Адæм маймулийæ хицæн кæнын куы райдыдтой, уæд дарæсæй сæ уæлæ ницы дардтой – нæдæр сæ къæхтыл дзабыртæ кодтой, нæдæр – костюм, къаба, пальто, галстук æмæ æндæр ахæмтæ, уæдæ сæ сæртыл худ дæр кæм дардтаиккой. Дарæс та æрмæст уый тыххæй нæ дардтой, æмæ сын хъуымацуафæн, дарæсхуыйæн фабрикæтæ, ательетæ, модельертæ кæй нæ уыд, фæлæ дарæс нæ дардта маймули дæр æмæ йæ уыдон дæр цæмæн хъуамæ дардтаиккой.

Цыдис рæстæг, уæдæ цы. Адæймаг æфсæрмы кæнын райдыдта, æмæ йæхи ранæй рæтты бамбæрзта. Йæ къухы-иу цы бахауд, уыдæттæй – сыфтæрæй, залмы сыфæй, цы сырдтæ мардта, уыдоны цармы гæбазæй…

Дарддæр цыд рæстæг æмæ адæймаг йæхи бынтондæр куы стухид дзаумæт-ты. Æрмæст цæсгом æмæ къухтæ ма аззадысты гомæй. Æмæ уыдон дæр цы! Бирæ рæтты уыдоны дæр бамбæрзтой æмæ ма сæ зынынц æрмæст цæстытæ. Зæгъгæ сæ развæндаг уынынæн нæ хъæуынц, уæд уыдоны дæр сæхгæниккой.

Адæймаг дарæсæй æрмæст йæ буар не ‘мбæрзта, фæлæ ма йæ хъахъхъæдта уазалæй дæр, уæлдайдæр та зымæджы карзы. Æмæ маймулитæ дæр афтæ кодтой? Нæ! Уый адæймаг сахуыр кодта афтæ йæ буары. Афтæмæй йæхи тынгæй-тынгдæр тухын райдыдта дзаумæтты.

Цыдис та рæстæг, æмæ адæймаг ныхъхъуыды кодта: алæ-ма, кæдмæ мæхи тынгæй-тынгдæр тухдзынæн дзаумæтты æмæ… æмæ дын сæ фæстæмæ цадæг-цадæг ласын куы райдаид. Кæддæр ын дарæс цы намыс кæнын кодта, уый фæстæмæ лæууын райдыдта æви æндæр исты у йæ аххосаг, уый нæ зонын, фæлæ адæймаг ласы йæ дарæс. Æмæ сæ кæдмæ ласдзæн, уымæн хæйрæг йæ зонæг. Абон уал мах цы уынæм? Нæлгоймаджы хæлаф хъыгдарын райдыдта æмæ йын йæ фадгуыты цæхгæрмæ æрчъепп ласта. Аззад ма дзы гæбаз, шортик дæр ма йæ хонынц. Сылгоймæгтæ дæр фæстæ нæ лæууынц.

Гом зæнгтæ, гом цæнгтæ, парахат риу… Зæгъгæ, буар хъармыл не ‘рцахуыр æмæ уазæлттæн фæразы, уæд зымæджы тымыгъты дæр афтæмæй цæуиккой.

Экраныл та сын бынтон арт æмæ фæнык нал ис… Уыдонмæ кæсгæйæ, бар-æнæбары дæр куыннæ ахъуыды кæндзынæ, фæстæмæ кæй цæуæм, кæцæй рацыдыстæм, уырдæм.

Сæфтмæ нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ. Уыдон барвæндонæй, кæнæ та æнæрхъуыдыйæ, халынц ирон адæмæн сæ рæбинаг цæджындз – нæ фыдæлтыккон царды æгъдау.  Ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ цæуы, æмæ фидæны нæ кæстæртæ уыцы фарн махæй агурдзысты.

Ис ахæм чызджытæ æмæ алцæмæй дæр у æххæст: йæ уынд, йæ конд, хæдзары мидæг хорз, æгъдауджын, фæлæ йæ дæ зæрдæ нæ агуры. Уæд уый æнамонд-дзинад у. Ис æндæр хабар: чызг æнæпълан дæр у, æнæгъдау дæр у, фæлæ йæ лæппу бауарзы, мæй фæцæрынц, ахицæн вæййынц. Уый у амондзинад æмæ æнамондзинад. Сылгоймаг хъуамæ зона алцыдæр: хæринаг скæнын, бафснайын, сывæллонмæ кæсын, уымæй фæстæмæ ма хъуамæ уа адæймаг, фыццаджыдæр. Хъуамæ уа зæрдæйæ адæймаг, бамбара нæлгоймаджы.

Ныртæккæ зын заман у. Ирон лæг, ирон сылгоймаг мах æмбарæм нæ рагфыдæлтæм гæсгæ. Раст у, æви нæу раст, фæлæ уæды цард æмæ ныры цард æмхуызон не сты. Мах зонæм, нæ фыдæлтæ куыд цардысты, цы агуырдтой кæрæдзийæ æгъдауы фæдыл. Нæ бон куыд у, уыцы хабар мах дæр кæнæм. Фæлæ кæмдæр къах скъуырæм, кæмдæр цард амоны йæхи. «Æнæрæдигæ дуне нæй!» – Къоста дæр ма йæ загъта. Ныййарджытæм кæсгæйæ цæрæм. Цы æгъдау нын баззади, уый алчи йæхицæн хъуамæ бамбарын кæна.

Дриаты Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.