Аивгъуыйгæ мæйы нæ республикæйы цы егъау политикон, культурон æмæ спортивон цаутæ æрцыд, уыдæттыл 31-æм октябры нæ республикæйы информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры йæ брифингы рæстæджы æрдзырдта Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария.

Йæ раныхасы райдианы уый акцент сарæзта, æрæджы нæ республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли Санкт-Петербурджы ирон минæварады æрбакондыл 270 азы сæххæсты фæдыл цы культурон мадзæлттæ арæзт æрцыд, уым хайад кæй райста,  ууыл. Загъта, зæгъгæ, уæды рæстæджы дæр бæрæг тыхтæ къуылымпы кодтой ирон-уырыссаг ахастытæ сæндидзын кæныны хъуыддаг. Фæлæ, æппæт уыдæттæм нæ кæсгæйæ, ирон-уырыссаг фыццаг бадзырдтæ æрæвæрдтой бындур Уæрæсе æмæ Ирыстоны æфсымæрон ахастытæн. «Октябры мæйы кæрон Санкт-Петербурджы уагъд æрцыдысты Ирыстоны культурæйы бонтæ. Уым музеймæ æрбацæуджытæн æвдыст æрцыд скифаг сыгъ-зæрины экспозицитæ, афтæ ма цытджын изæры фæлгæтты Эрмитажы театры хъуыстысты ирон музыкæ-йы зæлтæ, кастысты дзы ирон поэты фыст æмдзæвгæтæ æмæ æххæст кодтой национ кæфтытæ. Уым нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли зынгæ ахуыргæндты, политикты æмæ культурæйы сферæйы къорд кусæджы схорзæхджын кодта майдантæй. Кады Орденæй схорзæхджын кодта Марияйы театры, йæ аивадон къухдариуæггæнæг Гергиты Валерийы та – «Петербурджы ирон минæварады бакондыл 270 азы сæххæсты» цытæн майданæй»,- фехъусын кодта Хъотайты Мария.

Нæ республикæйы Президенты Администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь æмæ РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади хайад райстой Дунеон экономикон форумы,кæцы уагъд цыд Донецкы Адæмон Республикæйы. Дыууæ бæстæйы экономикон рæзты министртæ къухтæ æрфыстой бадзырдыл дыууæ бæстæйы ‘хсæн базарадон хæдзæртты байгом кæныны тыххæй.

Октябры мæйы нæ республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр хайад райста «Рæстдзинад æмæ хæлардзинады тыххæй æмгуыстад»-ы форумы, кæцы уагъд цыд Хæххон Къарабахы горæт Степанакерты. Форумы ныхас кæнгæйæ, Медойты Димитр æрдзырдта Хуссар Ирыстон æмæ Сомихстоны историон ахастыты фæдыл.

Октябры мæйы Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыд Хуссар Ирыстоны Никарагуайы республикæйы минæвар Альба Асусена Торрес Мехия. Уый æууæнчы грамотæтæ радта Президент Бибылты Анатолийæн.

Афæдзы кæрон нæ республикæйы Хицауад йæ хъус фæдары, Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, уымæ. Хицауады рабадты рæстæджы нæ республикæйы Финансты министр фехъусын кодта, хъалонты æмбырдты нымæц фылдæр кæй у, уый. Ацы 9 мæйы нæ республикæйы бюджетмæ æрбацыд 753 милуан сомы бæрц. Уый у 40 милуанæй фылдæр, раздæры азимæ абаргæйæ. Бюджет цы хъалонтæй арæзт цæуы, уыдонæн сæ сæйрагдæр у куыстуæттæ æмæ организацитæй æфтиæгты хъалон.

Егъау политикон цауты æмрæнхъ уыдысты, куыд Хуссар Ирыстоны территорийыл уагъд спортивон цаутæ, афтæ республикæйæн æдтейæ  дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.