Дыууӕ ирд ӕмӕ ӕнӕферохгӕнгӕ концертӕй фӕцис классикон музыкӕйӕ регионты ‘хсӕн музыкалон марафон «Цӕгат-Хуссар». Уый арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы Композиторты цӕдисы Цӕгат Ирыстоны хайады хъӕппӕрисӕй ӕмӕ Уӕрӕсейы Культурӕйы министрады ӕххуысӕй.

Музыкалон марафон райдыдта рагуалдзӕджы Новосибирскы, ахызт Мӕскуымӕ, Цхинвалмӕ, Цӕгат Кавказы федерален зылды горӕттӕм ӕмӕ та ногӕй – Цхинвалмӕ.

Ацы музыкалон марафоны кӕронбӕттӕн къӕпхӕн куыд ацыд, уый тыххӕй зӕгъы УФ-йы аивӕдты сгуыхт архайӕг, Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Цӕгат Ирыстоны Композиторты цӕдисы сӕрдар, композитор Магкоты Ацӕмӕз:

– Нӕ проекты кӕронбӕттӕн къӕпхӕн зынгӕ цау у ӕгас Цӕгат Кавказы сфӕлдыстадон царды дӕр, цыдис Хуссар Ирыстоны дыууӕ боны. Музыкалон марафоны райдайӕны сӕ арӕхстдзинад равдыстой РЦИ-Аланийы Паддзахадон филармонийы оркестры сфæлдыстадон коллективтæ сæ иумæйаг концертæй. Сæ разамонджытæ – Ходы Олег æмæ Уалыты Нинæ. Концерт уыдис киноконцертон зал «Чермен»-ы, адæмæй дзы къухбакæнæн нæ уыд. Райхъуыстысты композитортæ Кокойты Тæтæрхъан, Плиты Христофор, Æлборты Феликс, Гæздæнты Булат, Кокайты Барис æмæ иннæты фыст уацмыстæ. Концертон программæйы солисттæ уыдысты РЦИ-Аланийы адæмон артист Дауыраты Эдуард æмæ Хадыхъаты Аллæ, стæй музыкант Дмитри Семенюк.

Зӕрдиаг арфӕтӕ сын ракодта Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Зассеты Жаннӕ, регионты музыкантты сфӕлдыстадон бастдзинӕдты нысаниуӕг банысан кӕнгӕйӕ, ӕмӕ Ходы Олегӕн радта Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисты ном.

Музыкантты иу къордӕн та Президент Бибылты Анатоли – арфӕйы гӕххӕттытӕ, музыкалон аивад ӕмӕ культурон ӕмгуыстдзинадмӕ сӕ бавӕрӕны тыххӕй.

Марафоны дыккаг ирд мадзал уыдис Цӕгат Кавказы Иугонд симфонион оркестры концерт паддзахадон драмон театры. Уыцы оркестры архайдтой Дагестаны, Цæцæны, Кӕсӕг-Балхъары, Цӕгат Ирыстоны симфонион оркестрты музыканттӕ. Дирижер сын уыдис УФ-йы адӕмон артист профессор, Дагестаны национ симфонион оркестры, Цӕцӕны паддзахадон филармонийы симфонион оркестры сæйраг дирижер Валерий Хлебников. Уый разамындӕй райхъуыстис ирон композиторты фыст музыкӕ, Галаты Барисæй райдай ӕмӕ нырыккон автортӕй фӕу. Зæрдӕйы ӕхцон ӕнкъарæнтӕ ӕвзӕрын кодта Цæгат Кавказы, Хуссар Ирыстоны, Абхазы композиторты  музыкæ: М. Кажлаевы, Д.Димаевы, А.Дагировы, Б.Темиркановы… Концерты солисттæ уыдысты УФ-йы аивæдты  сгуыхт архайæг, пианист æмæ композитор Къæбойты Никъала, курдиатджын музыкант Хуссар Ирыстонæй Къæбысты Сæрмæт.

Иугонд симфонион оркестр Цхинвалы фыццаг хатт ацагъта Магкоты Ацӕмӕзы «Беслӕйнаг симфони»-йы кӕронбӕттӕн. Адӕм иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ лӕугӕйӕ хъуыстой.

Музыкалон марафон «Цӕгат-Хуссар»-ы ахадындзинадыл дзурӕг у уый, ӕмӕ йӕ архайджытӕй цалдӕры Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли схорзӕхджын кодта паддзахадон хӕрзиуджытӕй.

Хуссар Ирыстоны Аивӕдты сгуыхт архайджытӕ систы Къӕ-бойты Никъала, Магкоты Ацӕмӕз, Диамбегты Олег, Павел Беккерман, Валерий Хлебников. Иугонд симфонион оркестры дыууадӕс музыканты райстой Хуссар Ирыстоны Президенты арфӕйы гӕххӕттытӕ.

Марафон «Цӕгат-Хуссар»-ы фӕлгӕты бӕрӕгбон саразджытæ ӕмӕ архайджытимӕ уыд пресс-конференци. Президент Бибылты Анатоли сӕрмагондӕй фeмбӕлд культурӕйы архайджытимӕ. Ныхас кодтой нӕ регионты композиторты дарддӕры ӕмгуыстдзинадыл.

Мӕскуыйаг композитор Павел Беккерманима фембӕлд Цӕгат Ирыстоны культурӕйы министр Къубалты Эльбрус.

Сфӕлдыстадон проекты «Цӕгат-Хуссар»-ы архайджытӕ тырныдтой уымӕ, цӕмӕй канд уӕрӕх музыкалон бӕрӕгбон ма суа, фӕлӕ уа цӕгаткавказаг ӕмӕ ӕппӕтуӕрӕсейаг культурон тыгъдады удварны иугӕнӕг тых, цӕмӕй курдиатджын фӕсивӕд музыкалон аивадмӕ сӕ зӕрдӕ раргом кӕной.

АБАЙТЫ Зӕлинӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.