Куыд зонæм, афтæмæй 8-æм июны Мæскуыйы фембæлдысты Хуссар Ирыстоны Президенты цур Сывæллоны барты фæдыл æвджидар Джиоты Аэлитæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы сывæллæтты омбудсмен  Мария Львова-Белова.

Уым дыууæ фарсы минæвæрттæ æрфыстой сæ къухтæ Меморандумыл, кæцымæ гæсгæ Уæрæсейы Федераци æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны фарсæн. «Ацы Меморандумыл къухтæ фыст кæй æрцыд, уый не ‘хсæн æмахастытæ ракæндзæн æмгуыстады ног æмвæзадмæ. Документæн ис нормативон характер æмæ бæлвырд кæны райрæзты ног здæхт. Уым цы пункттæ нысан æрцыд, уыдон се ‘ппæт дæр здæхт сты сывæллоны бартæ, сæрибардзинад æмæ закъонон интерестæ хъахъхъæныны ‘рдæм.

Ацы барадон документы бындурыл июлы мæйы нæ республикæмæ æрцæудзæн специалисттæ УФ-йæ, цæмæй бынаты сахуыр кæной нæ проблемæтæ. Дыууæ фарсæрдыгæй дæр арæзт æрцæудзæн кусæгон къордтæ», – радзырдта Джиоты Аэлитæ «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры тыгъдады.

Уый ма куыд дзырдта, афтæмæй «Сывæллæтты бартыл дзурын хъæуы æрмæст сæ бæрæгбон нысан куы фæцæуы, уæд нæ, фæлæ æрвылбон дæр. Æрмæст ирхæфсæн мадзæлттæ фаг не сты. Се ‘рвылбонон царды та сæ цавæр фарстатæ тыхсын кæнынц, ууыл ныхас цыд нæ фембæлды УФ-йы омбудсменимæ. Уый нын ныфс бавæрдта хосгæнæндæттæм æмæ реабилитацион центртæм æрвитгæйæ Хуссар Ирыстоны сывæллæттæн проблемæтæ кæй нæ уыдзæнис. Сывæллæтты психолог, дефектолог æмæ  неврологтæ  бацæттæ кæныны тыххæй дæр ныфсытæ бавæрдта Мария Львова-Белова.

Джиоты Аэлитæ дзырдта цы стыр куыст æм æнхъæлмæ кæсы, уым кæй архайдзæн  счъилдысæй.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.