Ирон сылгоймаджы ном кадимæ бæрзонд чи хæссы, уыдонæй иу у Дменисы хъæуы цæрæг Икъаты Ануси. Ацы зæрдæмæдзæугæ сылгоймаг йæ алы фембæлдæй дæр адæймагæн æрхæссы æнахуыр позитивон эмоцитæ æмæ йемæ ныхас кæнынæй нал фефсæды. Йæ ныфсдæттæг æмæ зæрдæхæлар ныхæстæй адæймаджы бауадзы царды ныфс цыфæнды зын уавæрты дæр. Æрмæст йæ дзыхы сныхас дæр цасдæры аргъ у. Иу дзырдæй, æцæг ирон сылгоймаг, Нарты Сатанайы фæдон кæй фæхонынц, ахæм у Икъиан. Уæздан, куырыхон зондамонæг, хиуæтты, коллегæты, хъæубæсты ныфс у Ануси.

Икъаты Ануси 1974 азы кусын райдыдта Дменисы Культурæйы хæдзары директорæй æмæ абоны онг дæр кусы ацы бынаты. Йæ куыст æххæст кæны  цæсгомджынæй. Йæ дæлбар уæвæг уагдоны ис æндæр æмæ æндæр хæдархайгæ аивадон кружоктæ, кæцытæм стыр цымыдисимæ цæуынц сывæллæттæ. Уыдон хайад фæисынц республикон мадзæлтты æмæ дзы бацахсынц призон бынæттæ, схорзæхджын сæ кæнынц Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хъуыддаджы ис Анусийы стыр хайбавæрд дæр.

2015 азы Дменисы хъæуы байгом сабидон, йæ сæргълæууæг у Джиоты Мананæ. Уый мын афтæ радзырдта: «Кæй зæгъын æй хъæуы, сабидоны хъомылгæнджыты æмрæнхъ хъуыдис музыкæйы ахуыргæнæг дæр. Бахатыдтæн Икъаты Анусимæ, цæмæй нæм кусын райдыдтаид, уымæн æмæ горæтæй ничи сразы ис æрдæг штатыл хъæумæ цæуыныл. Æмæ 9 азы бæрц цæсгомджын куыст фæкодта сывæллæттимæ. Тынг æй бауарзтой йæ хъомылгæнинæгтæ. Йæхæдæг дæр сæ хи хъæбултау рæвдыдта.

Ануси йæ куыстæй ацæуын куы сфæнд кодта, уæд цæстуарзонæй йæ бынатмæ бацæттæ кодта Дменисы хъæуы Джиголаты чындз Мæргъиты Маринæйы. Ныр цасдæр рæстæджы нал кусы, фæлæ абоны онг дæр сывæллæттæ афæрсынц, зæгъгæ, «Антоновна» та кæм ис? Бауарзтой музыкæйæ сæ ног ахуыргæнæджы дæр».

Икъаты Ануси сабидоны йæ бынатæй æмбæлон улæфты кæй цыд, уый тыххæй йын йæ коллегæтæ Джиоты Мананæйы сæргълæудæй сорганизаци кодтой цытджын изæр. Уырдæм фæуазæг сты РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал, ацы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Козаты Олег, йæ коллегæтæ, хъæууон администрацийы кусджытæ æмæ æндæр уазджытæ.

Уыцы изæр Анусийы афтæ тынг сбуц кодтой, ахæм хъарм ныхæстæ йын фæдзырдтой æмæ сылгоймаг йæ цæссыг нæ урæдта.

Икъаты Анусийæ райгонд сты йе ‘мкусджытæ дæр, мæнæ цыма æмдзырд бакодтой, уыйау дзы иууылдæр дзырдтой йæ бакæнгæ хорз хъуыддæгтыл.

Йæ коллегæ, сабидоны методист   Джиголаты Валя та Анусийыл ныффыста æмдзæвгæ æмæ йæ бакаст цытджын изæры. Уым ис ахæм рæнхъытæ: «Ды алкæмæн мад дæ Ануси, æппынæдзух худгæ кæныс. Дæ къæбæр дæ армы æдзухдæр, нæ буц хистæр, уарзон Ану. Ды сабитау мадау рæвдауыс. Æрвылбон сын арфæ кæныс…». Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал æй схорзæхджын кодта Кады грамотæйæ. Бакодтой йын зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.

Йæ цæсгомджын куысты тыххæй Икъаты Анусийæн 2008 азы лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном.

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.