Удвидар, æхсарджын, Уæрæсейы Хъæбатыр Дриаты Энвер райгуырд æмæ схъомыл Ленингоры районы, цардуарзаг хæларзæрдæ бинонты ‘хсæн. Уыд сывæллæтты хистæр…

Сæрмагонд хæстон операцийы архайæг ссис Уæрæсейы Федерацийы æмæ Ирыстоны хъæбултæй сæ иу Дриаты Энвер. Райгуырæн бæстæ йæм фæсидтис æмæ, æнæдызæрдыгæй, ныфсджынæй разыйы дзуапп радта.

Энвер æфсæддон службæйæ рыздæхт, фæлæ та ногæй йæхи сбаста æфсадимæ –  бацыд Хуссар Ирыстоны  58-æм æфсады 4-æм базæмæ. Тынг уарзта йе службæ æмæ, æвæццæгæн, йæ зындзинæдтæ дæр уымæн ницæмæ дардта. Уыдис æцæг патриот.  Хъæбатырдзинад йæ дадзинты æхсыст. Энвер, нæ зынаргъ, æнæхъæн Ирыстон дæ абон сæрыстыр у…

Гыццылæй фæстæмæ уыдис сæрæн, фæлæ æфсæрмдзæстыг, уæнгрог, цæрдæг. Æмæ Украинæмæ цæуыны рæстæг куы æрцыд, уæд йæ хо æмæ  æфсымæрмæ дæр нæ байхъуыста, цæмæй ма ацæуа, уый тыххæй. Æз, дам, куы нæ ацæуон, уæд мæхи бахæрдзынæн, ме ‘мбæлттæ уым мæлгæ кæндзысты, æз та мæхи мæ мады фæдджийы бамбæхсон?! Ныр хъусæм йæ хъæбатырдзинады хабæрттæ. Уыцы миниуджытæ куы нæ равдыстаид, уæд уый мах Энвер дæр нæ уыдаид.

Хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады фæлварæнтæ, хорздзинад аразын ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй кæй хъæуы, уый бирæ хæттыты равдыста. Фыдыбæстæ æцæг хъахъхъæнæг, йæ цард дæр рауæлдай кодта йæ райгуырæн уæзæджы тыххæй, уымæй удуæлдай лæггад бакодта йæ адæмæн.

О, уæззау уаргъ æрхауд ирон хъæбатырмæ, бахъуыд æй фыдызнаджы ныхмæ æрлæууыны сæр. Куыд уынæм, афтæмæй не ‘рныллæг кодта ирон лæджы хæстон цыт.

Æппындæр дызæрдыггаг никæмæн уыд, ацы цæхæрцæст лæппу, æфсæддон уагæвæрд хынцгæйæ, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, хъæбатырæй кæй архайдта æнæуынон неонацизмæй сабырцæрæг адæмы ссæрибар кæныныл, йæ маргхæццæ уидæгтæ йын бындзарæй сыскъуыныныл. Ирон лæгмæ рагæй-æрæгмæ тæппуддзинад, æнæныфсхаст никуы ницы бар дардта.

Нæ хæстонтæ Украинæйы хъахъхъæнынц сабырцæрæг адæмы, нацистты ныхмæ хæцынц. Кæнæ сæрибар, кæнæ – мæлæт! О, ахæм нысанимæ цыдысты ивгъуыд æнусы цыппорæм азты райдианы, зæххыл æппæты карздæр æмæ æгъатырдæр хæстмæ Ирыстоны сагсур фæсивæд. Æмæ та нæ, стыр хъыгагæн, бахъуыд ацы нысанмæ тырнын. Ныр цалдæр мæйы Украинæйы цы сæрмагонд хæстон операци цæуы, уырдæм нæ фæсивæд цæуынц уæндонæй, æхсарджынæй, ныфсджынæй. Цæуынц, Уæрæсейыл апырх кæнынмæ цы рын хъавы – нацизм, уый ныххурх кæнынмæ, Райгуырæн бæстæ нацисттæй бахъахъхъæнынмæ. Æмæ тохы быдыры æвдисынц диссаджы сгуыхтдзинæдтæ.

Ирон адæм бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой æмæ бирæ туг ныккалдтой сæ зæхх, сæ нацийы, се ‘взаг æмæ традицитæ бахъахъхъæныны охыл. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæджы хæстæ æххæст кодтой Уæрæсейы, ССР Цæдисы знæгты ныхмæ тохты дæр.

Абон ам, Ирыстоны иумæ хъы-цъым кæнæм Дриаты Энверы фæзианы тыххæй. Рæстдзинады сæрыл йæ цард радтынмæ цæттæ кæй уыд, уымæй стыр кад скодта Ирыстонæн. Мах йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтам Ирыстоны æнувыд фырты, Уæрæсейы аккаг фырт, уарзон хъæбул æмæ æфсымæры.

Энверы хиуæттæн та мæ фæнды зæгъын, нæ фырт, не ‘фсымæр равдыста хъæбатырдзинад, йæ хæстон хæстæ æххæст кæнгæйæ, уый равдыста удвидардзинад æмæ знæгтæ ницы бафæрæзтой уыцы хъару басæттынæн.

Райсут нæ  зæрдæбын тæфæрфæстæ, Энвер Сæрмагонд операцийы рæстæджы кæй фæмард. Бузныг, ахæм гуырд кæй схъомыл кодтат, уый тыххæй…

Дриаты Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.