Хистæр кары адæм ма сæ зæрдыл хорз дарынц, æрвылкъуырисæры дæр-иу паддзахадон ансамбль “Симд” йæ диссаджы репертуар адæмы размæ куыд рахаста. Ансамбль кæд йæ кæлæнгæнæг аивад адæмы размæ тынг арæх хаста, уæддæр-иу алы концертмæ дæр билет алкæйы нæ фæцис. 

Диссаг уыд уæд ансамблы кафæг сылгоймæгтæм бакæсын. Сценæйыл-иу кафгæ куы рахызтысты кæрæдзийы фæстæ, уæд-иу мæм афтæ фæкаст, цыма, æнæбын цады, хъазтæ æрбаленк кæнынц. Адæймаг сæм кæсынæй не `фсæст. Уыцы рæстæджы уыцы кæлæнгæнæг кафджытæй сæ иу Гугутъишвили-Æлборты Медея уыд.

Иуахæмы та “Симд”-ы коллектив æвдыста йæ радон концерт. Бæрзонд, рæсугъд, æлвæст чызг ачъарайаг адæмон национ дарæсы кафыд “Гандаган.” Йæ алы фæзылд, йæ диссаджы уæнгты айст, йæ цæрдæг фезмæлдæй залы адæмы бафтыдта дисы. Кафт фæцис. Фæндыр æмæ гуымсæджы зæлтæ фæмынæг сты концертмæкæсджыты тыхджын къухæмдзæгъдæй. Кафæг чызг йæ сæрæй ныллæг акуывта æмæ фæаууон, фæлæ адæм нæ æмæ нæ æнцадысты се `мдзæгъдæй. Ногæй та цæгъдджытæ самадтой кафты мелоди. Залы бадджытæ кæрæдзийы фарстой, чи у ацы æрдхæрæйнаг чызг, зæгъгæ. Афтæ иу æрвылхатт дæр бахъуыд Медеяйы ацы кафт сфæлхатт кæнын.

Гугутишвили-Æлборты Медея райгуырд нæхи горæты – Цхинвалы. Йæ фыд Георги уыд Финляндийы хæсты хайадисæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы хæцгæ бахæццæ суанг Бер-линмæ. Уыд “Сырх Стъалы”-йы æмæ “Сырх Тырыса”-йы орденхæссæг, бирæ майданты хицау. Амондджын уыдысты йæ цардæмбал Дудайты Тамарæимæ. Фæзынд сын фыццаг сывæллон – чызг, фæстæдæр, 1949 азы ма бинонтæм бафтыд ноджыдæр  иу чызг. Ныййарджытæ тынг фæцин кодтой сæ дыккаг чызджы райгуырдыл æмæ йыл ном сæвæрдтой Медея. Скъоламæ цæуынхъом куы фæцис, уæд ахуыр кодта нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы. Уым куыста йæ  мад Тамарæ дæр. Медея афтæ зæрдæргъæвд уыд ахуырмæ æмæ йыл ахуыргæнджытæ сæ цæст æрывæрдтой. Афтæ иу къласæй иннæмæ хызт.  Уыцы рæстæджы се скъолайы баконд æрцыд кафджыты къорд æмæ йын къухдариуæггæнæгæй та нысан æрцыд номдзыд кафæг, республикæйы сгуыхт артист, дзæнæттаг Гаглойты Хазби. Уæд Медея ахуыр кодта æхсæзæм къласы. Ахуырмæ куыд æвзыгъд уыд, афтæ разынд кафты хъуыддаджы дæр. Цыбыр рæстæгмæ ссис къорды хуыздæр кафджытæй сæ иу.

…Уыцы аз Хуссар Ирыстоны  зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль “Симд” йæхи цæттæ кодта дæргъвæтин сфæлдыстадон балцмæ æмæ расидт конкурс, кафджытæ кæй хъуыд ансамблы, уый тыххæй. Уыцы рæстæджы дзæнæттаг Гусойты Ленгиор ахуыргæнæгæй куыста 2-æм скъолайы. Зыдта Медеяйы арæхстдзинад æмæ йæм бахатыд, цæмæй хайад райса ансамблы конкурсы. Медеяйæн йæ фыд уыцы аз кæй фæзиан, уый тыххæй нæ разы кодта, фæлæ йæ Ленгиоры ныхас басаста, стæй йын йæ мад дæр бар радта, æмæ уæд Медея дæр сразы…

Кæлæнгæнæг аивад æй кодта йæ уацары

Уыцы рæстæджы ансамблы балетмейстерæй куыста Медеяйы скъолайы кафджыты аивадон къорды къухдариуæггæнæг Гаглойты Хазби. Куыддæр Медея ансамблы репетицион залæй бахызт æмæ йæ Хазби ауыдта, афтæ бацин кодта æмæ мидбылхудгæйæ сдзырдта: – Мæнæ нын цæттæ кафæг. Мидæмæ рахиз Медея!

Уыцы бонæй Медея ссис Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты  паддзахадон ансамбль “Симд”-кафæг. Райдыдтой æрвылбонон репетицитæ. Хазби нæ ауæрста йæ хъаруйыл, йæ зонындзинæдтыл æмæ сæ рæдауæй амыдта   æрыгон кафджытæн. Иу бон, репетицийы рæстæджы ансамблы директор Хазбимæ басидт æмæ йын бамбарын кодта, зæгъгæ, “Гандаган”  цы чызг кафыд, уый кæй ацыд Тбилисмæ. Æвæстиатæй хъуыд йæ бынатмæ иннæ кафæг сылгоймæгтæй искæй бацæттæ кæнын. Хазби ахъуыды кодта æмæ Медеяйæн афтæ зæгъы, зæгъгæ, хъуамæ бафæлварæм дæу   “Гандаган”-ы кафты. Медея фефсæрмы æмæ сабыргай сдзырдта, зæгъгæ, мæ бон нырма нæ бауыдзæн йæ акафын.

– Кæд ансамблмæ æрбацыдтæ, уæд хъуамæ дæхи сфæлварай кæм хъæуай уым, – фидарæй загъта Хазби.

Йæ æнувыд куысты фæрцы Медеяйæн цыбыр рæстæгмæ йæ къухы бафтыд стыр æнтыстытæ æмæ ма радон концерт  æвдисынмæ дыууæ бо-ны куы хъуыд, уæд “Гандаган”-ы номыр дæр уыд цæттæ.

1968 азы кæрон ансамбль “Симд” хъуамæ ацыдаид æртæмæйон сфæлдыстадон балцы: Украинæ, Молдави, Белорус, Прибалтикæйы республикæтæ, Калининграды область, Ленинград æмæ Мæскуымæ. Уæд фыццаг хатт цыдис Медея сфæлдыстадон балцы. Ансамбль равдыста 79 концерты. Ацы балцы рæстæджы ансамбль “Симд” Донецкы горæты концерт куы равдыста, уæд дидинджыты бастимæ сценæмæ схызт  Абакумовы номыл шахты кусæг, Социалистон куысты хъайтар Ленины премийы лауреат И.Д.Зинченко æмæ коллективæн, стæй ирон адæмæн раарфæ кодта шахтерты номæй. Æмæ, сæрмагондæй банысан кодта “Гандаган”-ы кафæг чызджы арæхстджын кафт.

Цыдис рæстæг æмæ Медея ссис ансамбль “Симд”- солисткæ. Йæ диссаджы репертуары фæзынд ирон адæмон æнæнкъуысгæ уæздан кафт “Фæсивæды кафт”, ”Фыййæутты кафт”, рагон  ирон хонгæ кафт, фæлæ йын æппæтæй зынаргъдæр систы Гаглойты Хазбийы æвæрд “Аланты сюитæ”-йы чындзы фæлгонц æмæ “Ган-даган”-ы кафт.

1971 азы уагъд цыд Советон Цæдисы  Коммунистон партийы  XXlV съезд. Уырдæм хуынд æрцыдысты канд Советон Цæдисы нæ, фæлæ сценæйы дунейы зынгæ стъалытæ цытджын концерты хайад райсынмæ. Ацы концертмæ хуынд æрцыдысты “Симд”-ы артисттæ – Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Лалыты Азæ, йе ‘мкъай Галуанты Владимир, Хъотайты Кларæ, йе ‘мкъай Тъехты Петр, Джиоты Феликс æмæ Гугутъишвили Медея. Уыдон съезды делегаттæн акафыдысты номдзыд ирон “Хонгæ кафт”. Уый уæд стыр цин æмæ бæрндзинад уыд Медеяйы царды. Йæ диссаджы кафты тыххæй куыд йе `мбæлттæ, афтæ уый дæр æрыздæхт стыр æнтыстытæ æмæ лæвæрттимæ. Æппæтæй стырдæр æхсызгондзинад та йыл æрцыд 1971 азы ансамблы солист Æлборты Гемиримæ йæ цард куы баиу кодта, уæд. Уæдæй абонмæ амондджынæй, хъæрмудæй цæрынц иумæ сæ хъæбултимæ, уыдоны хъæбултимæ.

Ацы дыууæ уарзæгой удæн æмæ дæсны кафæгæн ансамблы  артисттимæ иумæ æмдзæгъд кодтой дыууæ хатты Кремлы съездты галуаны, Ленинград, Прибалтикæйы, Астæуккаг Азийы, Украинæ æмæ Молдавийы, Дард Скæсæны æмæ ныгуылæн горæтты æмæ æрвылхатт дæр здæхтысты сæ райгуырæн Ирыстонмæ æнтыстытимæ.

Медеяйæн йе сфæлдыстадон архайды  Гаглойты Хазбийæ дарддæр стыр æххуыс бакодтой “Симды” раздæры аивадон къухдариуæггæнджытæ – балетмейстертæ   Саулохты Мэлс, Къæбысты Аслан, хореограф æмæ кæфтытæ æвæрæг Цыбырты Валодя æмæ сæ абоны онг дæр  сæрыстыр у. Уыдоны æмæ йе стыр курдиаты фæрцы схызт кафты аивады бæрзæндтæм.

Æлборты Гемир

Бонæй бонмæ Медеяйæн йæ курдиат ирддæрæй æрттывта ирон сценæйæ.Йæ æнувыд куыст ын æнæ рахатгæ нæ фесты уæды къухдариуæгад æмæ йын Гуырдзыстоны Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд сгуыхт артисты кадджын ном. Уыцы кадджын номимæ Медея сфæлдыстадон балцы æрзылд æмæ йын æмдзæгъд кодтой Кипры, 1981 азы – Германы Федеративон Республикæйы, Йемены Адæмон Демократон республикæйы, 1985 азы – Иорданийы æмæ 1994 азы та Медеяйы сфæлдыстадимæ зонгæ кодтой Францы  аивадуарзджытæ. Медея ансамблы æнæзæрдæхудтæй фæкуыста 27 азы дæргъы. Активон уыд ансамблы æхсæнадон царды дæр. Цалдæр азы уыд профцæдисты бынæткомы сæрдар, ансамблы аивадон æркасты уæнг. Ансамблы кусгæйæ йæ бирæ хорзæхтимæ йæ риуæй рарттывта “Куысты ветераны майдан”дæр. Медея ацыд пенсийы, фæлæ йæ ногæй æрбахуыдтой ансамблмæ балетмейстрæй æмæ ма дзы ноджыдæр бакуыста авд азы бæрц.

1976 азы Медея фæсаууонмæ бакаст Хуссар Ирыстоны педагогон институты филологон факультет. 1995 азы йæ  кусынмæ фæхуыдтой Колыты Аксойы номыл лицеймæ æмæ ам дæр хореографийы дæсныйад амонгæйæ стыр ахъаз фæцис кафтмæ ахуыргæнинæгты курдиат раргом æмæ райтынг кæнынæн.

Йæ æнувыд архайды тыххæй ма хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ. Ныртæккæ Медея сфæлдыстадон куыст нал кæны, фæлæ Гемир дарддæр йæ зонындзинæдтæ рæдауæй амоны Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кафджыты къорды студенттæн æмæ дзы студенттæ сты райгонд.

Нæ адæмы уарзон кафæг Медеяйыл ацы аз æххæст кæны 75 азы æмæ йын нæ цæст уарзы йæ бинонтимæ  амондджын цард.

       БЕСТАУТЫ Валя

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.