Цхинвалы уагъд æрцыд национ хореографийы Республикон фестивалы уæлахиздзауты хорзæхджын кæныны церемони. Республикæйы скъолаты хореографион коллективтæ концерты рæстæджы равдыстой кафынмæ сæ арæхстдзинад. Концерты æххæст æрцыдысты ахæм кафтытæ, куыд «Хонгæ кафт», «Симд», æмæ æндæртæ.

Жюрийы минæвæрттæ скъолайы ахуырдзаутæн æмæ фестивалы уазджытæн радзырдтой национ кафтыты змæлдтыты нысаниуæг, афтæ ма уыдон æххæст кæныны сусæгдзинæдтæ.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта РХИ-йы ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. «Мах нæ разы æрмæст ахæм нысан не ‘рæвæрдтам, цæмæй концерт равдисæм, фæлæ цæмæй равдисæм æцæг ирон кафт. Фестивалы хайадисджыты раз æнцон хæс æвæрд не ‘рцыд, фæлæ уыдон сæхи тынг хорз равдыстой», – банысан кодта министр

Гасситы чызг ма банысан кодта, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ тагъд рæстæджы РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад ауадза конкурс хореографион коллективты къухдариуæггæнджыты ‘хсæн. РХИ-йы культурæйы минстр Зассеты Жаннæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кæй ис тынг рæсугъд æмæ курдиатджын сывæллæттæ.

«Мæнæн тынг æхсызгон у, Ирыстоны арæнтæй ахизгæйæ, сывæллæтты ахæм стыр коллектив уæндонæй кæй ралæудзæни цыфæнды концертон сценæйыл дæр. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын фестивалы хайадисджыты ный-йарджытæн æмæ æввахс хиуæттæн, афтæ ма хореографион коллективты къухдариуæггæнджытæн», – загъта Зассеты чызг.

Жюри сын аргъ куыд скодта, уымæ гæсгæ, фыццаг къæпхæны лауреаттæ систы Цхинвалы 1-æм скъола æмæ гимназ «Альбион»-ы хореографион коллективтæ. Дыккаг къæпхæны диплом райстой Цхинвалы 5-æм скъола, æртыккаг та  9-æм æмæ 12-æм скъолаты коллективтæ.

Хореографион къордты къухдариуæггæнджытæ се ‘ппæт дæр хорзæхджын æрцыдысты арфæйы гæххæттытæй.

 

* * *

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны иумæйаг ахуыргæнæндæтты ахуырдзауты ‘хсæн нывкæнынæй цы Республикон нывты конкурс уагъд æрцыд, уый уæлахиздзаутæ æрцыдысты хорзæхджын.

Конкурсы хайад райстой 80 сывæллоны онг. Конкусы хайадисджыты куыстыты темæ баст уыд Нарты кадджыты æмæ ирон фысджыты уацмысты мотивтимæ.

Цалдæр этапы фæстæ, куыстытæн аргъ скæныны фæстæ киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд конкурсы хайадисджыты куыстыты равдыст æмæ конкурсы уæлахиздзауты схорзæхджын кæныны церемони.

Кокурсы уæлахидзауты схорзæджын кодта Парламенты национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæ-дыл Комитеты сæрдар Гæбæраты Юри.

«Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын конкурсы хайадисджытæн. Æнæ рæзгæ фæлтæрæй нацийæн нæй сомбон, æмæ мах архайдзыстæм, цæмæй сын алыварсонæй æххуыс кæнæм», – загъта Гæбæрайы фырт.

Конкурсы уæлахиздзаутæ систы 11-æм æмæ 6-æм скъолаты ахуырдзаутæ Джиоты Натали æмæ Хъуылымбегты Виктория, 3-аг бынат та бацахстой Сотиты Аланæ, Беппиты Азæмæт, Зассеты Эдуард æмæ Багаты Арсен.

Конкурсы хайадисджытæй иу, гимназ «Альбион»-ы 3-аг къласы ахуырдзау Тедеты Азæмæт радзырдта, аивады йын дарддæр цы плæнттæ ис, уый фæдыл. «Æз тынг уарзын ныв кæнын. Конкурсæн æз нынныв кодтон Нарты кадджытæй мæ уарзондæр хъайтар Сосланы. Ныфс мæ ис, иннæ хатт æз дæр кæй суыдзынæн нывты конкуры уæлахиздзау», – банысан кодта Тедеты лæппу.

Мадазл уагъд æрцыд рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон хъомылады программæ реализаци кæныны фæлгæтты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.