Номдзыд ирон ахуыргонд, профессор Абайты Васойæн Цхинвалы цы хæдзар-музей уыд, уый 2008 азы хæсты куы басыгъд, уæдæй фæстæмæ бирæ азты фенхъæлмæ каст, кæд æм æрывналдзысты аразынмæ, фæлæ бирæ аххосæгтæ, бирæ æфсæнттæ мысыдысты, йæ саразын кæмæ хауд, уыцы къухдариуæггæнджытæ.

Цалдæр азы размæ æрæвнæлдтой Абайты Васойы хæдзар-музейы арæзтадмæ. Проект саразын бахæс кодтой æвзонг архитектор Дзигойты Каринæйæн. Уый цы проект сарæзта, уымæ гæсгæ объекты бындурон конструкцимæ æнæ бавналгæйæ бакусын хъуыд ног корректировкæтыл. Музейæн хъахъхъæд хъуамæ æрцыдаид йæ фасад, фæлæ хатæнты равæрд та хъуыд чысыл фæивын. Цæмæй дзы фадат уыдаид равдыстытæ уадзынæн.

2014 азы нæ номдзыд ахуыргонды хæдзар-музейы бæстыхай саразыны хæс йæхимæ райста татарстайнаг арæзтадон фирмæ «Эверест». Кæцы фирмæ уыцы рæстæджы арæзта драмон театры бæстыхай. Арæзтадон фирмæ ныфс æвæрдта, ацы объект арæзт кæй фæуыдзæнис иу азы æмгъуыдмæ æмæ йæ Хуссар Ирыстонæн кæй ратдзæн лæвары хуызы.

Райдианы татарстайнаг аразджытæ архайдтой рæвдз, объектæн уайтагъд арæзт æрцыдысты йæ бындур æмæ йæ систæ. Фæлæ иу афон аразджытæ æрбайсæфтысты æмæ музейы арæзтад ныннымæг. «Эверест»-ы къухдариуæгад дзырдта, зæгъгæ, сын финансон фæрæзтæ нæ фаг кæнынц æмæ, дам, уый аххосæй арæзтад рæстæгмæ æруромдзыстæм.

Арæзтад æрлæууыд. Нæ республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ катæйттыл фесты, бынтондæр куы айрох уа, уымæй тæрсгæйæ. Уыдон бахатыдысты ныры Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй сын музейы арæзтадæн баххуыс кæна.

2008 азы хæсты агъоммæ, Абайты Васойы студенткæ, профессор Битарты Зоя ирон æвзаджы бæрæгбон нысан кæныны фæлгæтты паддзахадон университеты студенттимæ цы цытджын мадзæлттæ уагъта, уыдон уагъд цыдысты Абайты Васойы музейы. Ам æххæстбæрцæй банкъарæн уыд ахуыргонды гениалондзинад. Ныр цалдæр азы, хъыгагæн, скъоладзаутæ æмæ студенттæ иппæрд уыдысты уыцы цымыдисон лекцитæй.

Президент ныфс бавæрдта, музей ирон æвзаджы бæрæгбонмæ кæй сцæттæ уыдзæнис. Ивгъуыд аз Бибылты Анатоли Культурæйы министр Зассеты Жаннæимæ иумæ агурын райдыдтой фæрæзтæ, ссардтой спонсорон æххуыс чи хъуамæ бакодтаид, ахæм амалиуæггæ-нæджы. Хæдзар-музей саразыны хæс йæхимæ райста дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим æмæ йæ сарæзта цалдæр мæймæ.

Хæдзар-музей аив у канд йе ‘ддаг бакастæй нæ, фæлæ мидæгæй дæр. Ныр уым фадат уыдзæн алыгъуы-зон мадзæлттæ уадзынæн. Рæзгæ фæлтæр ирон куырыхон гоймаг, историк, этнограф æмæ иранист Абайты Васойы бынтимæ зонгæ кæндзысты цæстуынгæ æрмæджыты руаджы. Ам цы уæрæх зал арæзт æрцыд, уым сæрибарæй уадзæн уыдзæн зонадон конференцитæ.

Абайты Васойы хæдзар-музейы цы мигæнæнтæ уыд, уыдон кæд арты амæттаг фесты, уæддæр музейы уæды директор, дзæнæттаг Плиты Юзæ хæсты тæккæ размæ музейы экспонаттæй иуыл ахадгæдæрты бафснайдта. Раст цыма зæрдæйы хатыд, арты амæттаг кæй бауыдзысты, уый.

Ныр хæдзар-музей йæ дуæрттæ куы байгом кæна, уæд уыцы уæзгæ бынтæ фæстæмæ лæвæрд æрцæудзысты музеймæ.

Ирыстоны зонады иууыл ирддæр минæвары хæдзар-музей конд æрцæудзæн 2019 азы декабры мæйы райдиан, стыр ахуыргонды райгуырæн бон куы нысан кæнæм, уæд.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.