Дзæуджыхъæуы Мариинаг театры филиалы балетон труппæ ацы къуыри паддзахадон драмон театры хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæн фыццаг хатт равдыста Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ поэмæмæ гæсгæ æвæрд балет «Фатимæ» æмæ немыцаг драматург Патрик Зюскенды зындгонд уацмыс «Парфюмер»-мæ гæсгæ æвæрд балет. Нæ республикæйы культурон царды ног азы райдианы уый уыдис зынгæ цау, аивадуарзджытæ аккаг аргъ скодтой бæрзонд æмвæзадыл æвæрд спектаклтæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй нæ Хицауады сæрдар Джуссойты Константин паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта Дзæуджыхъæуы Мариинаг театры филиалы солисттæ, сæйраг балетмейстер æмæ дирижеры. Суанты Валери æмæ Албегаты Георгийæн лæвæрд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны «Культурæйы сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном, Малиты Азæмæт æмæ Виолетта Магомедхановайæн та радтой республикæйы сгуыхт артистты нæмттæ.

Дзæуджыхъæуы Мариинаг театры филиалы сæйраг балетмейстер Суанты Валери æмæ сценограф-нывгæнæг Найфонты Давиды йæхимæ райста нæ республикæйы Культурæйы министр Зæгъойты Рада. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой Культурæйы министрады пресс-службæйы.

Зæгъойты Рада йæ уазджытæн, фыццаджыдæр, арфæ ракодта театры разамынадæн маэстро Гергиты Валерийы сæргълæудæй, ирон культурæйы райрæзты хъуыддагмæ сæ хайбавæрд егъау кæй у, афтæ ма национ балет «Фатимæ»-йы сырæзты тыххæй дæр. Министр ма сæрмагондæй банысан кодта балет «Фатимæ»-йы равдыст хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæн кæй ссис нæ республикæйы æцæг егъау культурон цау, уый.

«Дзæуджыхъæуы балет «Фатимæ»-йы премьерон равдысты фæстæ, фыццаг Цхинвалмæ кæй æрхастат ацы балет, уымæн ис стыр нысаниуæг. Тынг мæ фæнды, цæмæй уæ гастролтæ Хуссар Ирыстонмæ уой арæхдæр», – загъта министр. Уый ма йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Суанты Валери йе сфæлдыстадон къордимæ егъау куыст бакодта, балет «Фатимæ»-йы сæвæрды хъуыддаг та Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны интеграцийæн стыр ахъаз у. «Ирыстоны ном балет «Фатимæ»-йы руаджы ноджы арæхдæр хъуысдзæн дунейы иууыл стырдæр культурон æмæ нысаниуæгджындæр фæзуæттæй», – загъта Зæгъойты Рада.

Суанты Валери дæр йæ рады бузныг æмæ арфæйы ныхæсты фæстæ банысан кодта, хорз сæ кæй суазæг кодтой æмæ ныфс бавæрдта дарддæры æмгуыстады тыххæй. «Махæн стыр æхсызгон у, дыууæ республикæйы культурон къæбицы кæй фæзынд национ балет «Фатимæ», уый. Афтæ хъуыды кæнын æмæ ацы хъуыддаг кæй у нæ республикæты ‘хсæн бæрзонд аивады æрфидары райдиан», – банысан кодта Суанты Валери.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ кодтой дарддæры æмгуыстады перспективæты тыххæй æмæ кæронбæттæны кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

КОЦТЫ Еленæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.