РХИ-йы президент Гаглойты Алан æмæ Хицауады сæрдар Джуссойты Константин хайад райстой 2008 азы августы хæсты амæттæгты фæдыл Цхинвалы Мады Майрæмы аргъуаны уагъдцæуæг Хуыцаумæ мысæн бакуывды. Афтæ ма мысæн мадзалы хайад райстой Хицауады сæрдары хæдивæг – экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, Хицауады Аппараты сæргълæууæг Джусойты Алан, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ.

Панихидæ ауагъта Алайнаг Епархийы аргъуанты хуыцауæн кувæг фыд Яков. «Абон мах мысæм не ‘фсымæрты æмæ хоты, кæцытæ фæмард сты августы хæсты рæстæджы. Мах хъуамæ ма ферох кæнæм, Хуссар Ирыстоны сабырдзинады сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны нæмттæ. Мах хæсджын стæм, фæмардуæвджыты удтæн кувын, цæмæй уыдон  арфæимæ уæларвæй кæсой махмæ, цæмæй сын фенцондæр кæнæм сæ хъизæмæрттæ. Уыдон хъуамæ зоной, сæ цард адæмы сæрвæлтау кæй рауæлдай кодтой, уый æнæхъуаджы кæй нæ фæцис. Мах хъуыды кæнæм алкæйы дæр æмæ сын кувдзыстæм сæ удтæн», – загъта фыд Яков.

Службæйы фæстæ журналисттимæ ныхас кодта президент. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаджы кæй хæс дæр у, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ зонгæ кæной 08.08.08 хæсты тыххæй рæстдзинадимæ.

«Абон мах хъынцъым кæнæм æмæ мысæм нæ республикæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау чи фæмард, уыдоны. Махæй алкæйы хæс дæр у, цæмæй Ирыстоны фæлтæрты зонгæ кæнæм 2008 азы августы тæссаг хæсты тыххæй историон рæстдзинадимæ. Фидæны фæлтæртæ хъуамæ зоной, уæлахиз нæ къухты цахæм стыр аргъæй бафтыд, уый. Хъайтарты нæмттæ цæрæнбонтæм баззайдзысты нæ зæрдæты», – загъта Гаглойты Алан.

«2008 азы августы хæст у нæ республикæйы иууыл трагикондæр æмæ уыцы иурæстæджы хъайтарон фæрстæй сæ иу. Абон мах мысæм фæмардуæвæг алы цæрæджы, алы хæстоны æмæ уæрæсейаг салдаты дæр», – банысан кодта Хицауады сæрдар Джуссойты Константин.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.