Цалдæр боны размæ интернеты фæзынд информаци, Сæрмагонд æфсæддон операцийы æппæты æвзонгдæр хайадисæг, Остъаты Рустам кæй фæцæф ис æмæ кæй райста контузи. Уый тыххæй Рустамы фыд Русланимæ телефоны ныхаскæнгæйæ, уый загъта, йæхæдæг ныртæккæ раззаг хаххыл кæй ис æмæ бæлвырдæй ницы зоны Рустамы уавæры тыххæй. Фæстæдæр нæ баиу кодта Рустамæн йæхиимæ æмæ нын йæхæдæг радзырдта бæлвырдæй.

«Блиндажæй хъуамæ рахызтаиккам æмæ дардæй суыдтам квадракоптер. Банкъардтон цавæрдæр тæссагдзинад, фæлæ фæстæмæ нал аздæхтыстæм – хæстон лæг ахæм æнкъарæнтыл йæ хъуыды ма хъуамæ дара. Систон мæ телефон æмæ баиу кодтон камерæ.  Уайтагъд нæ нысанмæ æхсын райдыдтой. Фыццаг æхстæй ахаудтæн, мæ сæрыл цыма цыдæр уæззау æрхауд, афтæ фæдæн. Фенхъæлдтон, мæ сæр фæцæф ис, мæ телефон ма зæххæй куыддæртæй систон, æмæ иууылдæр балыгъдыстæм блиндажмæ. Уым рабæрæг, æрмæст мæ каскæ кæй фесхъис ис. Дыккаг æхст æрцыд блиндажмæ æввахс, фæлæ æртыккаг цæф сæмбæлдис комкоммæ блиндажыл. Уыцы уысм рацæйхызтыстæм иннæ ‘рдæм æмæ комкоммæ æхсты уылæнæй хъустæ акъуырма сты. Æз хъуамæ рагæпп кодтаин блиндажæй, фæлæ мæ  ме ‘мхæстон æмгар Арсен æрбасхуыста иннæрдæм, æдасдæр чердыгæй уыд, уыцырдæм, йæхæдæг ахызтис размæ æмæ йыл нæмыджы схъистæ сæмбæлдысты. Фæцис уæззау цæфтæ», – радзырдта  мын социалон хызæджы Рустам.

Рустам дæр фæцæфтæ ис, схъистæ сæмбæлд йæ цæсгомыл цалдæр раны,  йæ уадулы ахызт мидæмæ æмæ бахъыгдæрдта дзыхы ком, цалдæр боны нæ хъуыста йæ хъустæй, йæ буарыл дæр ис цъæррæмыхстытæ. Арсен фæцис уæззаудæр цæфтæ – йæ сæр, йæ бæрзæй æмæ йæ риуыл ис арф хъæдгæмттæ. Рустам куыд загъта афтæмæй сæ дыууæ дæр сты госпиталы.

«Фыццаг æххуыс нын бакодтой хæстонтæ æмæ нæ æфсæддон «Тагъд æххуыс»-ыл арвыстой госпиталтæм, мæн Севастопольмæ, Арсены та йæ уавæрмæ гæсгæ  арвыстой Питеры госпиталтæй сæ иумæ. Ныртæккæ ис реанимацион хайады  уæззау уавæры», – загъта хæстон.

Рустам йæхиуыл æппындæр нæ тыхсы, фæлæ Арсены тыххæй катай кæны. «Гæнæн уыдис æмæ мæныл сæмбæлдаид комкоммæ æхст, фæлæ Арсен йæ фердæхстдзинадæй сарæхстис мæн фервæзын кæнын æмæ  йæхæдæг фæцæф».

Остайы-фырт нырма скъолайы ахуыргæнинаг у, цæуы йыл 17 азы, разæй йæм æнхъæлмæ кæсынц рауагъдон фæлварæнтæ, йæ дарддæры дæсныйады фæдыл ахуырад райсын, фæлæ ныридæгæн уый, йæ кармæ нæ кæсгæйæ, райста бæрзонд хæстон фæлæрддзинад. Куыд загъта, афтæмæй госпиталæй рацæуыны фæстæ дæр фæнд кæны йæ хæстон æмгæрттæм аздæхын. «Скъолайы фæлварæнтæ сты мæ царды ахсджиаг этап, уыдон радтыны фæстæ мæ фæнд у æфсæддон ахуырад райсын. Фæлæ мæ хæстон æмгæрттæм та æрбаздæхдзынæн æнæмæнг», – загъта  Рустам.

Рустам дарддæр æфсæддон операцийы хайад исынмæ ацæудзæнис æви нæ, уый тыххæй йæ фыд, батальон «Алани»-йы штабы хистæр Остъаты Руслан загъта: «Кæй зæгъын æй хъæуы, Рустам нырма æвзонг у, ахæм карз операциты хайад исынæн та хъæуы фæлтæрддзинад. Фæлæ æххæсткардзыд у, æмæ йæ бар у йæ дарддæры архайд йæхæдæг скъуыддзаг кæна, æз та æххæст кæндзынæн ныййарæджы хæс – мæ хъус æм дардзынæн»,- загъта Руслан.

Æрæджы Цæгат Ирыстоны республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы указæй Рустам хорзæхджын æрцыд «Ирыстоны кадæн» майданæй.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.