Нафийыл  99 азы сæххæст уыдаид абон

Дунейӕн ӕнӕ адӕймаг уӕвӕн куыд нӕй, афтӕ нӕй уӕвӕн ӕнӕ фӕлгонц литературон уацмысӕн дӕр. Уацмысы структурон сконды аразӕг хӕйттӕй иу уӕвгӕйӕ, уымӕн ис ахъаззаг нысаниуӕг. Фӕлгонц у уацмысы архитектоникӕйы змӕлынгӕнӕг, рӕзынгӕнӕг тых. Номсусæг кӕнӕ аллегорион фӕлгонц та у, фыссӕг иу фӕлгонц ӕндӕрӕй куы баивы. Искӕуыл комкоммӕ нӕ, фӕлӕ сусӕг хуызы, «дӕлгоммӕ ныхасӕй» ӕндӕр фӕлгонцы ̓руаджы, зӕгъӕм, цӕрӕгойы хуызы, искӕуыл куы  фӕхуды, кӕнӕ ӕнӕуд предметы ̓руаджы цавӕрдӕр цау куы равдисы. Номсусæг фӕлгонцы традици ныббиноныг суанг антикон дунейӕ Эзопы баснитӕй райдайгӕйӕ ӕмӕ дарддӕр кӕны абоны онг дӕр. Фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболатмӕ номсусæг фӕлгӕнцтӕ свӕййынц Голлаг ӕмӕ Хӕрӕг. Аллегори уынӕм Къоста, Секъа ӕмӕ ӕндӕр ирон поэтты басниты.

Нафийы сфӕлдыстады номсусæг фӕлгонц арӕх не ̓мбӕлы, фӕлӕ поэт сӕ равдисынӕн ссары иттӕг аив, оригиналон фӕрӕзтӕ. Сатирӕ ӕмӕ аллегорийы ӕмиуад уынӕм басни «Арс, бирӕгъ ӕмӕ фыр»-ы. Бирӕгъ фӕцайдагъ фысты дзугмӕ. Хъыгдаргӕ сӕ арӕх нӕ кодта, фӕлӕ хаста уӕрыччыты. Хъӕбулы маст кӕм уромы ныййарӕг ӕмӕ йыл арсмӕ хъаст ныффыстой. Фыры, фысты минӕвары «Æрбадын кодта арс йӕ разы,//Тамако дымгӕ йӕм лыстӕггай хъуыста». Арс тамако кӕй дымы, уымӕй автор ӕмбарын кӕны йе стыр хицаудзинад, йӕ уавӕры ахсджиагдзинад. Арс хъуыддагхуызӕй скъуыццаг кӕны фысты хъысмӕт. Ам Арс у уӕлдӕр хицауы номсусæг, йӕ архайд, йӕ митӕ дӕр бынаты бадӕг хицауимӕ баст сты. «Цытӕ кӕны!…» Йӕ сӕр-иу тынг нынкъуыста. // Цыбыр дзырдӕй, арс диссаджы лӕг разынд!» Арсы мӕстӕн ма кӕрон кӕм вӕййы, фыры цур бартхъирӕн кӕны бирӕгъмӕ йӕ куыстӕй йӕ сисынӕй, йӕ фӕрстӕ йын хъилӕй ныттӕбӕкк кӕнынӕй.

Фыры ныфс бацыд сӕ уавӕр хуыздӕрӕрдӕм кӕй фӕивдзӕн, уымӕй ӕмӕ «цингӕнгӕ ӕрхъылдым кодта фыстӕм». Гӕххӕттыл арс бирӕгъмӕ ныффыста, хъаст ыл кӕй ӕрбацыд фыстӕй, ӕмӕ йӕм рӕстӕгыл куы нӕ ̓ркӕса, уӕд дзы стӕг стӕгыл нал хӕцдзӕн. Бамӕстджын бирӕгъ, фӕлӕ йӕхи ныуурӕдта ӕмӕ арсмӕ ныффыста, ныфс ын бавӕрдта, ӕфхӕрд кӕй нал уыдзӕн, уымӕй «Стӕй фыры хъастыл резолюц нывӕрдта: «Фыдызгъӕл фиддӕны ӕрцӕуӕд фыр лӕвӕрд!»

Бирӕгъ баснийы у дӕлдӕр чиновник ӕмӕ ӕнӕ уӕлдӕр хицауад уый фысты хӕрын нӕ бауӕндыдаид. Авторы ацы хъуыды фергомдӕр уацмысы фӕстаг рӕнхъыты:

Хъаст ма ракӕнӕд искӕцы арс махӕй,

Куы райсы хъаст цъӕх бирӕгъыл, уӕд ӕй

Нӕ фӕхъӕуы цъӕх бирӕгъмӕ ыздахын!

Уӕдӕ!..

Цъӕх бирӕгъмӕ здахын та йӕ уымӕн нӕ хъӕуы, ӕмӕ йӕм ис арсӕн цӕсткъахӕн: давӕггаг кӕнӕ тыхӕй исӕггагӕй фылдӕр хай арсӕн йӕхимӕ цӕуы. Уӕндон резолюц дӕр уымӕн нывӕрдта бирӕгъ. Уӕдӕ арс ӕмӕ бирӕгъы номсусæг сты уӕлдӕр ӕмӕ дӕлдӕр чиновниктӕ, кӕцытӕ давынц ӕхсӕнадон мулк иумӕ, фысты ӕмбырдгонд фӕлгонцӕй та фӕсномыгӕй ӕвдыст ӕрцыдысты мӕгуыр, ӕфхӕрд адӕм, кӕцытӕ агурынц рӕстдзинад, фӕлӕ йӕ нӕ арынц мӕнгард дунейы. Стыр хицау арсы хуызы ӕнӕнхъӕлӕджы ӕвдыст мыййаг не ̓рцыд. Арс йӕ физикон тыхӕй тыхджын у, хицау та – йӕ бынатӕй. Æппӕт бар-тӕ дӕр сты йӕ къухы ӕмӕ йӕм ис тых дӕр. Разамынд кӕны рӕстдзинадӕй нӕ, фӕлӕ тыхбарӕй.  Бирӕгъ йӕ уды миниуджытӕм гӕсгӕ зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй у, ӕрбайсынмӕ зивӕг кӕй нӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ давӕг чиновник фӕсномӕй ӕвдыст ӕрцыд бирӕгъы хуызы.  Фыс бонзонгӕ, сабыр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕбар, ӕфхӕрд адӕм ӕвдыст ӕрцыдысты фысты хуызы.

Бынатмӕ бырсӕг, цытуарзаг адӕймаджы номсусæг свӕййы Бабыз басни «Бабызы ӕмбисонд»-ы:

 

Уыд иу бабыз мӕллӕг ӕмӕ ныллӕг,

Ту дӕр ыл нӕ бакодтиад лӕг…

Уый рагӕй уыд цыты куыстмӕ бӕллӕг

Æмӕ куыддӕртӕй хъарм бынатмӕ бахызт

 

Иугӕр йӕ бынат ссардта, уӕд, Темырболаты фӕсном хӕрӕгау, сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдыдта ӕмӕ нал у ныллӕг асӕй. Хӕрӕн бынатмӕ кӕй баивӕрзт, уый ̓руаджы бахӕрзхуыз ис. Нал хӕссы сӕрмӕ хӕстӕг ӕмӕ ӕмгары. Домы цыт ӕмӕ аргъуц: «Сымах» ын зӕгъ, уӕд-иу йӕхицӕй бабуц». Кӕсӕджы фӕлгӕнӕны сысты худӕджы ныв бабызы ӕддаг бакасты афыстӕй: «Хуыздӕр дарӕсы сфӕлыста йӕхи: //Ныккодта шляпӕ модайы зынаргъ худ». Цӕмӕн ӕвдисы ӕгуыдзӕг чиновникы поэт бабызы хуызы?

Фарст риторикон у. Бабыз куыд уӕззау ӕмӕ ницыхъом у, ахӕм у нӕ чиновник дӕр. Нӕй йын ӕнтыст йӕ куысты, уымӕн ӕмӕ нӕу йӕ бынаты аккаг, нӕу компетентон йӕ хъуыддаджы. Фӕлӕ уый бабызы бынтондӕр ницы хъыгдары, ӕрдумӕ дӕр ӕй нӕ дары. Ахӕм ӕгуыдзӕг чиновниктӕм хиуыл ӕууӕндындзинад фылдӕр вӕййы. Елбыздыхъойы Муссӕ йӕхи йӕ номӕй хонын куыд нал уадзы, Мишик мӕ хонут, зӕгъгӕ, афтӕ нӕ бабыз дӕр йӕ ном йӕ сӕрмӕ нал хӕссы ӕмӕ «Йӕхи ысхуыдта иу рӕсугъд бон  «Уихи» // Йӕ фындзы бын ӕрзайын кодта рихи» ӕмӕ тынгдӕр куыннӕ ныббуц йӕхицӕй, фӕнды йӕ стырдӕр аргъуц дзы куы кӕниккой, уый. Фӕлӕ тыхмийӕ ми нӕй. Темырболат йӕ «хӕрӕгӕн» уымӕн зӕгъы: «Дӕ саргъ куы уаид сыгъзӕрин, // Лыг куы уаиккой дӕ хъустӕ, //Бӕх дӕ уӕддӕр нӕ хонин», уымӕн ӕмӕ «Хӕрӕг йӕ сӕрӕй бӕрӕг у». Æлгъаг «ӕрсытӕн», «бирӕгътӕн», «бабызтӕн», «хӕрджытӕн», «голджытӕн» поэттӕ сӕ ныхмӕ ӕвӕрынц удыхъӕды сыгъдӕг ӕууӕлтӕ, лӕджы ном, лӕджы фарн. Тыхамалӕй аргӕ кад не ссардта нӕ баснийы хъайтар бабыз ӕмӕ фӕхауӕггаг йӕ хъарм бынатӕй, ӕрхауд йӕ раздӕры, йæ аккаг ранмӕ. Æмӕ ныр: «Фыццагау бабыз у мӕллӕг, ныллӕг// Æмӕ йыл ӕлгъ кӕны ныр алы лӕг!» Цы нӕ дӕ, дӕхи уым ма ̓вӕр – ахӕм у нӕ баснийы мораль. Додойаг уый у, чиновниктӕ-бабызтӕ арӕх кӕй нӕ фӕзонынц, ӕцӕгӕй чи сты æмæ цæй аргъ сты, уый.

Талынг ӕмӕ рухсы ӕнусон быцӕуы темӕ уӕрӕх у литературӕйы. Уыдон сты æппынæдзухон быцæуы. Æндӕр интерпретаци райсы ӕмдзӕвгӕ «Изӕры рухсытӕ»-йы.

Æмдзӕвгӕйы райдианы талынг ӕмӕ рухсы быцӕу фергом вӕййы метафорон ӕмӕ абарстон равдысты: «Баизӕр и. Рухсытӕ// Рудзгуытӕй ӕддӕмӕ //Радардтой сӕ бур сытӕ // Талынгмӕ быцӕумӕ. Радардтой хӕцаг галау// Тохы бон ӕнхъӕлӕй».  «Бур сытӕ» автор хоны электрон цырӕгъты рухс. Уымӕй ӕмдзӕвгӕйы поэтикон аивдзинад кӕны бӕрзонддӕр. Рухсытӕ сӕ сытӕ радардтой «хӕцаг галау». Тропты ̓руаджы, ома метафорӕ «рухсыты бур сытӕ» ӕмӕ абарст «хӕцаг галау» тыхджындӕр кӕнынц ӕмдзӕвгӕйы аивадон тых ӕмӕ поэты сфӕлдыстадон хъомыс.

Уайтагъд хъуыддаг райсы ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзилӕн: кӕрты зайӕг тала ӕмӕ рухсы цӕхӕр свӕййынц дыууӕ ӕвзонг уды номсусæг фӕлгӕнцтӕ. «Кӕрты иунӕг, раст тала// Усгурау, нысхъӕл и» «Уый кӕд йеныр фӕрсагӕй // Буц чызджы цӕст ракаст?» Усгур лӕппу (ома тала) чызгмӕ(ома рудзынгӕй цы рухс кӕлы, уымӕ) йӕ ныфс нӕ хӕссы, уыцы ӕнӕныфсхастдзинад поэт сбӕтты ӕхсӕвы таримӕ, талынгимӕ: «Усгурыл фыртӕрсагӕй// Сау нымӕт ныппака?» Талайы фӕстӕ зайы рагзӕронд фӕткъуы бӕлас. Фӕткъуы бӕласы ӕдзӕллаг бӕлвырд цӕуы ахӕм метафорӕтӕй: «азгъӕлди йӕ тӕнхъуын», «йе уӕхсджытӕ джи-хы уагъд, къубал – даргъ, тӕбынау».

Зӕронд фӕткъуы бӕлас та у кардзыд лӕджы номсусæг ӕмӕ йӕ сагъӕс у, йӕ царды рагвӕззӕг кӕй ралӕууыд, ууыл: «Сау лӕппуйӕн нал бӕззын// Нал дӕн кардӕлвӕстау». Дыууӕ уарзоны ахастытӕ ӕмӕ уыцы иу рӕстӕджы зӕронд ӕмӕ ногы ныхмӕвӕрд, цард иудадзыг ӕнусон кӕй нӕу, кӕй йын ис райдайӕн ӕмӕ кӕрон, уый у ӕмдзӕвгӕйы сӕйраг идейӕ ӕмӕ йӕ поэт иттӕг дӕсны ӕмӕ арӕхстджынӕй раргом кодта номсусæг фӕлгӕнцты ̓руаджы.

Зӕрондыл, иунӕгдзинадыл сагъӕс ӕмӕ хъынцъым уынӕм ӕмдзӕвгӕ «Иунӕг бӕласы».  Иунӕг бӕлас у поэтӕн йӕхи номсусæг. Æмдзӕвгӕйӕн ис автобиографион характер. Бӕлас дӕтты дыргъ, поэты дыргъ та сты йӕ сфӕлдыстадон бынтӕ. Бӕласӕн нызгъӕлд йӕ сыфтӕр, фӕлӕ… «Æцӕг ӕз нӕ тарстӕн мӕ дыргътӕн бынсӕфтӕй // Мӕ ныфс уыд мӕ дыргътӕй нӕртон фӕззӕг хъармы!» Зӕронд бӕлас ӕмӕ кардзыд поэт, дыргъ ӕмӕ сфӕлдыстадон бынтӕ – уыдон сты уацмысы ныхмӕвӕрд аллегори. Æмдзӕвгӕйы пессимистон равг кӕны тыхджындӕр ӕмӕ бӕлвырд цӕуы уымӕй, йӕ дыргътӕй цы ныфс ӕвӕрдта, уый дӕр кӕй нызгъӕлӕн. Ахӕм уавӕры поэтмӕ ӕрцӕуы ӕгӕрон хъынцъым, уавӕры цъыссымы кӕй бахауд, уымӕй ӕмӕ йыл бафты катай: «Куыд ис уӕд фӕцӕрӕн// Сӕрнывонд лӕгӕн дӕр// Æрхӕндӕджы малы!». Диссаджы поэтикон фӕрӕз у метафорӕ «ӕрхӕндӕджы мал» ӕмӕ амоны «сагъӕсы цады ленк кӕнын».

Царды карз ӕцӕгдзинады ныхмӕ нӕй лӕууӕн – мӕлынц поэттӕ, фӕлӕ нӕй амӕлӕн се сфӕлдыстадӕн. Уый цӕрдзӕн цалынмӕ йын кӕсӕг уа, уӕдмӕ.

Нафийы номсусæг фӕлгӕнцтӕ «арс», «бирӕгъ», «бабыз» (хицӕутты хуызы), «фыстӕ» (мӕгуыр, кусӕг адӕм), «тала бӕлас» (усгур лӕппу), «элекрон рухс» (чызджы цӕстытӕ), «фӕткъуы бӕлас» (зӕронд лӕг), «бӕлас» (кардзыд поэт) сты хигъӕдон ӕмӕ оригиналон ӕмӕ ссардтой аккаг бынат ирон литературӕйы фӕлгӕнцты системӕйы.

БИАЗЫРТЫ Аллæ,

Филологон зонæдты кандидат

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.