(Дзасохты Музаферыл сæххæст 80 азы)

Æрæджы ирон зындгонд фыссæг, Къостайы номыл премийы лауреат, Ирыстоны адæмон поэт, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, журнал “Ногдзау”-ы сæйраг редактор Дзасохты Музаферыл сæххæст 80 азы. Уый фæдыл ын арфæ ракæнынмæ майрæмбоны Национ наукон библиотекæмæ æрбацыд бирæ адæм: республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, фысджытæ, наукæ æмæ культурæйы минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, стыр делегаци Музаферы райгуырæн хъæу Бæрæгъуынæй (Красногор), йе сфæлдыстадæн табугæнджытæ…

Изæр амонæг Сечъынаты Альбинæ байгом кодта бæрæгбон æмæ ныхасы бар радта Фысджыты Цæдисы æмсæрдар Ходы Камалæн. Уый радзырдта йæ хæлары цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æмæ бакаст Музаферыл фыст æмдзæвгæ.

Ирон литературæ æмæ культурæмæ, стæй æхсæнадон цардмæ Музаферы стыр бавæрæны тыххæй уыд йæ ныхас Битарты Вячеславæн дæр. Республикæйы Сæргълæууæг Дзасохы фырты схорзæхджын кодта Ирыстоны стырдæр хæрзиуæг “Во Славу Осетии”-йæ.

Фыссæгæн ма арфæ ракодтой йæ хæлæрттæ Цыбырты Людвиг, Мæхæмæтты Ахуырбег, Агънаты Гæстæн, Гуырдзыбегты Иринæ, Сæлбиты Иринæ æмæ иннæтæ.

Дзæуджыхъæуы бынæтон администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хъулаты Сослан куыд фехъусын кодта, афтæмæй нырæй фæстæмæ журнал “Ногдзауæн” уыдзæн алывæрсыг æххуыс.

Арфæйы телеграммæтæ юбиляры номыл æрбарвыстой Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Цæгат Ирыстоны раздæры Сæргълæууæг Дзасохты Алыксандр æмæ Мæскуыйы ирон диаспорæ.

Зæрдæагайгæ рауад Музафер цы районæй рацыд, Æрыдонæй, уый, æмæ йæ хъæубæстæ Бæрæгъуыны минæвæрттæ æртæ чъири æмæ бæгæныйы кæхцимæ сценæмæ куы схызтысты, районы сæргълæууæг Тотраты Владиславы сæргъы, уый. Хъæубæсты номæй сæ кадджын хъæуккагæн зæрдæбын арфæтæ фæкодта Цомайты Алик. Бæрæгъуыны скъолайы ахуыр-дзаутæ та бакастысты Музаферы фыст æмдзæвгæтæ.

Æмдзæвгæтæ ма бакастысты æмæ журнал “Ногдзауы” тыххæй сæ хъуыдытæ загътой 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ.

Юбилярæн музыкалон лæвар ракодтой зындгонд ансамбль “Ирыстон”, Дзанайты Ольгæйы зарæггæнджыты къорд, Дзуццаты Сослан, Илурты Риммæ, Гæджынаты Руслан æмæ иннæтæ.

Дзасохты Музафер кæд йæ азты сæрæй акаст, уæддæр нырма куыстхъом у. Нæ зæрдæ йын зæгъы, цы бирæ чингуытæ нын балæвар кодта: “Урсдоны былыл Бæрæгъуын”, “Дæллаг Ир”, “Заман æмæ замана”, “Ирон хæс”, “Урс мæнæргъы” æмæ æндæртæ, йæ бирæ поэтикон æмбырдгæндтæ, йæ тæлмацтæ, уыдоныл ма йын иу ахæм цы бафта, йæ сæдæ азы сæрæй куыд ахиза, ахæм арфæ йæ уæд.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.