Стыр культурон цауыл банымайæн ис, ивгъуыд къуырийы Цхинвалы Цæцæны Республикæйы культурæйы бонтæ кæй ацыдысты, уый. Хуссар Ирыстонмæ гастролон балцы æртæ боны æмгъуыдмæ фæуазæг сты Грознæйы М. Лермонтовы но-мыл паддзахадон уырыссаг драмон театр æмæ кафты паддзахадон академион ансамбль «Вайнах», сæ сæргъ Цæцæны республикæйы Культурæйы министрады официалон делегаци, афтæмæй.

Уазджыты 10-æм марты йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны Хицауады сæрдар Джуссойты Константин. Фембæлды хайад райстой Цæцæны Республикæйы Культурæйы министры фыццаг хæдивæг Марет Байсарова, Цæцæны Республикæйы Культурæйы министры æххуысгæнæг Милана Зубайраева, Цæцæны Республикæйы культурæйы департаменты директор Якуб Малаев æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Рада. Джуссойты Константин, фыццаджыдæр, арфæйы ныхæстæ загъта уазджытæн æмæ банысан кодта, дыууæ республикæйы ‘хсæн хæларадон ахастытæ фидарæй-фидардæр кæй кæнынц æмæ уымæн та æвдисæн сты нæ иумæйаг культурон ма-дзæлттæ. «Мæнæн стыр æхсызгон у сымахыл Хуссар Ирыстоны зæххыл æмбæлын. Нæ культурон артдзæст – паддзахадон драмон театры райдыдтой Цæцæйнаг культурæйы бонтæ спектакль «Бэла»-йæ. Актертæ иттæг хорз ахъазыдысты сæ ролты æмæ спектаклæй райстон стыр æхцондзинад. Фæнды мæ Цæцæны Республикæйы къухдариуæгадæн стыр бузныджы ныхæс-тæ зæгъын, ахæм цымыдисон бæрæгбон кæй сорганизаци кодтой æмæ нæм кæй фæуазæг сты, уый тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы хъуыддаг кæй у нæ республикæты æхсæнрегионалон ахастытæ райтынг кæнынæн стыр ахъаз.

Культурæ у ахæм иугæнæг тых, кæцы æнгом æмæ æввахс кæны, кæрæдзимæ дæрддзæф чи цæрынц, уыцы адæмты. Махæн иумæйаг æвзаг ссарын у æнцон, уымæн æмæ нæ монон æргъадтæ сты æнгæс, кад æмæ аргъ кæнæм, бирæ æнусты чи нæ ферох, уыцы иухуызон традицитæн», – банысан кодта Хицауады сæрдар. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон кæй дары Цæцæны Республикæмæ хъарм, хæларадон ахаст 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты æмæ нын æфсымæрон æххуыс кæй бакодтой, уый тыххæй.

Цæцæны Республикæйы делегацийы сæргълæууæг Марет Байсарова йæ раныхасы Джуссойты Константинæн арфæ ракодта, хорз сæ кæй суазæг кодтой Хуссар Ирыстоны зæххыл, уый сæраппонд æмæ йæ фæхуыдта Цæцæны Республикæйы бонтæм. «Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министримæ фембæлды рæстæджы мах бадзырдтам, ныр та уæм мах кæй æнхъæлмæ кæсдзыстæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны культурæйы бонтæ ацæуой Цæцæны Республикæйы», – загъта Марет Байсарова.

Фембæлды Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Рада банысан кодта, Цæцæны культурæимæ кæй зонгæ кæнынц дунейы бирæ бæстæтæ æмæ кæддæриддæр цæстæвæрæнæн баззайынц æндæр адæмтæн. «Абоны бон зын уавæры ис Уæрæсейы Федераци, кæцымæ хауы Цæцæны Республикæ дæр. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, культурæ дарддæр цæры æмæ рæзы. Сымах уæхæдæг знон изæрæй уыдыстут æвдисæнтæ, хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæ уыл куыд зæрдиагæй сæмбæлдысты, уымæн. Уырны мæ, нæ бæрæгбоны иннæ мадзæлттæ дæр кæй ацæудзысты тынг хорз», – загъта министр. Уый ма банысан  кодта, Хуссар Ирыстонæн Цæцæны Республикæимæ рагæй фæстæмæ кæй ис хæларадон æмахастытæ æмæ уыдон дарддæр кæнын кæй хъæуы, уый. «Æз зонын, Цæцæны кæй ис Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисттæ, махмæ та Цæцæны республикæйы сгуыхт артисттæ. Уымæ гæсгæ, мах ноджы тынгдæр архайдзыстæм, цæмæй культурæйы къабазы æмгуысткæнынад фидар дæр кæна æмæ рæза. Майы мæйы Хуссар Ирыстон дæр цæцæйнаг сценæмæкæсджыты рæгъмæ рахæсдзысты хъæздыг æмæ цымыдисон культурон программæ. Абон мæ фæнды сымахæн стыр бузныг зæгъын уе ‘рцыд æмæ уæ бацæттæгонд цымыдисон программæйы тыххæй. Махмæ Цæцæйнаг Республикæйы культурæйы бонтæ уагъд цæуынц фыццаг хатт. Стыр ныхас мын ма рацæуæд, фæлæ уый нæ республикæйы царды у стыр культурон цау», – банысан кодта РХИ-йы Культурæйы министр Зæгъойты Рада.

Якуб Малаев Цæцæны Республикæйы Культурæйы министр Айшат Кадыровайы номæй арфæ ракодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн тынг хорз сæ кæй суазæг кодтой æмæ се ‘рцыд хæларадон, хъарм ахастытимæ кæй цæуы, уый сæраппонд.

Цытджын фембæлды кæрон Джуссойты Константин уазджытæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.