Нæ горæты скъола-интернаты цы сывæллæтты лагерь уæвынад кодта, уый куыст кæронмæ бахæццæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодта ахуырад æмæ зонады министрады хъомылад æмæ уæлæмхас ахуырады хайады сæргълæууæг Джиоты Эльзæ. Уый нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ лагерь æрбаконд æрцыдис июны мæйы кæрон. Лагермæ бахауын кæй фæндыд, уыцы сывæллæтты нымæц бирæ кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы  организаци æрцыд æртæ къорды. Алы къорды дæр уæвынад кодта 140 сывæллоны. «Арæзт æрцыдысты къордтæ, кæцытимæ куыстой раздзогтæ, уагъд сын цыдис интеллектуалон хъæзтытæ, кæфтытæ, ныв кæнын, æмдзæвгæтæ кæсынæй конкурстæ, спортивон ерыстæ. Сывæллæттæй сæхи уæлдай хуыздæр чи равдыста, уыдон хорзæхджы æрцыдысты грамотæтæй», – банысан кодта Джиоты Эльзæ.

Лагерь «Солнышко» ныр уæвынад кæны цалдæр азы. Сывæллæтты зæрдæмæ афтæ тынг цæуы æмæ сæ нал фæфæнды уырдыгæй рацæуын. Лагеры хайадисджытæй сæ иу  Гаг-лойты Алисæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ дзы йæ зæрдæмæ цыдис алцыдæр: хъæзтытæ, сывæллæттæ, раздзогты ахаст сывæллæттæм. «Тынг мæ зæрдæмæ цæуы лагеры. Нæ раздзогтæ нæм ахæм фæлмæн ахаст дардтой æмæ сæ мах тынг бауарзтам, æгæрыстæмæй-иу изæры хæдзæрттæм дæр нал куымдтам. Хъæзтытæ æмæ алыгъуызон мадзæлттæй дарддæр ма нæ акодтой экскурситы: уæлвæткон уавæрты ми-нистрадмæ, музей æмæ библиотекæмæ», – дзырдта нын Алисæ.

Лагеры хайадисджыты æхсæн уыдысты До-нецкы Адæмон республикæйæ Хуссар Ирыстоны цы сывæллæттæ ис, ахæмтæ дæр. Сæ ныхæс-тæм гæсгæ уыдон лагеры сæхицæн ссардтой бирæ хæлæртты æмæ, зæгъгæ, дарддæр дæр нæ хæларад нæ фесæфдзæн.

Сывæллæттæн лагеры хæрын кодтой бон æртæ хатты: кастæ, хуылыдз хæринаг, дзи-дзайæ хæринæгтæ, цай. Хæринагаразджыты ны-хæстæм гæсгæ къæбицы кæддæриддæр вæййы хъæлдзæг атмосферæ, зæгъгæ сывæллæтты хъæлдзæг зæрдæйыуаг махыл дæр бандавы.

Кокайты Зæринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.