Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты хъæутæй дзæвгар лæппутæ æмæ чызджытæ ахуыр кодта раздæр азты, уымæн æмæ уыцы рæстæджы нæ хъæуты дзæвгар адæм цард. Студенттæн уæд сырæзт æмдзæрæндон æмæ сын бирæ фæрогдæр кодта сæ ахуыры фадæттæ. Гуырдзыйы агрессийы рæстæджы уæлдæр ахуыргæнæндоны сæйраг корпус куы басыгъд, уæд æмдзæрæндон ссис,  ахуыры процесс кæм уагъдæуыд, ахæм бынат дæр.

Ацы цыппаруæладзыгон æмдзæрæндон абон дарддæр йæ лæггады хай кæны, ныртæккæ дзы чи цæры, уыдонæн. Комендант Тедеты Алим ацы бынаты кусы 5 азы, йæ хæстæ æххæст кæнынмæ кæсы бæрндзинады цæстæй, коллективмæ  йын ис хорз ахаст æмæ дзы уымæ гæсгæ сты райгонд. Æмдзæрæндоны ма сæ хæстæ намысджынæй æххæст кæнынц Гæбæраты Л., Мамиты М., Бестауты З., Гобозты Ф. æмæ æндæртæ. Студентты цæрæн хатæнтæ сты хъарм æмæ райдзаст, сæ сыгъдæгдзинадыл æрвылбон дæр архайынц сæхæдæг. Пайда кæнынц куыд  уазал, афтæ хъарм донæй дæр. Ис дзы сæрмагонд хатæн-къæбиц, фынг бандæттимæ, уазалгæнæн

Студенттæн ис интернетæй пайда кæныны фадат дæр. Уæвынад ма дзы кæны, æвзонг боксертæ сæхи кæм фæлтæрой сæ тренеры разамындæй, ахæм бынат дæр. Æввахс рæстæджы дзы уыдзæн кæсæн зал дæр æмæ æвзонг фæлтæрæн фадат уыдзæн, ног газеттæ æмæ журналтæ, стæй æндæр литературæ кæм кæсой, ахæм бынат.

                                            ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.