстытæн мын аккаг аргъ чи кодта, æппæт уыдонæн. Сæйраджыдæр мæ дзæнæттаг ныййарджытæн, нывгæнæн ахуыргæнæндоны мæ фыццаг ахуыргæнджытæ Саулохты Мурат, Зассеты Сæрмæт, ЦИПУ-йы лектортæ Чилæхсаты Магрез, Мæргъиты Таймураз æмæ Бедойты Шалва. Сæ фæрцы мæм фæзынд тырнындзинад, фæзындис мæм ног фæндтæ дæр æмæ райдыдтон фæндвидарæй кусын».

Каринæ йæ цард баиу кодта уæгъдибар хъæбысхæстæй бирæхатты уæлахиздзау, перспективон æмæ æнтыстджын спортсмен Уалыты Русланимæ. Сты æртæ амондджын хъæбулты ныййарджытæ. Каринæ æмæ Русланы сæ цардвæндæгтæ сæ уарзон Ирыстонæй ахастой дард, сты Францы, фæлæ уым дæр Ирыстонæн кадгæнæг. Руслан хайад райсы спортивон ерысты, ис ын хорз æнтыстытæ, у спорты уæгъдибар хъæбысхæсты тренер. Каринæ та дарддæр кæны йæ уарзон куыст. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йыл фæсарæнтæм ацыд бандæвта æрмæстдæр хуыздæрæрдæм.

«Францмæ фыццаг хатт куы æрцыдтæн, уæд уарыд къæвда. Тынг фæцыд мæ зæрдæмæ, ахæм боныгъæд цыма фыццаг хатт федтон, афтæ йыл цин кодтон. Уый мын ссис мæ ног куысты темæ. Уæдæй фæстæмæ мæ куыстыты æз арæхдæр æвдисын къæвда боныгъæдтæ. Уымæй дарддæр ма уæрæхдæрæй райдыдтон пайда кæнын ирд ахорæнтæй, фылдæр æвдисын хъæлдзæг æмæ райдзаст царды нывтæ. Уыцы фæивдтытæ мæнæн уыдысты æнæнхъæлæджы. Ноджы тынгдæр та бадис кодтон, Францы чысыл рæстæг уæвыны фæстæ мæ Брюселы уагъдцæуæг равдыстмæ куы фæхуыдтой, уæд», — загъта Каринæ.

Æввахс рæстæджы Хъæцмæзты чызг фæнд кæны йæ Ирыстонмæ æрыздæхын æмæ ам йæ аивадон куыст адарддæр кæнын. Фæлæ уал ныр та Ирыстоны æрдз, ирон адæмы истори æмæ культурæ равдисы аивадон равдыстыты æмæ уымæй зонгæ кæны йæ райгуырæн бæстæимæ фæсарæйнаг аивадуарзджыты.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.